Æхсæрсæттæг
Перейти к навигации
Перейти к поиску
Æхсæрсæттæг кæнæ æхсæрæг, иннæ нæмттæ: тин, хуссар ныхасыздæхтыты тыртына (лат. Sciurus) у чысыл цæрæгой, æхсæр чи хæры, ахæм. Æхсæрсæтджытæ тынг арæхсынц бæлæстыл згъорынмæ.
Фольклор[ивын | Бындур ивын]
Æхсæрсæттæг у бирæ аргъæутты хъайтар. Адæмон аргъæутты бындурыл Алыксандр Пушкин дæр фыста диссаджы æхсæрсæттæджы тыххæй:
- Галуаны цур заз æрзад,
- Уый бын авг хæдзар амад,
- Уым цæры æрмæст æхсæрæг
- Æмæ исты нæу хуымæтæг!
- Диссаг зарджытæ цæгъды,
- Алкæд йе ’хсæртты сæтты,
- Диссаг, диссаджы æхсæрттæ, —
- Сты сызгъæринæй сæ цъæрттæ...
- «Аргъау паддзах Салтаныл...»