Æрхонкæ
Станицæ | |||
Æрхонкæ | |||
---|---|---|---|
уырыс. Архонская | |||
|
|||
43°07′00″ с. ш. 44°31′00″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Уæрæсе | ||
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон | ||
Муниципалон район | Горæтгæроны район | ||
Сæргълæууæг | Александр Лысоконь | ||
Истори æмæ географи | |||
Бындурæвæрд | 1838[1] | ||
Раздæры нæмттæ | Къардон[2][3] | ||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ | ↘8138[4] адæймаджы (2023) | ||
Национ сконд |
уырыссæгтæ (70%) ирæттæ (27%) |
||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +7 86739 | ||
Посты индекстæ | 363120 | ||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Æрхонкæ, раздæры ном — Къардон (уырыс. Архонская, Архонка дæр) у Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы станицæ Джызæлдоны былтыл, кæддæры Орджоникидзейы районы административон центр. Цæрынц дзы 7,8 мин адæймаджы (2005).
Станицæйы бындур сæвæрдтой Чысыл Уæрæсейы хъазахъхъаг полчъы хъазахъхъæгтæ 1838-æм азы[5]. XIX æнусы дзы куыста æмбæрзæн агуритæ уадзæн завод, цæугæдоныл цалдæр куыройы.
Станицæйы æфсæддонты ’хсæн уыдысты Георгийы дзуары æртæ æххæст кавалеры: Сергей Богомаз, Илларион Бондарев, Стефан Калашников. Революцийы фæстæ архонскæйæгтæ хæцыдысты большевикты ныхмæ. 1920 азы станицæйы атаман Павел Василенко кæдæмдæр фесæфти æмæ фæстæдæр большевикты цур скуыста. 1920 азы 18 январы хъазахъхъ равзæрстой Григорий Кикоть куыд сæ ног атаман. Афтæмæй Кикоть сси Æрхонкæйы фæстаг атаман. Уыцы азы 24 мартъийы сырхæфсæддонтæ байстой станицæйы.
Станицæйы цæрджытæй 70% сты уырыссæгтæ (сæ фылдæр хъазахъхъаг равзæрдæй), 27% — ирæттæ, 3% — иннæтæ[6].
Культурæ
[ивын | Бындур ивын]Æрхонкæйы ис Культурæйы хæдзар, сывæлæтты музыкалон скъола, библиотекæ æмæ Спорты галуан.
Æрхонкæйы хъазахъхъæгтæ хъахъхъæнынц сæ зарæджы традицитæ: ис дзы дыууæ зындгонд коллективы — Хъазахъхъаг адæмон хор æмæ Хъазахъхъаг зарæджы ансамбль «Станицæ».
Къамтæ
[ивын | Бындур ивын]-
Станицæмæ бацæуæн
-
Зæронд скъолайы агъуыст
-
Станицæйы уынд быдырæй
-
Станицæйы бон (1998)
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Æрхонкæйы тыххæй сайт (уырыс.)
- Артдзæст. Архонская
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Горæтгæрон районы официалон сайт // Административон дих(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- ↑ Дзесты Куыдзæг. Нæ буц хистæртæ
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. Ф. 460
- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ Образовательный проект - Моя Кубань(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 17 декабры. Архив 2008-æм азы 19 декабры.
- ↑ 2002 азы сфыстмæ гæсгæ.