Зæппадз
Внешний вид
![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/f/fb/Tsamad1.jpg/300px-Tsamad1.jpg)
Зæппадз (ноджы ма дзурынц дзæппаз) — мардæвæрæн дурамад агъуыст. Иу зæппадзы арæх ныгæдтой цалдæр адæймаджы иу мыггагæй.
Археологтæ зæппадзтæ классификаци кæнынц:
- æвæрдмæ гæсгæ — æрдæгзæххыбын æмæ зæххыуæле;
- уæлхæдзары арæзтмæ гæсгæ — пирамидалон-асинджын æмæ дыууæуырдыг (асинджын кæнæ лæгъз).
Уыдоны уæлдай ма фенæн ис æндæр хуызтæ.
Зæппæдзтимæ баст и бирæ таурæгътæ. Уыцы таурæгътæм гæсгæ, раджы заманы бæстыл рын куы схæцыдис, уæд-иу чи фæрынчын, уыдон сæхæдæг зæппадзмæ бацыдысты æмæ уым сæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кастысты.
Ирыстоны æппæты зындгондæр зæппæдзты æмбырд ис Дæргъæвсы.