Æвзæндаг
Внешний вид
Æвзæндаг[1] (æвзонг + дуаг/дауæг) у кувæндон (стыр дур) Куырттаты комы Къорайы сæрмæ.
Æвзæндаджы бæрæгбон вæййы Джеоргуыбайы фæстæ фыццаг къуырисæры.[2]
Таурæгъ
[ивын | Бындур ивын]Æвзæндаг уыди лæг. Царди кувæндон кæм и, гъе уым. Иу комæй иннæ коммæ чидæриддæр цыди, уый уыцы-иу бауазæг кодта, иу фæндаггон дæр нæ раздæхта. Фæлæ йæм иу æнаккаг лæг алы бон дæр цыди Урсдонæй, хæрынмæ. Æмæ дзы куы сфæлмæцыди, уæд Хуыцаумæ скуывта, цæмæй йæ фæцæфдур кæна. Æмæ йæм адæм куы фæкувынц, уæд афтæ фæзæгьынц: «Фæндаг нын ратт, фæндаджы бар дæумæ и».[3]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Цагаева А. Дз. Топонимия Северной Осетии — Владикавказ: Ир, 2010 — с. 623.
- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.
- ↑ Сокаева Д.В. Легенды и предания осетин: Монография. УРАН Сев.-Осет. ин-т гум. и соц. исслед. им. В.И. Абаева. Владикавказ: ИПО СОИГСИ, 2009. 179 с.