Перейти к содержанию

Чакалтая

16°20′47″ ю. ш. 68°07′44″ з. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Чакалтайæ-æй æрвыст)
Чакалтая
исп. Chacaltaya
Кæм ис
16°20′47″ ю. ш. 68°07′44″ з. д.HGЯO
Ран Боливи
Хохы системæ Андтæ
Характеристикæтæ
Бæрзæнд 5421 м
Чакалтая (Боливи)
Чакалтая
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Чакалтая (исп. Chacaltaya, кечуæ Chakaltaya, айм. Chaqaltaya) у хæххон рагъ Боливийы, йæ бæрзонд хæццæ кæны 5421 м, зыны дзы цад Титикакæ. Цъупп æвæрд у 30 км сахар Ла-Пасæй. Чакалтая у Хуссар Америкæйы хæхтæй уæлоздæртæй иу, йæ цъити фыццæгтæй райдыдта тайын боныхъæды ивды тыххæй. Цъити сæвзæрыдис 18 милуан азы размæ, фæлæ 1980-æм азæй райдыдта тайын æмæ дзы фæцух ис 80 %. Æнхъæл сты æмæ 2010-æм азы кæронмæ цъити æнæхъæнæй фесæфдзæн.[1]

Хæххон курорт

[ивын | Бындур ивын]
Къахдзоныгъты курорт

Хох Чакалтая у иунæг къахдзоныгъты курорт Боливийы. Ай у цæгатагдæр курорт Хуссар Америкæйы, рæтæн фæндагæй лæггадгонд кæм цæуы ахæм курорттæй тæккæ уæллоздæртæй иу, у тæккæ хæстæгдæр экватормæ. 1939-æм азы ам сарæзтой Хуссар Америкæйы фыццаг бугелон хæрдмæисæн (уырыс. подъемник) автоматикон тырнæнимæ. Тынг уазал боныхъæды тыххæй зымæджы хæрдмæисæн ноябрæй мартъимæ кусы афтиддæр фæлладуадзæн бонты. Курорт сарæзта æмæ ныры онг дары Club Andino Boliviano, фæлæ глобалон фæхъармы тыххæй дæлдзырæтты азон нымæц бирæ фæкъаддæр æмæ хæххон къахдзоныгъты спортæн бæзгæ бынæттæ дзæвгат фæкъуындæг сты.[2]

Обсерватори

[ивын | Бындур ивын]
Чысыл хайты детектор Чакалтаяйы обсерваторийы

5220 м бæрзæндыл лæууы Чакалтаяйы астрофизикон обсерватори (исп. Observatorio de Física Cósmica), пайда дзы кæнынц æнæхъæн дунейы бирæ университеттæ. Ацы обсерватори ахсы ахъаззаг бынат Гамм рухскалды иртасыны.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Farewell to a melting glacier. BBC News. Датæ: 2008-æм азы 22 июлы.
  2. Bolivian ski resort facing a snowless future. International Herald Tribune. Датæ: 2008-æм азы 22 июлы. Архив 2007-æм азы 6 февралы.
  3. Developing Basic Space Science World-Wide: A Decade of Un/Esa Workshops. Датæ: 2008-æм азы 22 июлы.