Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны район
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Рарвыстæуыд ацы статьяйæ: «Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон район»)
| Паддзахад | Уæрæсе |
| Статус | Муниципалон район |
| Кæй сконды у | Цæгат Ирыстон |
| Административон центр | Октябрыхъæу |
| Районы сæргълæууæг | Джиоты Георгий |
| Цæрджытæ (2009) | ▲ 104 419 |
| Фæзуат | 1460 км² (2-æм бынат) |
| Сахатон таг | +3 |
| Телефонон код | 86738 |
| Автомобилон код | 15 |
| Официалон сайт | |
Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны район, уый дæр Сахаргæроны район, (уырыс. Пригородный район Северной Осетии) у Цæгат Ирыстоны скæсæйнагдæр район. Йæ фæзуат у 1,46 мин кв. Йæ административон центр у Октябрыхъæу. Цæрджытæ: 102,3 мин адæймаджы (2005).
1944 азмæ, мæхъæлон адæмы депортацийы онг, Цæгат Ирыстоны Горæтгæроны районы хай Дзæуджыхъæуæй скæсæнырдæм уыд Мæхъæлы район. 1992-æм азы уый сси ирон-мæхъхъæлон конфликты аххос. Уыцы конфликт бынтон æрфидауын нырмæ нæ бантысти.
Районы административон дих у ахæм:
- Архонскæйы хъæууон цæрæнран (станицæ Архонскæй)
- Дæллаг Санибайы хъæууон цæрæнран (Дæллаг Саниба)
- Дæргъæвсы хъæууон цæрæнран (Дæргъæвс, Фæзыхъæу, Ламардон, Джимара, Хъахъхъæдур)
- Донгæроны хъæууон цæрæнран (Донгæрон)
- Джызæлы хъæууон цæрæнран (Джызæл)
- Иры хъæууон цæрæнран (Ир)
- Камбилеевкæйы хъæууон цæрæнран (Камбилеевкæ)
- Комгæроны хъæууон цæрæнран (Комгæрон)
- Куырттаты хъæууон цæрæнран (Куырттат, Дачнæй)
- Майскæйы хъæууон цæрæнран (Майскæй)
- Михайловскæйы хъæууон цæрæнран (Михайловскæй, посёлок Алханчурт, посёлок Первомайский)
- Ногиры хъæууон цæрæнран (Ногир)
- Октябрыхъæуы хъæууон цæрæнран (Октябрыхъæу)
- Сунжæйы хъæууон цæрæнран (Сунжæ)
- Тарскæйы хъæууон цæрæнран (Тарскæй)
- Уæллаг Санибайы хъæууон цæрæнран (хъæу Уæллаг Саниба)
- Хъæрмæдоны хъæууон цæрæнран (Хъæрмæдон, Зæронд Саниба, Уæллаг Хъæни, Дæллаг Хъæни, Тменыхъæу)
- Хъобаны хъæууон цæрæнран (Хъобан)
- Чермены хъæууон цæрæнран (Чермен)