Хуссар Ирыстоны тырыса

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хуссар Ирыстоны тырыса

Хуссар Ирыстоны тырыса у расткъуымон кæттаг, паддзахадон символтæй иу.

Тырысайы сфæлдисæгтыл нымайынц Цоциты Алан æмæ Гаглойты Юрийы. Уымæ гæсгæ Гаглойты Юри уыди, йæ хуызтæ чи разæрæвæрдта, уый, Цоциты Алан та уыцы хуызтæй йæ организаци «Адæмон Ныхасы» триколорджын нысан сарæзта. Фæстæдæр уыцы триколорæй пайда кæнын райдыдта æппæт хуссарирыстойнаг адæмон-сæрибæргæнæн змæлд, æмæ афтæ, Хуссар Ирыстон йæ суверенитет куы расидта, паддзахадон нысан сси.

Фыццаг хатт тырыса рæвдыстауыд 1987-æм азы, Цæгат Ирыстоны Нары, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны банысан кæныны рæстæджы.

Тырысайы æртæ хуызы нысан кæнынц: урс — монон сыгъдæгдзинад, рухс фидæн, сырх — хæстон хъæбæтырдзинад æмæ тых, бур — фарн æмæ бæркады нысан[1]. Йæ авторты хъуыдымæ гæсгæ тырысайы хуызтæ æвдисынц рагон индоевропæйæг æхсæнæды æртæкъæпхæнон арæзтад: дзуарылæгтæ сты урс, хæстонтæ сты сырх æмæ хуымæтæг кусджытæ сты бур. Нарты кадджыты æмæ ирон фольклоры дæр æй фенæн ис: Нарты Алæгатæ сты урс хуызы хæсджытæ, Æхсæртæггатæ сты сырх, æмæ Боратæ сты бур.

Хуссар Ирыстоны 19 сентябры бæрæг кæнынц Паддзахадон тырысайы бон.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]