Хормозган
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Хормозган Ираны остан استان هرمزگان |
|
|---|---|
| Ран | |
| Статистикæ | |
| Сæйраг сахар: | Бендер-Аббас |
| Стырдæр сахартæ: | |
| Фæзуат: | 70 669 км² |
| Цæрджытæ (2005): • Æнгомдзинад: |
1 114 667 • 18,6/км² |
| Шахрестанты нымæц: | 11 |
| Сахатон таг: | UTC+3:30 |
| Æвзаг: | фарси белуджиаг араббаг |
Хормозга́н (перс. هرمزگان - Hormozgân) у Ираны остантæй иу, ис паддзахады хуссары, денджызгæрон. Йæ сæйраг сахар — Бендер-Аббас.
Остан Хормозганмæ хауынц Персы бакæлæны 14 сакъадахы, уыдонæй сакъадах Киш у зындгонд курорт.
Хормозган у ахсджиаг экономикон район. Ис дзы 11 порты, 5 мидæг аэропорты, 3 æхсæнадæмон аэропорты. Размæцыд хъæууон хæдзарад дæтты, æндæр продуктты ’хсæн, æппæт Ираны провинцитæй фылдæр лимонтæ. Ираны цы кæсаг ласынц, уымæй 30% — Хормозганы.