Токугава Ёсинобу
Токугава Ёсинобу | |
---|---|
яп. 徳川 慶喜 | |
| |
Японы сёгун
|
|
1866 — 1868 | |
Раздæр чи уыд | Токугава Иэмоти |
|
|
Райгуырдис |
1837-æм азы 28 октябры[1] Эдо |
Амардис |
1913-æм азы 22 ноябры[2] (76 азы) Бункё, Токио |
Ныгæныны бынат | |
Мыггаг | Токугава |
Гуырæн ном | яп. 松平七郎麻呂 |
Фыд | Токугава Нариаки |
Мад | Ёсико |
Æмкъай | Токугава Микака |
Ахуырад | |
Къухæрфыст | |
Хорзæхтæ | |
Хуындад | сёгун[d] |
Викикъæбицы медиа |
Кънйаз Токугава Ёсинобу (яп. 徳川 慶喜, 1837-æм азы 28 октябры — 1913-æм азы 22 ноябры) уыдис Токугавайы династийы 15-æм æмæ Японы фæстаг сёгун, зындгонд ма у куыд сёгун Кэйки.
Архайдта Японы бæстæ среформæтæ кæныныл. Йæ политикæйы мидæг Токугава æнцой кодта Францыл, йæ ныхмæлæуджытæ та — Стыр Британи æмæ АИШ-ыл.
Мэйдзийы Революцийы рæстæджы, 1867-æм азы, Токугавайæ байстæуыд тыхбар. Раппæрсты фæстæ йæ сургæ нæ кодтой, фæлæ йæхæдæг дæр паддзахады æхсæндзарды хъуыддæгты нал архайдта.
Политикæйæ куы ацыдис, уæд Токугава йæ зæрдæ лæвæрдта цуанæн, фат æхсынæн, къамтæ исынæн æмæ велосипедыл бадынæн.
1902-æм азы император Мэйдзи радта Токугавайæн йæхи дворяйнаг мыггагæн бындур æрæвæрыны бар æмæ йын Японы сæраппонд æнувыд куысты тыххæй балæвæрдта кънйазы уæлдæр титул.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Tokugawa Yoshinobu // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Bibliothèque nationale de France Yoshinobu Tokugawa // идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.