Тигр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Тигр
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Æхсырæйхæсджытæ
Къорд: Хомхортæ
Бинонад: Гæдыхуызтæ
Мыггаг: Пантерæтæ
Хуыз: Тигр
Латинаг ном
Panthera tigris, Linnaeus (1758)
Ареал
къам
ITIS 183805
NCBI 9694

Тигр (лат. Panthera tigris) — æхсырæйхæсгæ тугдзых гæдыты мыггаджы хуыз, у дæлмыггаг стыр гæдытæм хаугæ пантерæты (лат. Panthera) мыггаджы цыппар минæварæй иу. Ныхас «тигр» цæуы бердзенаг æвзагæй (рагон грекъ. tigris), уый та йæхæдæг цæуы рагперсайнаг *tigri, уидагæй «*taig» нысаниуæгимæ «цыргъ; цырд».[1][2][3] Цалдæр ирон ныхасыздæхттыл ныхас «тигр»-ы бæсты дзурынц ныхас «стай», афтæ гуырдзиаг национ эпос «Стайыцармдарæджы» ирон тæлмацы гуырдз. ვეფხვი (вепъхи — тигр) тæлмацгонд у куыд "стай", фæлæ нырыккон литературон ирон æвзаджы стай у æндæр цæрæгой.

Ацы хуызы минæвæртты æхсæн æмбæлынц мыггаг гæдыты егъаудæр цæрæгойтæ. Тигр у уæлзæххон тугдзых сырдтæй егъаудæртæй иу, уæлдай уадзы массæйæ æрмæстдæр урс æмæ тарбур æрсыты. Бæрæггонд æрцыдысты фараст тигрты дæлхуызы, уыдонæй XXI æнусы райдайæнмæ баззадысты æрмæст æхсæз — сæ иумæйаг æмтгæй райсгæ нымæц иу 4000-6500 уæвæгойы[4], уыдонæй тæккæ бирæнымæцон дæр у бенгайлаг тигр (номинативон дæлхуыз), иумæйаг популяцийы ахсы 80 %.

XX æнусы бахастæуыд Æхсæнадæмон Сырх чиныгмæ æмæ Уæрæсейы Сырх чиныгмæ, æмæ æндæр бæстæты хъахъхъæнæн документтæм. 2010-æм азы уавæрмæ гæсгæ тигртыл цуан æппæт дунейы дæр хъодыгонд у.

Иртæсты истори[ивын | Бындур ивын]

Тигры фыццаг зонадон афыст скодта Карл Линней йæ куысты «Systema naturæ», уыцы афысты йын радта ном Felis tigris[5]. Фæстæдæр, 1858-æм азы уырыссаг натуралист Николай Северцов сфыссы ацы хуыз куыд Tigris striatus. 1867-æм азы бритайнаг зоолог Джордж Грей йæ сфыссы куыд Tigris regalis. 1929-æм азæй райдайгæйæ, тигры бахæссынц пантерæты мыггагмæ[6].

Филогени[ивын | Бындур ивын]

Тигры стæгдар

Тигры хуызы эволюцийы тыххæй сæйраг бæрæггæнæнтæ райстæуыд зæххæй къахгæ баззайæгты анализмæ æмæ молекулярон филогенетикæйы иртæстытæм гæсгæ.

Кладистикон анализы базæйы бæлвырдгонд æрцыдис, хуызы сæвзæрды æмæ апарахаты центр æвæрд кæй у Скæсæн Азийы.

Тигры зæххæй къахгæ баззайæгты реконструкци рæнхъ аххосæгтæм гæсгæ у дзæвгар зын: палеонтологион ссарæггæгты къаннæг нымæц, кæдон арæхдæр вæййынц тынг фрагментацигонд; æрмæджыты счизийы æвæццæгæнад æндæр хæстæгон хуызты баззайæгтæй æмæ арæх ссарæггæгты æнæдырыс датировкæ.

Тигры рагондæр къахгæ баззайæгтæ ссардæуыд цæгатаг Китайы æмæ сакъадах Явæйы.[7][8]. Тигрмæ хæстæг фыдæлтыккон формæ «Panthera palaeosinensis» уыдис йæмæ абаргæйæ чысыл гæды, цардис Цæгатаг Китайы облæст Хэнаны плиоцены кæронæй плейстоцены райдайæнтæм. Ацы цæрæгойы ас уыдис æхсæйнаг нырыккон индиаг леопардты æмæ Зонды архипеладжы цæрæг тигры дæлхуызты астæу. Гæнæн ис, æмæ «Panthera palaeosinensis» уыдис леопарды егъау формæ кæнæ иумæйаг фыдæл дыууæ кæнæ фылдæр хуызæн нырыккон «Panthera»-ты мыггагæй. Хуыз Panthera palaeosinensis-ы дырыс таксономион уагæвæрд домы æххæстгæнæн иртæстытæ.

Тигры рагон къахгæ баззайæгтæ ма ссардæуыдысты Явæйы Джетис сывæлдæгты æмæ сын датировкæ лæвæрд æрцыдис 1,66-æй 1,81 милуан азы. Афтæмæй, дыууæ миллуан азы размæ, плейстоцены, тигр уыдис уæрæх хæлиугонд скæсæны Азийы, цардис ма сакъадæхты Борнео æмæ Палаван[9]. Нымадтой раздæр, тигры равзæрды территори нырыккон цæгатаг Китай кæй уыдис, фæлæ фæстаг палентологион бæрæггæнæнтæ æвдисынц йæ ареал бирæ уæрæхдæр кæй уыдис, уый. Палеонтологты хай нымайынц æмæ ацы хуызы равзæрынæн нæ хъуыдис цæмæй йæ фыдæл хуызтæ Маньчжуры хуызон къаннæг участокыл цардаиккой. Морфологион æмæ генетикон дивергенцийæн фыдæлтыккон æмæ хæстæг хуызтæй хъуыдис афтиддæр хицæн популяциты изоляци, уый та гæнæн ис æмæ æрцыдаид алыхуызон рæстæджы æмæ алыхуызон бæстыхъæдимæ æмæ рельефимæ участокты хуссарскæсæйнаг Азийы[8].

Тигры æмæ йæ аллыхуызон дæлхуызты фæзынды филогенетикон варианттæ
McKenna & Bell, 1997 и Nowak, 1991[10].

Panthera palaeosinensis




Panthera schreuderi


† Æбæрæг фыдæл (Panthera tigris)


P. t. acutidens




P. t. amoyensis



P. t. tigris



P. t. virgata



P. t. altaica



P. t. corbetti



P. t. jacksoni






P. t. trinilensis



P. t. sumatrae



P. s. sondaica



P. t. balica






Panthera palaeosinensis




Panthera schreuderi


† Æбæрæг фыдæл
(Panthera tigris)


P. t. acutidens




P. t. amoyensis



P. t. tigris



P. t. virgata



P. t. altaica



P. t. corbetti



P. t. jacksoni






P. t. trinilensis



P. t. sumatrae




P. s. sondaica



P. s. sondaica



P. s. balica






Ахастмæ гæсгæ бирæнымæцон тигры къахгæ баззайæгтæ, датировкæгонд цæуынц периодтæй рагафонæй æрæгмæ плейстоцены, бæрæг сты Китайæ, Суматрæйæ, Явæйæ; Индийы, Алтайы, Сыбыры æмæ æндæр районты тигртæ фæзындысты афтиддæр плейстоцены кæрон. Ноджы дæр ма ссардæуыдысты цалдæр стыр гæдыты ссарæггæгтæ, кæдон классификацигонд æрцыдысты куыд тигртæ, скæсæйнаг Берингийы территорийы, фæлæ уæддæр тигры къахгæ баззайæгтæ Цæгат Америкæйы территорийыл нырмæ бæрæггонд нæма æрцыдысты. Æхсайнаг асæй къаддæр тигртæ палеонтологион бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрæгмæ плейстоцены цардысты Японы æмæ Сахалины. Ацы дæлхуызты къаннæгтæр ас, раст нырыккæтты хуызæн Зонды архипелагæй, æмбæрстгонд цæуы сакъадахон къаннæгдзинады фæзындæй.

Амураг тигры цæст

Абаргæ-анатомион иртæстытæм гæсгæ, тигрты æхсæйнаг ас плейстоценæй ныры дугмæты периоды фæкъаддæр (амураг тигрты ацухкæнгæйæ, уыдоны æхсæйнаг ас нæ баивта). Ацы фæзынд у характерон плейстоценаг æхсырæйхæссджытæн æмæ бæрæг кæны алыварслæууæг æрдзы сезонон биопродуктивносты фæныллæг, кæнæ хомхорты равджы та æнцонвадат æфтиаджы æхсæйнаг асы фæкъатдæрдзинады тыххæй. Тигры голоценон байзæдтæгтæ бæрæг сты Явæйæ æмæ Калимантанæй, фæстаг сакъадахы тигр сыскъуыдис нæ дуджы æрцыды размæ[9].

Молекулярон-филогенетикон бæрæггæнæнтæ, райсдæуыдысты алыхуызон методты æххуысæй, фидар кæнынц æнгом хæстæгон бастдзинæдтæ Panthera мыггаджы æхсæн, æмæ бæлвырд кæнынц, хуыз тигр кæй ахицæн иумæйаг фыдæлтыккон къабазæй 2 миллуан азы размæ, цомахъæй, леопардæй æмæ ягуарæй бирæ раздæр. Афтæмæй, палеонтологион æмæ молекулярон-биологион бæрæггæнæнтæ тигры равзæрды тыххæй кæрæдзийы бæлвырд кæнынц[9].

Кæд молекулярон-биологион бæрæггæнæнтæм кæронмæ бæлвырдгонд нæма æрцыдис, скæсæйнаг Ази кæй у раст уыцы регион, кæм æрцыдис хуызы хицæндзинад иумæйаг фыдæлтыккон бинонтæй, ис бирæ æвдисæйнæгтæ, кæдонмæ гæсгæ уайы, раст ардыгæй тигртæ кæй райдыдтой парахат кæнын цæгат æмæ цæгатскæсæйнаг Азимæ æмæ Берингимæ, æмæ хуссармæ Зонды архипеладжы сакъадæхтæм, Индийы субконтиненты арæнтæм. Тигры ахастмæ гæсгæ æрæгмæ фæзынд Индийы бæлвырдгонд цæуы уымæй дæр, æмæ тигртæ кæй нæ цæрынц сакъадах Шри-Ланкайы, уый уыдис материккæй хицæнгонд дунеон океаны уæлæмæ сцыдæй голоцены райдайæны. Палеонтологты цæстæнгасы астæу ис цавæрдæр хицæндзинæдтæ, нæ фидауынц тигртæ куыд æрцардысты централон æмæ хуссарныгуылæйнаг Азийы (каспиаг тигры ареал): иртасджыты иу хай нымайы кæй æрбафтыдысты уырдæм цæгатскæсæйнаг Индийæ, иннæ хай та — Сыбырæй нырыккон Хъазахстаны хуссарскæсæйнаг районтыл[8].

Зоогеографион бæрæггæнæнтæм гæсгæ æмæ ныры рæстæг уым кæй нæ цæрынц уымæ нæ кæсгæйæ, тигртæ хъуамæ цардаиккой сакъадах Калимантаны; фæлæ ссарæггагтæ, кæдон уый бæлвырд кæнынц сты цасдæр гуырысхойæгтæ. Фæлæ уæддæр туземцтæ знæм бисайайæ дзурынц, цы ссыртæ сæм ис, уыдон кæй сты хъæддаг тигрты, фæстæгтæ дзы мард æрцыдысты ацы туземецты фыдæлтæй 4-7 фæлтæры размæ. Уый дзуры ууыл æмæ тигр Калимантаны кæй сыскъуыдис иу 200 азы размæ. Калимантаныл тигртæ кæй уыдис ууыл ма дзуры дæндаджы ссард дæр лæгæт Ниайы сакъадахы малайзиаг хайы (Саравак), неолиты рæстæджы сывæлдæгты[8].

Æддаг бакаст[ивын | Бындур ивын]

Амураг тигр 183 см ас адæймагимæ абаргæйæ.
Бенгайлаг тигр 183 см ас адæймагимæ абаргæйæ.

Тигр у егъаудæр æмæ уæззаудæр æппæт хъæддаг гæдыты æхсæн, фæлæ йæ алыхуызон дæлхуызтæ тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ асæй æмæ буары массæйæ. Тигры материкон дæлхуызтæ сты сакъадахонтæй дынджырдæр. Тæккæ егъаудæртæ сты индиаг (бенгайлаг) æмæ амураг (сыбыраг, уссуриаг) дæлхуызтæ. Амураг нæл тигрты бон у дæргъмæ айрæзын 3,5 метрмæ æнæ къæдзилæй æмæ хицæн равгты сæ уæз хæццæ кæны 300 кг онг.[11]. Æхсайнагæй та амураг нæл тигртæ дæргъмæ æнæ къæдзилæй вæййынц 190-220 см, буары æхсайнаг уæзимæ 180-275 кг (тигры къæдзилы дæргъ арæхдæр вæййы 60-110 см)[12].

Буары дæргъ æнæ къæдзилæй аллы хуызон дæлхуызты æхсæн æнкъуысы 1,4 м — 3,5 м онг. Къæдзил 60-90 (амураг тигрæн 110-115 см онг[13]).

Йæ бæрзæнд мæсыгмæты 1,15 м. Хъомыл нæл æрдзы арæхдæр фæласы 180-æй 250 кг (бенгайлаг æхсæйнагæй — 220 кг; Цæгатаг Индийы æмæ Непалы цæрæг бенгайлаг — 235 кг бæрц.)[11]. Сыл тигртæ сты бирæ къаддæр нæлтæй, амураг [14] æмæ бенгайлаг дæлхуызты массæ хæццæ кæны 100-181 кг.

Æппæт уæваг тигрты дæлхуызтæ нымайгæйæ, нæлы æхсæйнаг уæз у 180-200 кг, сылы — 120-140 кг.

Тигры сæрыкъуыдыры кондилобазалон дæргъ у 200 мм фылдæр. Фындзы сджыты фæстаг кæрæттæ бацæуынц уæллаг æфсæрты стджыты æмвæзы фæстæмæ.[14]

Хомыл тигр, раст иннæ гæдыты хуызон, у 30 дæндаджы хицау. Уæллаг æмæ дæллаг æфсæртыл фæйнæ 6 раззаг дæндаджы, 2 ссыры; уæллаг æфсæрыл 3 премоляры æмæ 1 моляр; дæллаг æфсæрыл 2 пермоляры æмæ 1 моляр. Дæндагон формулæ: .

Хорз размæцыд сты ссыртæ, сæ дæргъ хæццæ кæны 8 см онг[14], æххуыс кæнынц тигрæн амæттаг марын. Даргъ æмæ цæрдæг æвзаджы фæрстыл ис сæрмагонд къуыбыргондтæ, æмбæрзт сты ныхъхъæбæргонд эпителæй æмæ фадат дæттынц хицæн кæнын амæттаджы стæгдарæй дзидза. Уыцы къуыбыргондтæ ма ахъаз сты тигрæн хи хсгæйæ.

Тигры хуызы сæйраг тон æнкъуысы æзгæ-сырхæй æзгæ-морæхуызмæ; гуыбын, риу æмæ дзæмбыты мидуæлцъартæ сты ирд. Ноджы ма хъусты цæгаты ис ирд фæнысæнттæ. Буар у тӕгтӕй æмбæрзт, сæ хуыз ивы морæхуызæй — сатæг саумæ. Сæ формæ æмæ дæргъ алы дæлхуызтæн дæр у сæрмагонд, фæлæ тигрты фылдæрæн вæййы 100 тагæй фылдæр[14].

Амураг тигр

Тагты равæрд у уникалон аллы хицæн сырдæн дæр, уымæ гæсгæ дзы ис бæрæг кæнын хицæн индивидты, раст адæймаджы æнгуылдзты фæдты хуызæн. Ацы хицæндзинадæй фæпайда кæнынц иртасджытæ, æрдзы мидæг сæ цæст куы фæдарынц хицæн сырдтæм, уæд.

Тæлмты сæйраг функци — тугдзыхы маскировкæ цуаны рæстæг.

Тигры характерон хуыз у ахъаззаг пыхсбыны, уым йæ уадзы æнæфиппайдæй уæвын. Алыхуызон географион уавæртæм гæсгæ ивы, æмæ у сæйраг мадзал тигрты дæлхуызтæ хицæн кæнынмæ. Хъулон ныв канд хъуыныл конд нæу, фæлæ ма суанг цъарыл дæр ис, æмæ сырдæн йæ къуымбил куы æрдасай, уæддæр фæстæдæр разайгæ хъуыныл рацарæзт вæййы фыццагон ныв.[15]

Тигры буар у массивон, даргъгонд, мускулджын, тасаг. Къæдзил даргъ, æмбæрцæй хъуынæй æхгæд. Сæр тымбылгонд. Хъустæ къаннæгтæ тымбылгондтæ. Хъисæй æмбæрзæн æнгом æмæ ныллæг хуссайраг дæлхуызтæн, бæрзонд æмæ хъуынджын — цæгатæгтæн.[16]

Раззаг дзæмбытыл фæйнæ 5 æнгуылдзы, фæстæгтыл — фæйнæ цыппар, æппæт дæр мидæмæ быргæ ныхтимæ.

Тигртæ сты хорз размæцыд талынгон уынды хицæуттæ, цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ та сын цыдæр хайы ис хуызон уынд.

Пантерæты мыггаджы иннæ минæвæртты хуызон, тигрмæ дæр хурхы æмæ хъæлæсы уæнгбæттæнты арæзты тыххæй ис фадат рыхын, фæлæ арæхдæр йæ хъæлæс райхъуысы афтиддæр схъазынмæ куы фæхъавынц, уæд.

Ареал[ивын | Бындур ивын]

Тигр у æрмæстдæр азиаг хуыз. Тигры историон ареал (ныр тынг дихтæгонд у арæх кæрæдзийæ дард æвæрд хицæн популяцитыл) ис Уæрæсейы Дард Скæсæны, Ираны, Афгъанистаны, Китайы, Индийы æмæ Хуссар-Скæсæн Азийы бæстæты, Зонды архипелагимæ (Индонезийы сакъадæхтæ)[15].

Тигры цæрыны ареал арæзт æрцыдис Китайы цæгаты, плейстоцены райдайæнты (иу 2 милуан азы размæ). Дæс мин азы размæ тигртæ ацыдысты хуссармæ Гималайты сæрты, æмæ апарахат сты ӕнӕхъӕн Индийыл, Малайы æрдæгсакъадахыл æмæ сакъадӕхтыл Суматрæ, Явæ æмæ Балийыл. Цалдæр æнусы размæ йæ цæрæнрæттæ арæнгонд уыдысты афтæ 50 градусы ц.у. (Хъазахстан), 50 градусы с.д. (Цæгат Иран), 140 градусы с.д. (Амуры донæфтæнæй), 8 градусмæ х.у. (Зонды сакъадæхтæ). Ныр ацы территориты фылдæр хайыл тигртæ цагъд æрцыдысы; егъаудæр популяцитæ баззадысты Индийы æмæ Индокитайы. Уæрæсейы гæрæтты гыццыл популяци ис афтиддæр Дард Скæсæны Денджызгæрон крайы[17] æмæ Хабаровсчы крайы. Афтиддæр 1995 æмæ 2005 æзты астæу тигрты ареал Азийы фæцыбырдæр 40 %, афтæмæй уайы сæ раздæр территорийæ ма цæрынц афтиддæр 7 %[18].

Тигртæ цæрынц ландшафтты уæрæх спектры: уымæл тропикон хъæдтæ, мангрон цыфдзæсттæ æмæ хурхъæзы пыхсытæ тропикты, хус саваннæтæ, æрдæгæдзæрæгрæттæ, гом дурджын сопкæты æмæ тайгайы цæгаты. Хæхты хæццæ кæнынц 3000 м денджызы æмвæзæй.

Дæлхуызтæ[ивын | Бындур ивын]

Амураг тигр
Бенгайлаг тигр
Индокитайаг тигр
Суматрæйаг тигр
Хуссар-китайаг тигр
Балийаг тигр
Къаспы тигр. Берлины зоопарк. 1899
Явæйаг тигр

Æппæт хицæнгонд æрцыдысты тигры фараст хуызы, уыдонæй 3 нырид адæймагæй скъуыддзаггонд æрцыдысты.

  • Амураг тигр (Panthera tigris altaica), зындгонд ма у ноджы куыд уссуриаг, сыбираг, маньчжураг æмæ цæгаткитайаг, сæйрагдæр цæры Уæрæсейы Денджызгæрон æмæ Хабаровсчы крайты, æмæ гыццыл нымæцæй Китайы цæгат-скæсæны æмæ Цæгат Корейы. Фæстаг дыууæ хыгъды (1996 æмæ 2005 æзты.[19][20]) равдыстой амураг тигры 480-520 сырды уæвындзинад æрдзы, кæдон цæрынц иумæйаг, æнæдихтæ ареалы, уый та кæны ацы популяци егъаудæр зæххы цъарыл[21]. Амуры тигр хауы тæккæ егъаудæр дæлхуызтæм, нырыккон бæрæггæнæнтæм афтиддæр иугыццыл фæстейæ зайы уæзæй индийаг (бенгайылаг) дæлхуызæн, уæлдайдæр та бенгайлагæн Индийы цæгатæй æмæ Непалæй. Ацы дæлхуыз хъауджы кæны даргъ, бæзджын мехæй, гыццыл тардæр бурхил фонимæ æмæ иннæ дæлхуызтæй къаддæр тæлмтæй. Амураг тигр ма у тæккæ егъаудæр минæвæрттæй гæдыты мыггаджы: æхсæзмæйдзыд тигры лæппын уæзæй æмæ асæй æййафы хъомыл леопарды.
  • Бенгайлаг, кæнæ Паддзахы бенгайлаг тигр (Panthera tigris tigris) — тигры номинативон дæлхуыз, цæры Индийы, Бангладешы, Непалы, Бутаны территоритыл, æрцардис уæрæх биотопты спектры уарынон хъæдтæй хус саваннæты æмæ мангрты онг. Бенгайлаг тигрты къаннæг нымæц цæры экорегион Тераи-Дуары арæнты мидæг. Индиаг хицауадæй лæвæрд информацимæ гæсгæ, ацы дæлхуызы популяци у 3100-4500 цæрæгойы, иу 3000 бæрц дзы цæрынц Индийы территорийыл[22]; фæлæ бирæ индиаг ахуыргæндтæ не ууæндынц ацы информацийыл, нымайынц хаст цифрæтæ æгæр бæрзæндтыл. Æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ тигрты нымæц Индийы гæнæн ис æмæ у 2000 сырдæй къаддæр[23], уыдонмæ гæсгæ тигрты популяцийы нымад фæдтæм гæсгæ æххæстгонд кæй æрцыдис, уый радта уæлдæргонд бæрæггæнæнтæ, ацы методикæйæ пайда кæнгæйæ фылдæр хатт афтæ рауайы. Ацы дæлхуыз æппæтæй бирæнымæцондæр кæй у, уый дæр æй нæ хизы сыскуыйыны тасæй, хъыгдарынц æй браконьердзинад æмæ æрдзон царды фалдзусы фехæлд. Æппæт тигртæ æрдзæвæрæнтæй иуы (Сариска) цагъд æрцыдысты браконьертæй. 1972-æм азы Индийы райдыдта егъау æрдзхъахъхъæнæн проект, хъуыстгонд у куыд «Тигры Проект», йæ нысан у ацы территорийыл тигры бахъахъхъæнын. Ацы мадзæлттæ æххæст гæныны тыххæй тигрты нымæц фæфылдæр ис 1970-тæй 1200-æй 3000-мæ 1990-тæм[24]; ацы проект æрцыдис нымад дунейы æрдз бахъахъхъæныны фæдыл арæзт тæккæ æнтыстджын программæтæй иуыл. Бенгайлаг тигрты нæлтæ ласынц æхсæйнагæй 205 кг-мæй 227 кг онг, сылтæ 140-150 кг. Бенгайлаг тигртæ Индийы цæгатæй æмæ Непалæй егъаудæр сты Индийы субконтиненты хуссарæй тигртæй.
  • Индокитайаг тигр (Panthera tigris corbetti) (хъуыстгонд ма у куыд Корбеты тигр) цæры Камбоджæйы, хуссайраг Китайы, Лаосы, Таиланды, Малайзийы æмæ Вьетнамы. Ацы дæлхуызы сырдты нымæц алы хуызæн бæрæггæнæнтæм гæсгæ æнкъуысы 1200–1800 цæрæгойы астæу, фæлæ дырысдæрыл нымад цæуы ацы интервалы ныллæгдæр æвдисæнмæ хæстæг цифрæ. Егъаудæр популяци цæры Малайзийы, ацы бæстæйы тызмæг мадзæлтты æххуысæй браконьердзинад къаннæггонд æрцыдис, фæлæ тигрты популяцитæн фесафыны тас ис ареалты фрагментацийы æмæ инбридингы тыххæй. Вьетнамы тигрты æртæ цыппæрæмы цагъд æрыдысты се уæнгтæ ауæй кæныны тыххæй китайаг медицинæйы хостæн. Индокитайаг тигрæн ис тардæр хуыз. Нæлты уæз 150-190, сылты 110-140 кг.
  • Малайаг тигр (Panthera tigris jacksoni) æмбæлы æрмæст дæр æрдæгсакъадах Малаккæйы хуссайраг (малайаг) территорийыл. Ацы дæлхуыз бæрæггонд æрцыдис афтиддæр 2004-æм азы (раздæр популяци хуыдтой индокитайагыл) иртæстыты цыды рæстæг, кæдон æххæстгонд æрцыдысты ахуыргæндты къордæй, сæ саргъы Стивен О’Брайан . Фæстаг хыгъдтæ равдыстой йæ нымæц кæй у 600-800 сырды, уый йæ кæны æртыккаг нымæцмæ гæсгæ тигрты дæлхуызты астæу.
  • Суматрæйаг тигр (Panthera tigris sumatrae) æмбæлы афтиддæр индонезиаг сакъадах Суматрæйы. Хъæддаг популяцийы нымæц бæрæггонд цæуы куыд 400-500 сырдмæ æввахс, сæ фылдæр цæрынц националон паркты æмæ æрдзæвæрæнты. Æрæджийон генетикон иртæстытæ æвдисынц генотипы кæй сты уникалон генетикон маркертæ; уый амоны ацы дæлхуызы бындурыл рæстæгимæ гæнæн ис æмæ сывзæрдзæнис гæдыты мыггаджы хицæн хуыз (кæд дæлхуыз нæ фесæфа уæд). Суматрæйаг тигрæн сæйраг тас у уый æмæ йæ алфæмблайон æрдз хæлд цæуы (хъæдты карст цæуы Суматрæйы хъахъхъæд территоитыл дæр) стæй ма 1998 æмæ 2000 азы астæу браконьертæ амардтой 66 тигры (популяцийы 20 %). Суматрæйаг дæлхуыз у тæккæ къаннæгдæр ныр уæвгæ тигртæй: хъомыл нæлты уæз 100-130 кг, сылты — 70-90 кг. Ацы дæлхуызы иннæтимæ абаргæйæ къаннæг ас нымайынц Суматрæйы тропикон хъæдты цардмæ адаптацийыл. 2007-æм азы 3 февралы суматрæйаг тигры зайынаг сыл ахст æрцыдис бынæттон цæрджытæй цæрæнран Рокан-Хилиры цур провинци Риауйы: æрдз хъахъхъæныны фарстатыл администраци снысан кодта ацы сырды арвитын сафари-парк Богормæ сакъадах Явæйыл[25].
  • Хуссар-китайаг тигр (Panthera tigris amoyensis) у дæлхуыз тынгдæр фесæфынæн тас кæмæн у ахæм, вæццæгæн æрдзы ацы хуыз нал ис[26]. У тæккæ къаннæгдæр тигры дæлхуызтæй: йæ буары дæргъ 2,2-2,6 м. Нæлты уæз 127-177 кг, сылты 100-118 кг. 1977-æм азы китайы хицауад райста закъон кæци ивар кодта тигртыл цуан, фæлæ хуссар-китайаг дæлхуызæн уый нал баххуыс ис[27]. Æппæт бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæстаг хуссар-китайаг тигр æрдзы мард æрцыдис 1994-æм азы. Ныры рæстæджы хуссар-китайаг тигры 59 сырды цæрынц ахстуаты (æппæт дæр Китайы), фæлæ иууылдæр сты афтиддæр 6 сырды байзæддæгтæ. Уымæ гæсгæ ацы дæлхуызы генетикон алыхуызондзинад тынг цыбыргонд у. 2008-æм азæй Китайы хицауад æххæст кæны мадзæлтты рæнхъ цæмæй фæстæмæ фæзын кæна хуссар-китайаг тигртæ æрдзы[28].

Быныскъуыд дæлхуызтæ[ивын | Бындур ивын]

  • Балиаг тигр (Panthera tigris balica) цардис афтиддæр чысыл сакъадах Балийы. Ацы дæлхуыз сыскъуыдтой цуанонтæ: фæстаг балиаг тигр (хъомыл сыл) мард æрцыдис сакъадахы ныгуылæн хайы 1937-æм азы 27 сентябры[29]. Ахстуаты балиаг тигртæ никуы уыдысты. Быныскъуыд кæй ссис уымæ дæр нæ кæсгæйæ тигр ахсы ахсджиаг роль индуизмы баленезиаг версийы.
  • Каспийаг (турайнаг, персайнаг) тигр (Panthera tigris virgata) сыскъуыд 1960-æм æзты кæрон; фæстаг æвдисæн ацы сырдимæ фембæлды тыххæй уыдис 1968-æм азы[30], цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ та фæстаг каспийаг тигры амардтой Турчы хуссарскæсæйнаг хайы 1970-æм азы[31]. Ацы дæлхуызы историон ареал ахста Иран, Афгъанистан, Пакистан, Ирак, Узбекистан, Хъазахстаны хуссар, Туркменистан æмæ Турк. Каспиаг тигр уыдис егъау дæлхуызтæм хауæг: тæккæ уæззаудæр барст нæл сырд ласта 240 кг. Хуызы фонон фæлгъуыз æнгæстæ уыд индиаг дæлхуызтимæ, фæлæ тæлмтæ нарæгдæр æмæ арæхдæр, фылдæр тар фæныкхуыз кæнк морæ. Каспийаг дæлхуызы мех уыдис даргъ (иннæтимæ абаргæйæ) уæлдайдæр зымæджы. Каспийаг тигр бенгайлагимæ иумæ уыдис тигры дыууæ дæлхуызтæй иу кæдонæй пайда кодтой гладиаторты тохты. Нырыккон молекулон-генетикон иртæстытæм гæсгæ ацы дæлхуыз æнгæстæ у амураг тигримæ[32].
  • Явæйаг тигр (Panthera tigris sondaica) цардис индонезиаг сакъадах Явæйы. Æппæт бæрæггæнæнтæм гæсгæ цагъд æрцыдис дыууынæм æнусы 80-æм æзты цуаны æмæ æрдзон уавæрты фехæлды тыххæй. Сыскъуыд уырнинаг ссис 1950-æм азæй райдайгæйæ, уæд тигрты нымæц Явæйы фæкъуыннæгдæр 25 сырды онг. Фæстаг хатт явæйаг тигры федтой æрдзы 1979-æм азы[33].

Гибридтæ[ивын | Бындур ивын]

Тигры гибридтæ фыццаг райдыдтой зынын XIX æнусы, зоопаркты хицæутты фæндыд æрбацæуджыты æрбасайын сæ уагдæттæм æфтиаг фæфылдæр кæныны тыххæй[34].

Хъуыстгонд сты цомахъ æмæ тигры астæу гибридтæ (арæхдæр амураг æмæ бенгайлаг дæлхуызтæ).

  • лигрцомахъ æмæ сыл тигры хæццæтуг. Лигрты сылтæ дæттынц байзæддаг, уый æнахуыр у гибридтæн[35]. Лигр сырдтæ рæзынц æппæт царды дæргъы æмæ зæрондмæ сæ дæргъ æнæ къæдзил банымайгæйæ хæццæ кæны 3 м. Лигры æнахуыр гигантизм рауайы уый тыххæй æмæ цомахъ æмæ сыл тигры ДНК-йы ис рæзыны ген. Нæл тигрæн æмæ сыл цомахъæн та ахæм ген нæй[36]. Уæрæсейы сыл лигр ис Новосибирскы зоопарчы.
  • тигролев (тайгон) — нæл тигры æмæ сыл цомахъы хæццæтуг. Иу кæны дыууæ ныййарæджы миниуджытæ дæр: вæййы йыл тæппытæ мадæй æмæ тæлмтæ фыдæй. Йæ барц, кæд вæййы уæд, кæддæриддæр цомахъы барцæй къаддæр вæййы. Арæхдæр тигонтæ сты цомахътæй æмæ тигртæй къаддæр æмæ ласынц 150 кг. Тигоны нæлтæ кæддæриддæр сты стерилон, сылтæ та — не сты.[37]

Ахуырсты хуызон вариацитæ[ивын | Бындур ивын]

Урс тигр[ивын | Бындур ивын]

Тигрæн ис бæрæг мутаци, уый фæрцы фæзыныц сырдтæ æххæст урс ахуырстимæ — бенгайлаг тигртæ сау-морæ тæлмтимæ уырс цармыл æмæ æрвхуыз цæстытимæ. Ахæм ахуырст тынг стæмхатт фембæлы хъæддаг сырдты астæу, фæлæ абаргæйæ арæх вæййы ахстуаты цæрæг популяциты. Урс тигрты фæзынды арæхдзинад — 1 сырд 10 000 æнæуый ахуырстимæ[38]. Урс тигртæ хорз бирæ кæнынц ахстуаты. Фыццаг кой ацы тигрты тыххæй хауы 1951-æм азмæ, уæд цуангæнджытæй иу райста тигры хуыккомæй урс тигры лæппыны. Фæстæдæр ацы тигр схъазын кодтой æнæуый ахуырст сыл тигримæ æмæ дзы райгуырд цыппар æнæуый тигры. Фæстæдæр æй схъазын кодтой йæ цотæй иуимæ æмæ дзы рауад 3 тигры, уыдонæй дыууæ урсытæ. Ахстуаты цæрæг урс тигртæ æппæт дæр сты иу сырды байзæддæгтæ[39]. Ныр дунейы зоопарчыты ис иу 130 урс тигры[40][41]. Æмæ кæд сæ цармыл дырысæй зыныц сау тæлмтæ, уæддæр фæзынд мæнг хъуыды, урс тигртæ дам альбиностæ сты[42].

Зæрин тигр[ивын | Бындур ивын]

Сыгъзæрин тигр. Буффалойы зоопарк

Афтæ хонгæ сыгъзæрин алуынд — тæккæ стæмхаттæр æмбæлгæ хуызы ивд, расайы йæ реццесивон ген. Фыццаг койтæ ахæм хуыз тигримæ хъæддаг æрдзы фембæлды тыххæй хауынц XX-æм æнусы райдайæнмæ[43]. Фыццаг уыдис рагъмæ хаст теори, кæцымæ гæсгæ ахæм хуыз фæзынд тигрты чысыл популяцийы мидæг, кæдон цардысты хъæздыг æлыгджын мæртимæ бæстæты, æнахуыр хуыз та сын æххуыс кодта цуан кæнгæйæ хи æфснайын. Теори базадис æнæбæлвырдгондæй. Ныр ахстæй цæрынц иу 30 сырды ахæм хуыз ахуырстимæ. Раст урс хуыз тигрты хуызæн адон дæр сты сæйрагдæр бенгайлаг дæлхуызæй, фæлæ сæ туджы цыдæр хай у амураг урс тигр Тонийæ, кæцы у Цæгат Америчы æппæт урс тигрты фыдæл[44]. Парахатгонд рæдыд, кæцымæ гæсгæ ахæм хуыз тигртæ фæзындысты бенгайлаг æмæ амураг тигртæ хæццæ кæнынæй.

Æндæр вариацитæ[ивын | Бындур ивын]

Хабæрттæ уыдис бенгайлаг тигрты астæу кæй фæзынд меланисттæ фæздæгхуыз кæнæ нæхъæнæй дæр сау цармимæ. Ноджы ма хъусынгæнинæгтæм гæсгæ бæрæггонд æрцыдысты тигрæ цъæх-фæныкхуыз ахуырстимæ (мальтиаг тигр)[42]. Ацы ахуырсты типты расайдтой цудгæ мутацитæ.

Биологи æмæ экологи[ивын | Бындур ивын]

Цырд у куыд талынгæй афтæ боны рухсæй дæр. Цæуы дынджыр къахдзæфтæ кæнгæйæ. Бæлæстæм нæ быры. лæппынтæ æмæ æрыгон сырдтæ йæдтæмæ. Иттæг хорз кæны ленк — хуссайраг бæстæты тигртæ тæвды æдзухдæр сæзи фæнайынц. Сæ хъуын калынц аз дыууæ хатты — мартъийы æмæ сентябры.

Территориалон æмæ социалон уагахаст[ивын | Бындур ивын]

Хъомыл тигртæ — территориалон сырдтæ сты, цæрынц иунæгтæй æмæ тызмæгæй хъахъхъæнынц сæ территоритæ. Сæ приватон зæххытæ тигртæ фæбæрæг кæнынц аллыхуызон мадзæлттæй. Территорийы бæрæггæнæн индивидуалон тæфæй у тигрты коммуникацийы сæйрагдæр фæрæзтæй иу. Мизынцагæй нысæнттæ тигртæ ныууадзынц сæйрагдæр вертикалон фæзойтыл: бæлæсты зæнджытыл, къæдзæхтыл, хибарæй лæуугæ къудзитыл æмæ а.д. Уыимæ тигр сысмуды дзаумамæ, стæй йæм чылдымырдæм разилы, къæдзил сисы вертикалон уæлæмæ. Мизынцъаг æддæмæ æппæрст æрцæуы пырхгонд цæхъалæй фæстæмæ, 30 см дæргæй кæнæ хæстæгдæрæй.[45] Мизынцъагæй нысæнттæ вертикалон фæзойтыл тигртæ фæкæнынц зæххы æмвæзæй 60-125 см уæлдæр. Ноджы ма тигртæ нысан кæнынц территори мит кæнæ мæр хъæмпус кæнгæйæ.[45] Тигртæ ма сæхи фæхафынц бæлæстыл æмæ сын сæ зæнгтæ цъæрæмыхст фæкæнынц.

Приватон территорийы бæрц тынг æнкъуысы цæрæнранмæ, æфтиагмæ гæсгæ, нæлтæн та ма ацы бынаты цал сылы цæры уымæй дæр ма. Сыл тигрæн йæ территори арæхдæр вæййы иу 20 км², нæлты территоритæ та сты дзæвгар стылдæр — 60-100 км². Хъомыл нæлы территорийыл гæнæн ис æмæ вæййы цалдæр сылы индивидуалон территоритæ, сæ æмахаст вæййы 1:2 кæнæ 1:4[45][46]. Тигртæн сæ тирриторийыл цæуыны фæндæгтæ сты æнæивгæ. Уыдоныл цæугæйæ тигртæ æдзухдæр фæнысан кæнынц сæ территори, скæнынц цыбыр кæнæ дæргъвæтин рæстæгмæ хуыссыны рæттæ. Территорийыл суткæйы æмгъуыдмæ цас фæцарццу кæны тигр уый дæлбар у цалдæр факторæн. Æхсæйнаг цыд хи территорийыл хъомыл нæлæн у 9,6 км, максималон 41 км. Æхсæйнаг цыд сылæн — 7 км, максималон 22 км[45]. Сыл тигртæ хаттæй-хатт схуыл вæййынц кæрæдзийымæ, фæлæ уæддæр арæх сæ тирриторитæ иу хайы вæййынц иумæйæгтæ, æмæ сыл сабырæй фæфидауынц, нæлтæ та никуы фæуадзынц æндæр нæлты сæ территорийыл æдзухдæр цæрын, стæй йæ сæрты хизын дæр[47].

Ахæм агрессивон территориалон уагахаст тигрты нæлты астæу арæх æркæны уæззау цæфтæм, хаттæй-хатт та иуы мæлæтмæ дæр. Афтæмæй арæхдæр тигртæ не схуыл вæййынц, æрхæцынц тасæфтауæг позæтæй æмæ мыртæй.

Тигры нæлтæ æнцонтæй æрцæрынц сылтимæ иу территорийыл, суанг ма фæдих кæнынц сæ амæттагæй дæр. Сылтæ дæр фæдих кæнынц сæ цуаны фæстиуджытæй, æмæ ма, нæлтæй уæлдай, сæхи æрд сырдтимæ дæр.

Хæлцад[ивын | Бындур ивын]

Амураг тигры дзых

Хъæдтаг æрдзы тигртæ сæхи æфсадынц сæфтæгджынтæй: бенгайлаг тигртæн сæ амæттаг сты ахæм хуызтæ куыд, саг индиаг замбар, аксис, хъæддагхуы æмæ нильгау; амураг тигрæн — уæздан саг, тæппытæ саг, хъæддагхуы, сæгуыт æмæ кабарга; суматрæйаг тигрæн — саг самбар, хъæддагхуы æмæ чепракон тапир. Ноджы ма тигрты бон у цуан кæнын егъау халхортыл — индиаг къамбец, гаур, æмæ цæгатаг саг. Уый йæдтæмæ ма хаттæй-хатт тигртæ фæхæрынц сæхицæн æнахуыр хæринаг, маймулитæ, сындзы уасджыты, тæрхъусты æмæ ма кæсаг дæр. Æххæст хæлцадæн тигры хъæуы 50-70 сæфтæгджыны афæдзмæ.

Хъуыстгонд у тигрты бон кæй у марын æндæр тугдзыхты, зæгъæм бирæгъты, леопардты, æлхъивгæлмыты æмæ хаттæй-хатт кæфхъуындарты дæр. Амураг тигртæ æмæ бур арстæ кæрæдзийæн тæссаг сырдтæ сты, ис бирæнымæцон хъусынгæнинæгтæ тигртæ кæй марынц сæ лæппынты æмæ ныххауынц хъомыл æрстыл дæр. Бур æмæ гималайаг æрсытæ сты амураг тигры хойраджы рационы 5-8 % (фылдæр сæ амарынц хъомыл тигртæ). Малайаг арс у тынг бырсæг, æмæ хаттæй-хатт атæры тигры йæ амæттагæй, фæлæ арæхдæр зыгъуыммæ рауайы; малайаг тигртæ цуаны фæцæуынц ацы æрсытыл.

Хъомыл индийаг пылтæ тигрæн æгæр стыр сты, уымæ гæсгæ стыр гæдытæ адонимæ фембæлынæй сæхи фæхизынц, фæлæ хаттæй-хатт амарынц æрыгон лæппынты.

Хъуыстгонд у иу цау тигр куы амардта индийаг сыкъафындзы хъомыл сылы. Хаттæй-хатт тигртæ цуан фæкæнынц хæдзарон цæрæгойтыл дæр, куыйтыл, хъуццытыл, бæхтыл æмæ хæрджытыл. Зайæгхал хойрагæй — æнгузтæй, кæрдæгæй, дыргътæй — тигртæ фæпайда кæнынц сæрды.[48]

Йæ арæалы территорийыл æппæтыл дæр, тигр у хойраджы рæхысы уæлдæр цæг, æмæ йын æндæр тугдзых сырдтæ конкуренци самайыны хъом не сты. Хаттæй-хатт ахæм конкуренцийы хъом свæййынц мыггаг куыйты минæвæрттæ, кæдон цуаны фæцæуынц стыр балтæй — зæгъæм индиаг сырх бирæгъ. Хаттмæ тигр бахæры 30-40 кг зиза. Æххормаг хъомыл нæл сырдты бон у бахæрын хаттмæ дзидзайы 50 кг[49]. Саджы кæнæ хъæддагхуыйы марды цур тигр баззайы цалдæр боны, уыдоны дæргъы фæхæры йæ амæттаджы. Хæринаг куы нæ вæййы уæд тигрæн феххуыс вæййы дæлцармон сайаг клетчаткæ, йæ бæзджын амураг тигрæн фæхæццæ кæны 5 см онг.

Цуан[ивын | Бындур ивын]

Тигртæ цуан кæнынц афтиддæр иунæгтæй, пайда кæнынц цуаны рæстæг дыууæ амалæй: амæттагмæ хъуызын кæнæ йæм бабадгæйæ æнхъæлмæ кæсын. Фыццаг фадатæй арæхдæр фæпайда кæнынц зымæджы, дыккагæй сæрды[45]. Тигртæ арæхдæр фæхъуызынц кæнæ фенхъæлмæ кæсынц сæ амæттагмæ къахвæдты æмæ дондарæнты цур. Цæрæгойы бафиппайгæйæ, тигр райдайы йæм хъуызын дымгæйы кæдзилы рдыгæй. Хъуызгæйæ фæцæуы цыбыр цадæг къахдзæфтæ кæнгæйæ, арæх æрæнцайы зæххыл. Амæттагмæ фаг хæстæг дардцæгмæ бабыргæйæ тигр цалдæр тынг стыр гæппæй йæ баййафы. Разыбадгæйæ тигр фæхуыссы дымгæйы бын.

Амæттагмæ гæпп кæнгæйæ куы фæрæдийы уæд ма ассуры цæрæгойы афтиддæр 100-150 м. Уыимæ йæ буар дзæвгар уæззау кæй у уымæ нæ кæсгæйæ тигры бон у лидзын 60 км/ч алыхуызон уæлцæрттыл дæр.[50]

Дынджыр сæфтæгджынты тигр фæлвары æрцахсын сæ хъуырæй, æмæ стæй бахурх кæнын, кæнæ сын сæ бæрзæй асæттын, рауадзы сын сæ туг рабериндзæнтæй (уырыс. сонные артерии) кæнæ яремон тугдадзинæй, уымæн йын фæххуыс вæййынц йæ ссыртæ, кæдоны дæргъ хæццæ кæны 8 см (æнæ бындзæфхадæй). Къаннæг сырдтыл цуан кæнгæйæ тигр сын асæтты сæ рагъыстæг кæнæ къабæзтæ æрбасæтты.

Цуаны рæстæг тигры бон у гæпп кæнын бæрзæндмæ 5 м онг, дæргъмæ та 9-10 метры онг[50].

Мард хойраг тигр фæхæссы дæндæгтæй хæцгæйæ кæнæ фæсонтæм баппаргæйæ: афтæмæй йæ бон у лидзын 100 кг бæрц амæттагимæ; 50 кг хæцгæйæ дæндæгтæй тигры бон у гæпп кæнын 2 метры уæлæмæ[50]. Тынг егъау цæрæгойтыл цуан кæнгæйæ (гауртыл æмæ азиаг къамбецтыл) тигры бон сæ у зæххыл хæр-хæр кæнын, уыимæ сæ уæз арæх йæхи уæзæй фæфылдæр вæййы 6-7 хатты[50].

Хъомыл тигры бон у адæймаджы йæ дзæмбы иу цæфæй амарын.

Цуаны цæуын зонындзинад тигрæн йæ æрдзæй дæттгæ миниуæг нæу, ууыл тигры лæппынты сахуыр кæны сæ мад [45].

Бирæкæнын[ивын | Бындур ивын]

Тигртæн типикон у полигами[46]. Схъазынц декабры-январы. Территоритыл кæдоныл сырдты нымæц у къаннæг сылы фæстæ фæзилы афтиддæр иу нæл тигр. Нæлты астæу хуылтæ бацайдагъ вæййынц. Нæл куы бамбары сылы мицырайы нысæнттæм гæсгæ, репродуктивон уавæры ис, уый, уæд йæм фæзыны спецефикон уагахаст — флемен, фæбæрæг кæны характерон гримасæйæ йæ хæмхудтыл.[51].

Сыл тигр фæхъазы азы мидæг афтиддæр цалдæр боны. Сылты фылдæр хай фыццаг хатт цот æрхæссынц 3-4 аздзыдтæй. Ныззайы иу хатт 2-3 азы мидæг. Сыл заинаг вæййы 97-112 боны (æхсæйнагæй 103 боны)[52].

Сыл тигр лæппынимæ

Хуыкком саразынц зынвадат рæтты, скъуыдты дурты астæу, лæгæтты, кæлдымты астæу, хъæзты. Иу хуыккомы сыл тигр вæййы цалдæр азы дæргъы.

Лæппын тигртæ фæзынынц март-апрелы. Лæппынты къорды вæййы 2-4 тигры, стæмхатт 1, ноджы стæмдæр 5-6[51]. Лæппынтæ фæзынынц куырмтæй, æнæбонтæй, сæ уæз вæййы 1,3 — 1,5 кг, иу 6-8 боны фæстæ цæстæй уынын райдайынц[47]. Фыццаг 6 къуырийы лæппынтæ фæцæрынц сæ мады æхсырæй. Мад сæм хæстæг никæй фæуадзы, царддзу кæнæг нæл тигрты бон у лæппынты амарын. 8 къуыридзыдæй лæппынты бон свæййы мады фæстæ уайын, æмæ хуыкком ныууадзынц. Бынтондæр цардмæ цæттæ лæппынтæ свæййынц 18 мæйдзыдтæй, фæлæ арæх баззайынц сæ мадимæ 2-3 азы, хатгай та 5 азы бæрц[47][52].

Хъæдхъом цард райдайæны фæстæ æрыгон сыл тигртæ арæхдæр æрцæрынц сæ мады территоримæ æввахс, æрыгон нæлтæ та ахæтынц тынг дард хи территори агургæйæ, фылдæр хатт сæ бахъæуы сæрмагонд зæххы хай байсын æндæр нæлтæй, кæд территорийыл тигртæ гыццыл фæцæры уæд та бацахсынц афтид участок. Хъазынхъом сылтæ свæййынц 3-4 аздзыдæй, нæлтæ та 4-5 аздзыдæй[47].

Йæ царды æмгъуыдмæ сыл æрхæссы 10-20 лæппыны, уыдонæй æрдæг арæхдæр амæлы тынг æрыгонæй[45]. Тигры царды æмгъуыд у 26 азы онг[53].

Популяцийы статус[ивын | Бындур ивын]

Адæймаг тигры дзæвгар рæстæг иугæндзонæй кæй хъыгдары уымæ гæсгæ йæ популяци æнæсцухкæнгæйæ къаддæрæй-къаддæр кæны, йæ цæрыны ареал та бынтон ныкъкъуындæг ис. Цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ популяци æндæрæнусимæ абаргæйæ фæкъаддæр 95 %. Иумæйагæй райсгæйæ ацы хуызы нымæц хъæддаг æрдзы ныр у 4000-6500 сырды. Тæккæ фылдæр тигрты нымæц ныр ис Индийы; иу æмæ æрдæг мины бæрц цæры Вьетнамы, Лаосы, Тайланды, Китайы, Мьянмæйы. Хуссар-китайаг тигры популяцийы ис 30 сырды бæрц, амураг тигртæ та сты Æппæтдунеон æрдзы хъахъхъæды цæдисы иртæстытæм гæсгæ — 450 сырдмæ æввахс. Бындзарæй сыскъуыдысты æртæ дæлхуызы: сакъадæхтæй Явæ æмæ Балийæ, æмæ ма каспийаг тигр.

Дæлхуыз Сырдты минималон нымæц Сырдты максималон нымæц
Амураг тигр 450 530
Бенгайлаг тигр 1300 2000
Индокитайаг тигр 600 1200
Малайаг тигр 600 650
Хуссар-китайаг тигр 20 30
Суматрæйаг тигр 400 500
Балийаг тигр — (сыскъуыд)
Явæйаг тигр — (сыскъуыд)
Каспийаг тигр — (сыскъуыд)

Хъахъхъæдад[ивын | Бындур ивын]

Посты маркæ тигры нывимæ. Уæрæсе. 1993-æм аз.

Тигр æхсæнадæмон хъахъхæд цæуы, бахастæуыд Сырх чиныгмæ[46]. 1947-æм азæй архайы æххæст ивар тигртыл цуанæн. 1955-æм азы иваргонд æрцыдис лæппын тигрты ахст[46].

Тигрты нымæц цыбыргæнаг сæйраг фактор у адæймаджы хæдзарадон архайд æмæ цуан: куыд трофейтæ (царм) самал кæныны тыххæй, афтæ æнæниздзинады нысæнттимæ (тигры бирæ уæнгтæ æмæ буары хæйттæй пайда кæнынц скæсæны традицион медицинæйы).

Сæрмагонд иваргонд территориты аразыны йæдтæмæ ма хуызы фервæзын кæнынæн пайда кæнынц æндæр мадзæлттæй дæр. Зæгъæм буддистон фестивалы Калачакра 2006-æм азы Далай-лама XIV радзырдта цæмæй мауал æлхæной уæй кæной æмæ пайда кæной ацы сырдтæй.[54]. Уый фæстæ паломниктæ фестивалæй сыздæхгæйæ райдыдтой куынæг кæнын æмæ æппарын тигры æмæ леопардты цæрмттæ, æмæ уыдонæй конд дзаумæттæ.[55].

Згъæрæхца иу сомы реверс, Уæрæсе, æвзист 900\1000 проб. Сери: Сырх Чиныг. Рауагъды датæ: 29.09.1993. Чеканкæ: Ленинграды згъæрæхцаты кæрт.

Тигрты сæфтмæ кæнаг фактортæй æндæр у йæ уæнгтæй æмæ уæфттæй уæрæхæй пайдагонд кæй цæуы скæсæны медицинæйы: тæккæ хъуыстгонддæр ахæм медицинон препараттæ сты рыстæфсадæн хостæ æмæ афродизиактæ. Тигрты буары хæйттæй пайдакæнын медицинæйы Китайы иваргонд у æмæ йæ сæрты ахизæгæн тугтæрхонон æфхæрд æвзиды; уæддæр ахæм æрмæджыты æнæлегалон æрзылд сау базары цæуы егъау бæрцуæтты.

Цуаны æмæ æрдзон фалдзусы хæлды тыххæй тигрты нымæц фæстаг азты тынг фæкъаннæг. Æнусы размæ дунейы уыдис 100 мин хъæдтаг тигры бæрц, ныр сæ нымæц æрхаудта 2500 хъомыл сырдмæ, уыимæ хицæн популяциты нымæц нæ хизы 250 сæрты. Уæддæр тигры сæфт, куыд биологикон дæлхуызы сæфт, къаннæг у уымæн æмæ ахстуаты цæрынц 20 мин сырды бæрц.

Хъахъхъæд Уæрæсейы[ивын | Бындур ивын]

Ныры уысмы тигры амураг дæлхуыз Уæрæсейы территорийыл хаст æрцыдис Уæрæсейы сырх чиныгмæ, II категорийымæ — стæм дæлхуыз, æвæрд æрцыд афтиддæр Уæрæсейы территорийыл[46]. Уæрæсейы территорийыл тигр официалон æгъдауæй хъахъхъæдад кæнын райдыдта 1947-æм азы ацы хуыз «Æхсæнадæмон сырх чиныг»-мæ хаст куы æрцыдис, уæд[46]. 1935-æм азы Денджызгæрон крайы бындур æрæвæрдæуыд Сихотэ-Алины паддзахадон æрдзæвæрæнæн, фæстæдæр — Лазойы æрдзæвæрæнæн, Кедровый падæн æмæ Уссуриаг æрдзæвæрæнæн, уыдоны территориты ныр хъахъхъæд цæуы амураг тигр.

Амураг тигры бахъхъахъхъæнын Дард Скæсæны ссис приоритетон хæслæвæрд Хъæддаг æрдзы æппæтдунеон фондæн куыддæр Уæрæсейы территорийыл йæ куыст райдыдта, афтæ. Уыцы фонд рауагъта «Амураг тигры Уæрæсейы бахъахъхъæныны стратегитæ». Амынд документ бæрæг кæны сæйраг арæзт тигры бахъахъхъæныны фæдыл архайдæн.[56]

Æхсæнады цæст æрдарыны тыххæй тигрты сæфты проблемæтæм, Уæрæсейы æрвылаз арæзт цæуы бæрæгбон-акци «Тигры бон». Фыццаг хатт бæрæггонд æрцыдис 2000-æм азы Владивосточы фонд Феникс æмæ фыссæг æмæ цуанзон Владимир Тройнины хъæппæрисæй. 2001-æм азы Владивосточы администрацийы сæргълæууæг бафыста постановлени цæмæй ацы бæрæгбон æрвылаз бæррæггонд цæуа сентябры цыппæрæм хуыцаубоны[57].

2010-æм азы сентябры Владивосточы пълан æвæрд æрцыд цæмæй сæххæст кæной æхсæнадæмон Тигрон саммит 13 бæстæйы хицауæдты сæргълæууджыты æмвæзыл. Саммиты хъуамæ æртæрхон кæной тигрты популяцийы фæцыбыры проблемæ, æмæ ма иумæйаг уæрæсейаг-китайаг æрдзæвæрæны аразыны тыххæй.[58]

Иртæст æрдзы[ивын | Бындур ивын]

Ис нæхъæн рæнхъ гæнæны, кæдоны æххуысæй цæуы тигрты иртæст хъæддаг æрдзы[59]:

  • Къахвæдад (уырыс. тропление) — тигрты иртæсты тæккæ рагондæр мадзал, йæ мидис у зымæгон тигры къахвæдтыл цæуын популяцийы нымæц æмæ динамикæ, асон æмæ æрдон сконд, репродуктивон хъомад раиртасыны нысанимæ.
  • Радиотрекинг — тигр цы ран ис æмæ йæ бынæттæ куыд ивы уымæ цæст дарын радиохъуырцæджы æххуысæй.
  • GPS-æрвитæджы æххуысæй трекинг. Æрæджы радиохъуырцæджыты баивтой хъуырцæджытæ GPS-æрвитджытимæ. Ахæм хъуырцæгæн йæ Хъæлцады элементы ифтыгъд фаг кæны иу 500 бонæн, уый фæстæ йæхæдæг автоматикон æгъдауæй рафтауы йæхи сырды хъуырæй.[59] Ахæм хъуырцæджытæ сывæрынæн тигрты рагацау æрцахсынц. Цы рæтты арæхдæр фæзыны сырд, уым бæласыл бафидар кæнынц сæрмагонд цасм æндон тросæй. Бæласыл ныууадзынц сайæн цъамалæгæй. Тигр ацы къæппæджы куы бахауы уæд сæрмагонд æрвитæг сигнал арвиты цъысым кæй скуыста.[59]
  • Къамкъæппæджытæ — тигрты змæлды рæтты сæвæрынц къамисæнтæ, уыдон инфрасырх датчикы æххуысæй æркусынц сæ цурты сырд куы фæцæйцæуы, уæд. Къамисæнтæ фылдæрхатт сæвæрынц къæйттæй[59]. Ацы метод фадат дæтты сбæрæг кæнын хицæн сырдты, сбæлвырд кæнын популяцийы нымæц æмæ æнгомад.

Тигр æмæ адæймаг[ивын | Бындур ивын]

Тигрыл цуан[ивын | Бындур ивын]

Иллюстраци, æвдисы тигртыл цуан Индийы XIX-æм æнусы.

Адæм æппæт историйы дæргъы цуан кодтой тигрыл, уый нымад уыдис кадджын цуанон трофейыл.

Иу таурæгъмæ гæсгæ, Алыксан Мачъыдон Астæуккаг Азийы бацахсты æмæ Сырдарьяйы былтыл сахар Александрия эсхата (Худжанд) бындурæвæрды фæстæ арф ацыдис æнæцæрæг зæххыты хуылфмæ цæгатырдæр æмæ нырыккон Ташкенты фæлдзусы цуан кодта Туранаг тигртыл дротикты æххуысæй.

Рагон Корейæйы тигрыл цуан æмæ ахсгæ кодтой сæрмагонд цуанонтæ, йæхæдæг процесс та уыдис тынг ритуализацигонд: тигры ном дзурын нæ уыдис æмæ суанг цуаны рæстæг дзурын дæр не мбæлыдис[60]. Цуанæтты дзаумæттæ хицæн кодтой иннæ адæмы уæлæдарæсæй — дарддой æрвхуыз четæн къурткæ æмæ бæмбæгджын тюрбан цъæх хъуымацæй æмæ фæрдгуытæй фæлыстгондæй. Æнæмæнг атрибут ма тигртыл цуанонтæн уыдис хъуырфæрдгуытæ хъæдурæй. Цуанæтты хойраджы хъуамæ æдзухдæр уыдаид тигры дзидза. Цуанæттæ ахстой корейаг æхсæнады привилегиджын ран, сæрибар уыдысты паддзахадон хъалæттæ фидынæй дæр[60].

Тигртыл цуан хаста массон характер XIX æмæ XX æнусы райдайæны Индийы, уыдис ангисаг колонистты хиирхæфсты фæрæзтæй иу[61]. Цуанæттæ цыдысты куыд фистæгæй афтæ гауртыл æмæ пылтыл бадгæйæ[61]. Арæх тигрты æрбасайынæн пайда кодтой сæгътæй[61]. Бынæттон цæрджытæ иуæй-иу хатт уыдысты загонщиктæ, цагътой барабанты[61]. Мард тигртæй арæх кодтой быдыргътæ, фæстæдæр иу уыдон фæлынд кодтой англисаг аристократты хæдзæрттæ.

Ныры уысмы тигртыл цуан иваргонд у, фæлæ ма бирæ рæтты тынг парахат кæны браконьердзинад.

Ахстуаты[ивын | Бындур ивын]

Дунейы зоопаркты æмæ аквариумты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, иу 12 000 тигры АИШ-ы дарынц хæдзарон фосы хуызы[62]. Афтæ бирæ кæй сты уый у АИШ-ы закъондæттынады хицæндзинæдты аххосаг: тигрты хæдзæртты дарын нæ уадзынц 19 штаты, 15-ы хъæуы сæрмагонд лицензи, 16 та ацы фарста закъонæй уагæвæрдгонд нæ цæуы.[62]

Хæдзарон тигрты бæрзонд нымæц баст у циркон æмæ зоопаркон тигртæй фылдæр цот цæуын кæй райдыдта 1980-æм æзты райдайæны, уымæй тигрты аргъ æрхаутта.[52]

Тигртæ-адæмхортæ[ивын | Бындур ивын]

Цомахъты астæу куыд вæййы афтæ тигрты астæу дæр æмбæлынц лæджыфыдхортæ; арæхдæр уыдон вæййынц зæронд кæнæ рынчын сырдтæ æнæ ссыртæй, уымæ гæсгæ сæ бон нæ вæййы сæфтæгджынтыл цуан кæнын.

Джим Корбетт, хъуыстгонд тигртыл цуанон, цы цаутæ сфысста, уыдон æвдисынц цы драматикон вæййынц ахæм ныххаудтæ. Тæккæ хъуыстгонддæр цау адæмхор тигртимæ æрцыдис Чоугары (бынат НАйни-Тал). Ам 1925-æм азы 15 декабрæй 1930-æм азы 21 мартъийы онг сыл тигры амæттæгтæ систы 64 адæймаджы[63].

Адæмхор тигрты проблемæ ныр дæр ма у актуалон индийаг штаттæн Уттар-Прадеш æмæ Сундарбанæн. Сундатбаны мангровæйы цыфдзæстыты, тигры аххосæй æппæты фылдæр адæм кæм мæлы, адæймагыл цуан фæкæнынц æххæстæй æнæниз сырдтæ дæр.[64] Индиаг зоологтæ сбæрæг кодтой, ацы регионы сырдтæй аллы цыппæрæм дæр кæй у потенциалон адæмхор, арæх адæймагыл ныххауынц æнæнхъæлæджы.[65].

Фæлæ ссардæуыд ахæм тигртимæ тохы хуымæтæг мадзал. Тигртæ-адæмхортæ барæй фæхъавынц адæмммæ дымгæйы ныхмæ кæнæ йæм фенхъæлмæ кæсынц разбадæны, æмæ фылдæр хатт ныххауынц фæсонты рдыгæй. Ахæм уавæрты æрымысыдысты хуымæтæг æмæ ахъазджын мадзал, къæбутыл скæнынц маскæ, йæ уæлæ цæсгом æмæ цæстыты нывимæ. Ацы сайæн бирæ фæкъаддæр кæны тигры ныххауды гæнæн[64]

Китайы традицион медицинæ[ивын | Бындур ивын]

«Тигр», XIX æнус, Утагава Куниёси

Китайы цæрджыты фылдæр хай æнхъæлынц æмæ тигры алыхуызон буары хæйттæ æмæ уыргтæ дзæбæхгæнæн миниуджыты хицау сты, æмæ уыдонæй пайда кæнынц куыд рыстсæттæнты хуызонæй райдай æмæ афродизиактæй фæуы[66]. Китайы традицион медицинæйы пайда кæнынц тигры æппæт уæнгтæй æмæ уыргтæй, рихитæй райдай æмæ кæдзилæй фæуы.[66] Ацы уырнынæдтæн исты наукон бындур æвæрд нæма æрцыдис. Ныр тигры уæнгтæй пайда кæнын Китайы у хъодыгонд, тигрыл цуангæнджыты та æфхæрынц мæлæты тæрхон рахæссынæй. Уымæ гæсгæ китайаг базаргæнджытæ арæх сæрвитынц сæ криминалон заказтæ тигртæ самал кæнынæн арæнтæм æввахс цæрæг уæрæсейæгтæн.

Мифологи, таурæгътæ æмæ символизм[ивын | Бындур ивын]

Тигр у Азийы бæстæты адæмон мифты сæйраг персонажтæй иу, уæлдайдæр уыцы регионты, кæдон йæ цæрæнрæттимæ æнгом баст сты. Арæх æй афыссынц куыд сырдты паддзахы, æппæт сурзæххыл цы цæрæгойтæ цæры — уыдоны бардзырдтæттæг, монархийы æмæ тыхы символ. Тигры арæх фæбæттынц æхсаримæ — афтæ Индийы йæ ныв — хæстоны эмблемæ[67]. Японы кæд тигр хъуыстгонд уыдис афтиддæр мифты фæрцы, уæддæр йæ сурæт у æхсары символ æмæ у хъайтарты атрибут[67]. Хуссар-Ныгуылæн Азийы æмæ Корейы тигрæн кад лæвæрдтой куыд хæхты æмæ лæгтæтты хицауæн, нымад уыдис хицауиуæг паддзахон мыггæгтыл ауыдæгыл, æмæ йæм кастысты куыд Зæхх æмæ Арвы астæу æхсæнгæнæгмæ.

Китайы æууæндыдысты — тигр кæй у хъомысы æмæ æнæниздзинады символ æмæ иуфарс кæй ссуры фыдтыхтæ æмæ низтæ. Даосизмы ацы тугдзых ассоциацигонд цыдис ныгуылæнимæ, уырс хуызимæ, фæззæгимæ æмæ фондз фыццаг элементтæй иуимæ — донимæ. Йæ ныхмæ æвæрд цыдис кæрдæгхуыз дракон — уалдзыгон скæсæны фæлгондз. Тигры æмæ драконы тох ссис Китайы нывкæныны популярондæр символикон мотивтæй иу. Тигр у китайаг буддизмы Æртæ Æнæнкъараг Уæвджытæй иу, фæлгонц кæны фыдзæрдæдзинад.[67]. Ноджы ма китайаг уырнынæдтæм гæсгæ фондз легендарон тигры хъахъхъæнынц дунейы фæрстæ æмæ Центр; æрвхуыз — скæсæн, сау — цæгат, сырх — хуссар, уырсытæ ныгуылæн æмæ центр.[67] Тигр нымад у æртыккаг сырдыл китайаг 12-азон къæлиндары.

Иуæй-иу азиатаг адæмыхæттыты уырнынæдтæм гæсгæ тигртæ нымад уыдысты адæймаджы фыццагон фыдæлтыл, кæнæ адæмы æндæр расæйыл. Афтæ малайаг знæмтæ æнхъæлдтой, тигртæм кæй ис адæмы хуызон социалон уагæвæрд, Сыбыры нивхитæ æмæ Суматрæйы цæрджытæ та æнхъæлдтой тигртæ адæмы хицæн хуыз кæй сты. Индийы хицæн адæмыхæттытæ сæ хæдзарвæндаг ранымадтой иу сылгоймаджы æмæ тигры бинонтæй, æмæ сæхи хуыдтой «тигр-адæм». Ахæм районтæй бирæты тигрыл цуан уыдис хъодыгонд[68].

Цавæрдæр азиатаг адæмыхæттыты уырныдта: тигртæ кæй сты сæ фыццагон рагфыдæлтæ, кæнæ та адæмы æндæр расæ. Афтæ малайаг знæмтæ æнхъæлдтой тигртæм кæй ис социалон уагæвæрд раст куыд адæммæ, Сыбыры нивхитæ æмæ Суматрæйы цæрджытæ та сæ нымадтой адæмы хицæн хуызыл. Индийы кæцыдæр адæмыхæттытæ сæ хæдзарвæндаджы райдайæныл нымадтой тигры æмæ сылгоймаджы бинонтæ, сæхи та фæхонынц «адæм-тигртæ». Ахæм уырнынæдтæ парахат кæм уыдысты уыцы районтæй бирæты тигры марын æмæ йыл цуан кæнын тобæгонд уыдис.[68] Тигримæ ма уыдис баст цотуадзæн хъомысы культ. Азийы дард къуымты æнхъæлдтой, хуыскъдзинад сдзæбæх кæнынæн кæй хъæуы тигры фыд хæрын, кæнæ йын йæ фæдтыл зилын, кæнæ йæ царм дарын. Зæгъæм китайаг дуаг Си Ван Му, ныгуылæны, цотуадзæн хъомысы æмæ æнæмæлæты бардзырддæттæг рагон китайаг ратæдзæнты фæзыны тигроморфон æууæлтимæ.

Антикон мифологийы ацы сырд стæм хæттыты æмбæлы: Овидий фæхъусын кæны сыл тигр кæй фестадис Фетида цæмæй Пелейы ус ма суа. Тигры кой ма скæнынц куыд Дионисы саргъон цæрæгой, фæлæ арæхдæр уыцы функци æххæст кæны йæ хæстæг — пантерæ. Ноджы ма рагон грекъаг мифологийы тигртæ хатгай æвдыст цæуынц леопардты бæсты Дионисы (Вакхы) уæрдон ласджытæй.[67] Æвзонг Европæйы тигр райдыдта хатын куыд хъомысы æмæ тугмондагдзинады фæлгондз[67]. Нырыккон ныгуылæн культурæйы тигры сурæт хицæнхуыз нысаниуæг райста татуировкæты, уыимæ ахæстононты дæр, æмæ амоны джелбетт, тых, æнæхатырдзинад æмæ рыхæн.[69]

«Тигры стиль» — ушуйы традицион æддаг стильтæй егъаудæртæй иу.

Нывкæнынады[ивын | Бындур ивын]

Нывкæнынады фæлдисондтæй тигримæ фыццæгтæ ссардæуыдысты корейаг зæппæдзты, æнхъæлгæйæ хауынц Когурёты æлдариуæджы периодмæ (37-æм аз нæ д.а. — 668-æм аз нæ д.)[60]. Нымад уыдис, тигры нывтæ кæй хъахъхъæнынц зæппæдзтæ. Къултыл нывтæ йæдтæмæ ма зæппæдзты ссардæуыд бирæ дзаумæттæ кæдоны датировкæтæ хауыц бронзæйы æнусмæ (1000-æм аз нæ д.а. — 300-æм аз нæ д.а.), тигры сурæттимæ: айдæнтæ, фæрæттæ, кæрдтæ, мигæнæнтæ, дзæнгæрджытæ, гиритæ, фæлындæнтæ, ритуалон дзаумæттæ æмæ æнд.[60]

Тигр у кирайаг живописы сæйрагдæр сюжеттæй иу.

Арæх ис сæмбæлæн тигры сурæттыл индиаг аивады. Тæккæ хъуыстгонддæр дæнцæгтæй ис æрхæссæн хъæдын механизацигонд æмæ ахуырс тигр Типу Султан, хæры англисаг салдатты сырх униформæйы (раласдæуыд Шрирангапатнамæй, ныр ис Викторийы æмæ Альберты музæйы).

Исламы цæрæгойты сурæттæ кæныныл æвæрд æрцыдис хъоды, уымæ гæсгæ пысылмон бæстæты аивад сæрмагонд фæндагыл ацыдис. Фæлæ афтиддæр тигртæн суфизмы, пысылмон дины къабазтæй иуы, уæлвæтгонд æрцыдис æмæ йæ нывтыл æмæ сурæттыл ис фембæлæн гауызтыл æмæ хъуымæцтыл, æмæ ма сахар Самарканды мæсджытты фасадтыл дæр Узбекистаны.

Тигры сурæттæ сæ бынат ссардтой европейаг нывкæнынады дæр, зæгъæм Делакруайы африкæйаг цуанон сценæтыл.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

У. Блейчы æмдзæвгæ «Тигр»-имæ ныв.

Тигры сурæт æмбæлы дунейы тынг бирæ фысджыты æмæ поэтты сфæлдыстады. Индиаг æмæ китайаг литерарутæйы традицимæ гæсгæ уæлæуыл кодтой тигры хъомыс. Ацы цæрæгой арæх æвдыст æрцæуы рæстдзинады, зондджындзинады æмæ хатгай æхсидгæ уарзты хъахъхъæнæгыл. Тигрмæ ахæм æнкъарæн ардыгæй ахызтис Æввахс Скæсæны прозæ æмæ поэзимæ.

Ныгуылæневропæйаг литературæйы тигрмæ ахаст æмнысанон нæ уыдис. Афтæ Редьярд Киплинг йæ фæлдисонды «Джунглиты чиныг»-ы равдыста тигры хинæйдзаг æмæ тызмæг сырдæй. Г. Честертон хуыдта тигры «хъынцымаг фидауцы фæлгонц».[70]. Уыимæ сывæллæтæн фыссæг Алан Милн йæ фæлдисонды Винни-Пухы тыххæй ракодта зæрдæмæдзæугæ æмæ хъæлдзæг персонажы — Тигрæйы. Тигр позитивон хуызы æвдыст у Г. Л. Олдимæ йæ радзырды «Хоанга». Тæппуд тигры сурæт сфæлдыста Ф. Баум йæ чингуыты Оз бæстæйы тыххæй.

Тигры цурты поэттæ дæр нæ ацыдысты. Тигры зæрдылдаргæ сурæт сфæлдыста йæ мдзæвгæйы «Цигантæм» (1920) Н. С. Гумилёв. Х. Л. Борхес сывæллонæй сырдтæй фыццаг федта æмæ бахъуыды кодта зоопарчы тигры,[70] æмæ йæм ис тигры тыххæй æмдзæвгæты æмбырдгонд «Тигрты сыгъзæринтæ». Англисагæвзагон бæстæты тæккæ хрестоматийон æмдзæвгæтæм хауы Уильям Блейчы æмдзæвгæ «Тигр»[70].

Владимир Арсеньевы чиныджы «Уссурийаг крайы æгайнæг рæтты» сæйраг герой Дерсу Узала æрыгонæй æнæнхъæлæджы амардта тобæйаг цæрæгойы — тигры, æмæ æнæхъæн цард тухитæ кодта йæхи аххосагыл нымайгæйæ æмæ тайгайы хицауæй тæрсгæйæ.

Геральдикæйы[ивын | Бындур ивын]

Геральдикон тигрæн (фæхонынц ма йæ 'tyger уымæн æмæ йæ хъæуы ахицæн кæнын «æрдзон» тигрæй tiger сæ дыууæ дæр кæй æмбæлынц геральдикæйы уымæ гæсгæ) ис бирæгъы буар, цомахъы къæдзил æмæ барц, хъомысджын æфсæртæ (уæллаг бырынкъджын) æмæ даргъгонд мукъу. Афтæмæй йæ сæ цæстытыл уайын кодтой астæузаманы нывгæнджытæ, уымæн æмæ гас сырды никуы федтой.

Амураг тигр нывгонд у Денджызгæрон крайы тырысайыл æмæ гербыл, Хабаровсчы крайы гербыл æмæ ма крайы тынг бирæ сахарты æмæ районты геральдикон символтыл. Амураг тигр ма у Республикæ Корейæйы националон цæрæгой[60]. Малайаг тигр у Малайзийы националон символ, нывгонд у бæстæйы гербыл, паддзахадон уагдæтты эмблемæты, гæрзифтонг тыхты эмблемæтыл. Шри-Ланкæйы бенгайлаг тигр сурæтгонд у тамилаг сепаратизм|сепаратистон змæлд Тамил-Иламы суæгъды Тигрты тырыса æмæ эмблемæйыл.

Фиппаинæтгæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Персайнаг æвзаджы этимологион дзырдуат. Персайнаг æвзаг æмæ литературæйы Ираны академи. Тæхран, 2004. Том 1, p. 358 ISBN 964-7531-28-1(фарси)
  2. Henry George Liddell, Robert Scott. A Greek-English Lexicon (Abridged Edition). — United Kingdom : Oxford University Press, 1980. — ISBN 0-19-910207-4.
  3. 'Tiger' at the Online Etymology Dictionary. Etymonline.com. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  4. The IUCN Red List of Threatened Species | accessdate = 2009-10-06
  5. Linnaeus, C. 1758. Syst. Nat. ed. 10. 1.:41
  6. Vladimir Georgievich Geptner,A. A. Nasimovich, Andreĭ Grigorevich Bannikov,Robert S. Hoffmann. 2 // Mammals of the Soviet Union. — 1992. — Т. 2. — 785 с. — ISBN 90-04-08876-8.
  7. Van den Hoek Ostende. Javan Tiger — Ruthlessly hunted down. 300 Pearls — Museum highlights of natural diversity(нем.)(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 30 августы. Архив 2009-æм азы 21 сентябры.
  8. 8,0 8,1 8,2 8,3 Andrew C. Kitchener. blic/EvolutionofTigers/TigerEvolution.pdf The evolution of the tiger. — Cambridge University Press.
  9. 9,0 9,1 9,2 Piper et al. The first evidence for the past presence of the tiger Panthera tigris on the island of Palawan, Philippines: Extinction in an island population. Palaeogeography, Palaeoclimatology, Palaeoecology 264 (2008) 123—127
  10. After McKenna & Bell, 1997, with recent species from Nowak, 1991(англ.). Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  11. 11,0 11,1 Vratislav Mazak. Der Tiger Nachdruck der 3. — Westarp Wissenschaften Hohenwarsleben. — ISBN 3 894327596.
  12. Красная книга СССР. Редкие и находящиеся под угрозой исчезновения виды животных и растений. — М.: Лесная промышленность, 1978. — 460 с.
  13. V.G. Heptner & A.A. Sludskii. Mammals of the Soviet Union, Volume II, Part 2. — ISBN 9004088768.
  14. 14,0 14,1 14,2 14,3 Кузнецов Б. А. Определитель позвоночных животных фауны СССР Часть 3: Звери. М.: «Просвещение», 1975. 200 с. с ил.
  15. 15,0 15,1 John Seidensticker. Riding the Tiger. Tiger Conservation in Human-dominated Landscapes. — Cambridge University Press, 1999. — ISBN 0-521-64835-1.
  16. Жизнь животных / Наумова С. П. и Кузякина А. П. — 1е. — Москва: «Просвещение», 1971.. — Т. 6. — 691 с.
  17. Слудский А. А. Распространение и численность диких кошек в СССР. — Тр. Зоол. ин-та Казахской ССР, 1973. — Т. 34. — С. 6—106..
  18. Science Band 313 (Heft 5786), 20. Juli 2006, S. 419
  19. The Caspian Tiger — Panthera tigris virgata. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  20. The Caspian Tiger at www.lairweb.org.nz. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  21. Graham Batemann. Die Tiere unserer Welt Raubtiere. — Bertelsmann, 1986.
  22. refox-a EXPLORING MAMMALS, Marshall Cavendish, Marshall Cavendish Corporation, John L Gittleman
  23. Task force says tigers under siege. Indianjungles.com. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  24. Wade, Matt (February 15, 2008), "Threat to a national symbol as India's wild tigers vanish", The Age (Melbourne): 9 
  25. Cracraft J., Feinstein J., Vaughn J., Helm-Bychowski K. Sorting out tigers (Panthera tigris) Mitochondrial sequences, nuclear inserts, systematics, and conservation genetics.. — 1998. — С. 139—150. — (Animal Conservation 1).
  26. Safe Chinas Tigers(англ.). Датæ: 2009-æм азы 30 августы.
  27. www.china.org.cn. Датæ: 2009-æм азы 30 августы.
  28. Rare China tiger seen in the wild, BBC News.
  29. Buzas, B. and Farkas, B. 1997. An additional skull of the Bali tiger, Panthera tigris balica (Schwarz) in the Hungarian Natural History Museum. Miscellanea Zoologica Hungarica Vol 11 pp: 101—105.
  30. Mitochondrial Phylogeography Illuminates the Origin of the Extinct Caspian Tiger and Its Relationship to the Amur Tiger. Датæ: 2009-æм азы 30 августы.
  31. The Caspian Tiger at www.lairweb.org.nz. Датæ: 2007-æм азы 12 октябры.
  32. Mitochondrial Phylogeography Illuminates the Origin of the Extinct Caspian Tiger and Its Relationship to the Amur Tiger
  33. Bambang M. 2002. In search of 'extinct' Javan tiger. The Jakarta Post (October 30)(недоступная ссылка). Thejakartapost.com. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры. Архив 2007-æм азы 29 сентябры.
  34. History of big cat hybridisation. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  35. S. Luo et. al.: Subspecies Genetic Assignments of Worldwide Captive Tigers Increase Conservation Value of Captive Populations. Current Biology, 18 (8), S. 592—596, [1](æнæбаххæсгæ æрвитæн), doi:10.1016/j.cub.2008.03.053
  36. Markel, Scott. Sequence Analysis in a Nutshell: a guide to common tools and databases. — Sebastopol, California : O'Reily, 2003. — ISBN 0-596-00494-X.
  37. tigon — Encyclopædia Britannica Article. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  38. White Tigers(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 6 октябры. Архив 2008-æм азы 31 декабры.
  39. Thornton, I.W.B. 1978. White tiger genetics-further evidence. J. Zool. 185:389-394
  40. Snow Tigers(англ.)(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 30 августы. Архив 2008-æм азы 5 сентябры.
  41. The white tiger today and the unusual white lion(англ.). Датæ: 2009-æм азы 30 августы.
  42. 42,0 42,1 White tigers. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  43. Golden Tigers and Genealogies(англ.). Датæ: 2009-æм азы 30 августы.
  44. Golden tabby Bengal tigers. Lairweb.org.nz. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  45. 45,0 45,1 45,2 45,3 45,4 45,5 45,6 Юдаков А. Г., Николаев И. Г. Экология амурского тигра. По зимним стационарным наблюдениям 1970—1973 гг. в западной части Среднего Сихотэ-Алиня. — Москва: Наука, 1987.
  46. 46,0 46,1 46,2 46,3 46,4 46,5 Тихонов А. Красная книга России. Животные и растения. — РОСМЭН, 2002. — С. 414. — 10 000 экз. — ISBN 5-353-00500-7.
  47. 47,0 47,1 47,2 47,3 Thapar, Valmik. The Tiger’s Destiny.. — Kyle Cathie Ltd: Publishers, 1992.
  48. Флинт В. Е., Чугунов Ю. Д., Смирин В. М. Млекопитающие СССР. — Москва: Наука, 1965. — 440 с илл. и цв. вкладками с. — (Справочник-определитель географа и путешественника).
  49. Sunquist, Mel and Fiona Sunquist. 2002. Wild Cats of the World. University Of Chicago Press, Chicago
  50. 50,0 50,1 50,2 50,3 Dale G. Miquelle, Philip A. Stephens, Evgeny N. Smirnov, John M. Goodrich, Olga J. Zaumyslova, Alexander E. Myslenkov. . — ISBN 9781559630801.
  51. 51,0 51,1 Гептнер В. Г., Слудский А. А. Млекопитающие СССР Хищные (Гиены и кошки). — Высшая школа. — Т. 2. — 552 с.
  52. 52,0 52,1 52,2 Nowak, Ronald M. Walker’s Mammals of the World. — Johns Hopkins University Press, 1999. — ISBN 0-8018-5789-9.
  53. Zoogoer — Tiger, Panthera tigris(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 6 октябры. Архив 2011-æм азы 12 октябры.
  54. Simon Denyer. Dalai Lama offers Indian tigers a lifeline. iol.co.za (March 6, 2006). Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  55. +largest&client=firefox-a Students' Britannica India — By Dale Hoiberg, Indu Ramchandani
  56. WWF —Всемирный фонд дикой природы, российское представительство(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 6 октябры. Архив 2006-æм азы 1 сентябры.
  57. В Чите отметили «День тигра» (6 октябры 2006). Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  58. Разрабатывается новая российская стратегия сохранения амурского тигра(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 6 октябры. Архив 2008-æм азы 1 декабры.
  59. 59,0 59,1 59,2 59,3 Специальные устройства для исследования тигров. Датæ: 2009-æм азы 6 октябры.
  60. 60,0 60,1 60,2 60,3 60,4 Алцыдæр корейаг тигры тыххæй.
  61. 61,0 61,1 61,2 61,3 vide Royal Tiger (nom-de-plume) in The Manpoora Tiger — about a Tiger Hunt in Rajpootanah. (1836) Bengal Sporting Magazine, Vol IV. reproduced in The Treasures of Indian Wildlife
  62. 62,0 62,1 Lloyd, J & Mitchinson, J: «The Book of General Ignorance». Faber & Faber, 2006.
  63. JIM CORBETT. MAN — EATERS OF KUMAON. — Oxford University Press, 1993. — С. 228. — ISBN 0195622553.
  64. 64,0 64,1 Н. Ю. Феоктистова, С. В. Найденко, Н. Г. Овсяников. Мир зверей. — Москва: АСТ, Астрель, 2001. — (Я познаю мир. Энциклопедия).
  65. .
  66. 66,0 66,1 Harding, Andrew. Programmes | From Our Own Correspondent | Beijing's penis emporium, BBC News. Фæстаг фенд 2009-10-06.
  67. 67,0 67,1 67,2 67,3 67,4 67,5 Тресиддер Джек. Словарь символов. — 1999. — 430 с.
  68. 68,0 68,1 National Animal Архивгонд æрцыдис 21 июлы 2011 азы. Panthera tigris, Tiger is the national animal of India Govt. of India website
  69. Д. С. Балдаев. Татуировки заключенных. — Лимбус Пресс, 2006. — С. 168. — 3000 экз. — ISBN 5-8370-0128-X.
  70. 70,0 70,1 70,2 Jorge Luis Borges: Conversations. University Press of Mississippi, 1998. ISBN 1-57806-075-3. Page 169.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]