Тæрхон:Самтредиа
Куыддæр нæ фидауы ацы дзырды кæроны дамгъæ "Æ". Хуыздæр уаид фыссын *Самтредиа*. Dziglo 22:44, 29 ноябры 2009 (UTC)
- „Куыддæр нæ фидауы“ тынг у.
- Æппæт гуырдзиаг нæмтты -а фыссæм æви куыд?
- Ис нам Степанцминда, Цалкæ æмæ æндæртæ. Amikeco 07:58, 30 ноябры 2009 (UTC)
- Æз ма никуы федтон, "-иа"-йыл чи фæуд кæны, ахæм дзырдтæ афтæ ивгæ. Фæлтау "-иа" æнæвнæлдæй уадзæм. Dziglo 08:26, 30 ноябры 2009 (UTC)
- Плиты Грисы æмдзæвгæ ссардтон:
- САМТРЕДИ
- Фæцагур дунетыл цæрæндон,
- Æвзарæд удлæууæн дæ цæст, —
- Кæд ис æрæнцайæн дзæнæтон,
- Уæд уый Самтреди у æрмæст.
- Æгæрон зад дыргъдон — йæ бæстæ,
- Чызг уа, лæппу, йе лæг, йе ус —
- Сырх фæткъуы, бур кæрдобæлæстæй
- Мæргътау куыд зарынц, хъуома, хъус!
- Сæрддæргъы сой-зæххыл хæларæй
- Сæ фæллой хидкалæн цы уыд —
- Фыййауæй, дохтырæй, сæрдарæй
- Бындзытау уымæй исынц мыд.
- Зæххыл цы бирæ бæстæ федтай —
- Сæ иуыл ахæм адæм нæй:
- Лæг дзы поэт кæны, поэт та
- Лæджы хæрзуд кæны нывтæй.
- Ам алчи иннæтыл нымад у,
- Ам алчи адæмæн лæг у.
- Фынгыл йæ хъæубæстимæ бады,
- Уæздан æгъдауæвæрæг у,
- Лæг сæм æрбафтыди фæндагыл,
- Хабарæй не 'мбæлы фæрсын,
- Фынг ын æрæвæрынц, фыццаг ын
- Æрхæссынц цæхх æмæ кæрдзын.
- Фæсвынг та уазæг нал — æмгар дæ,
- Цы кæной ам — ды дæр æй кæн,
- Уæд удæн семæ зарын цард у,
- Сæ цард та зарæг у лæгæн.
- Æмæ та ног зæгъын мæ фæндон,
- Фæндон та зæрдæйыл у хæст:
- Кæд ис зæххыл цæрæн дзæнæтон,
- Уæд уый Самтреди у æрмæст.
- 1973
- --Dziglo 09:40, 30 ноябры 2009 (UTC)