Сомосæ Дебайле, Анастасио

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд

Анастасио Сомосæ Дебайле (исп. Anastasio Somoza Debayle; райгуырд 1925 азы 5 декабры — амардтой йæ 1980 азы 17 сентябры) уыд Никарагуæйы 44-æм æмæ 45-æм президент. Куыд Национ гвардийы командæгæнæг, уый уыд бæстæйы сæргъы 1967 азæй 1979 азы онг. Анастасио Сомосæ Дебайле уыд Сомосæты мыггаджы фæстаг минæвар, уыцы мыггаг Никарагуæйы æлдариуæг кодта 1936 азæй.

Йæ фыд æмæ йе ’фсымæры хуызæн, Анастасио Сомосæ хицауиуæг кодта АИШ-ы экономикон æмæ хæстон æххуысыл æнцæйгæ. Йæ гвардийы уыд 12 мин хæстоны. Историмæ бацыд куыд дунейы тугдзыхдæр диктатортæй иу, æрмæст йæ репресситæй амардысты 180 мин адæймаджы бæрц[1], уыимæ ма мингай адæм амардысты низтæ æмæ стонгæй.

Сæргæндтæ

[баив æй] Афæлдæхт

1978 азы Никарагуæйы ссыгъди хицауады ныхмæ сыстад. Сомосæ АИШ-мæ лæгъстæ кодта, цæмæй æрбарвитой ын йе ’фсæд, фæлæ АИШ йæ ныуагъта иунæгæй. 1979 азы 17 июлы сæумæраджы Анастасио Сомосæ æрæмбырд кодта йæ фыд æмæ йе ’фсымары марды чырынтæ, æрмæджы æхца æмæ хæзнатæ, йæ хæстæджыты — æмæ йæхи хæдтæхæгæй атахт АИШ-мæ.

[баив æй] Мæлæт

Сандинистты революци куы фæуæлахиз, уæд Сомосæ сусæгæй афтыд Парагваймæ, уымы диктор Альфредо Стресснермæ. Уыцы ран бирæ нæ фæцарди — сандисттæ йæ ссæрдтой æмæ амардтой Парагвайы сæйраг сахар Асунсьоны уынгтæй иуы 1980 азы 17 сентябры. Фыццаг йæ хæдтулгæ базукæйæ фехстой, стæй хæстæгдæр бацыдысты æмæ автоматтæй фехстой Сомосæйы. Балæбурджытæй иу дзыхъмард фæци, æндæртæ фæтары сты. 2001 азы куыд рабæрæг, Сомосæйы амардтой сандистты тæрхонмæ гæсгæ Аргентинæйы Адæмы Революцион Армийы уæнгтæ, сæ сæргъы уыд Энрике Горриаран Мерло.

[баив æй] Кæс



[баив æй] Фиппаинæгтæ