Сомихы гæдытæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Азийы цомахъ, раздæр цард Сомихы

Рагон заманы нырыккон Сомихы территорийыл уæвыд бирæ стыр гæдыты хуызты ареал.

Абоны бонмæ Сомихы стыр гæдыйы хуызтæй баззад æрмæст иу хуыз — разазиаг фæранк (Panthera pardus ciscaucasica) æмæ фондз хузы гыццыл гæдытæй — кавказаг стай (Lynx lynx caucasicus), хъамылы гæды (Felis chaus chaus), хъæддаг гæды (Felis silvestris), манул (Otocolobus manul) æмæ быдыры гæды (Felis silvestris lybica)[1].

Иумæйаг информаци[ивын | Бындур ивын]

Домбайты æмæ гепардты Сомихы территорийыл раджы ныццагъдтой, тигртæ ма дзы уыд XX æнусы райдайæны, фыранктæ ныр дæр цæрынц Сомихы территорийыл, фæлæ сæ нымæц у æрмæст 5-7[2] фыранчы бæрц. Сомихы цы домбайтæ ’мæ гепардтæ цард, уыдон хаудысты азиаг дæлуындмæ (Acinonyx jubatus venaticus — азиаг гепард, Panthera leo persica — азиаг цомахъ). Раздæр Сомихы территорийыл арæхæмбæлгæ цы тигртæ уыд, уыдон хаудысты турайнаг дæлуындмæ (Panthera tigris virgata — турайнаг тигр). Абоны бонмæ сæ нымайынц æдзæрæгты хуызы. Ныры заманы Сомихы цы фыранктæ цæрынц, уыдон хауынц фæсазиаг дæлуындмæ — Panthera pardus saxicolor. Уый у фыранкты стырдæр дæлуындтæй иу[3].

Разазиаг фæранк

Фыранкты нырыккон ареал Сомихы территорийыл у 2856,8 км²-мæ ’ввахс, парахат кæны йæ хуссар æмæ хуссар-ныгуылæны рæтты ’рдæм дæр (Вайоц Дзор, Арарат, Сюник). Разазиаг фыранк 1970-æм азы райдайæны онг цардис цы бынæттæ банымадтам уыдонæй уæлдай ноджы Сомихы цæгатаг-скæсæны хайыл, Севаны цадæй цæгаты ’рдыгæй, фæлæ куыд фæстагмæ, афтæ сæ популяци уым бабын ис. 1987-æм азы разазиаг фыранк æфтыдгонд æрцыд Сомихы Сырх чиныгмæ.

Тугдзыхы ареал уæвы Гегамы, Даралагезы, Зангезуры, Баргушаты æмæ Мегрийы рæгътыл. Сомихы фыранкты уæвынæн цы сæйраг факторттæ хæссынц тас, уыдонмæ хауынц: æгæр арæх фосы хызт (халынц фыранкты биотоп), браконьерад, сыгъдтытæ æмæ адæймаджы архайд.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Сомихы гæдыты дуне
  2. Красная книга Армении: 5 или 7 леопардов и еще меньше награждённых авторов. Regnum. Датæ: 2012-æм азы 3 июны.
  3. Фыранчы дуне(недоступная ссылка). Датæ: 2019-æм азы 25 февралы. Архив 2018-æм азы 17 январы.