Согъд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Согъд, нæ э. а. 300 аз

Согъд (Согдианæ æмæ Сугъд дæр; тадж. Суғд) уыди ирайнаг адæмты рагон цивилизаци. Согъдмæ хаудтой Самарканд, Бухара, Худжанд æмæ Кешы (Шахрибазары) зæххытæ.

Историктæ Согъды тыххæй цы зонынц, уымæй бирæ базыдтой, согъдаг æвзагыл цы фыстытæ баззади, уыдонæй. Согъдаг адæм фыстой сæхи алфавитæй, гæххæттыл, царм æмæ бæласы къалиуттыл.

Согъды цæрджытæ дзырдтой согъдаг æвзагыл, уый уыд рагон ирон (алайнаг) æвзагæн тынг хæстæг. Согъдаг æвзагæй баззад «ног согъдаг» (ягънобаг) æвзаг (йæ дзурджытæй фылдæр цæрынц Таджикистаны), у тæссаг уавæры.