Ягънобаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ягънобаг æвзаг
Бæстæтæ Таджикистан Таджикистан
Æдæппæт дзурджыты нымæц
  • 12 000 ад.
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ
Индоевропæйаг æвзæгтæ
Индоирайнаг æвзæгтæ
Ирайнаг æвзæгтæ
Скæсæн ирайнаг æвзæгтæ
Ягънобаг æвзаг
Фыссынад латинаг алфавит[d] æмæ кириллон алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1
ISO 639-2
ISO 639-3 yai
WALS ygn
Atlas of the World’s Languages in Danger 1438
Ethnologue yai
ELCat 3217
IETF yai
Glottolog yagn1238

Ягънобаг æвзаг (йағнобӣ зивок) у ягънобаг адæмы æвзаг. Дзурынц ыл 12 мин адæймаджы бæрц Таджикистаны.

Ягънобаг æвзаг согъдаг æвзаджы Усташанæйы диалектæй равзæрдис. Уымæй у ирайнаг æвзæгты цæгат-скæсæйнаг къорды дыууæ уæнгæй иу. Сæ равзæрдмæ гæсгæ, ирон æвзагæн ягънобаг æвзагæй хæстæгдæр нæй. Кæд æнусты дæргъы кæрæдзийæ иппæрд уыдысты, уæддæр дыууæ æвзаджы ’хсæн ис ма тынг æнгæсæн дзырдтæ: зæгъæм, ягънобагау шумох нысан кæны «сымах».

Ягънобаг æвзаджы ахуыры чиныг 4-æм къласæн (1998)

Ягънобаг æвзаджы ис 8 хъæлæсоны (уыдонæй 5 сты дæргъвæтин, 3 — цыбыртæ) æмæ 27 æмхъæлæсоны. Уыцы æвзаджы ис æрмæст дыууæ хауæны (афтæ рагон ирон æвзаджы дæр уыдис, иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ).

Ис ягънобæгтæн сæхи фыссынад кириллон таджикаг фыссынады бындурыл, сарæзта йæ ахуыргонд Сайфиддин Мирзозода, Таджикистаны Зонæдты Академийы уæнг. Ягънобаг æвзаг ахуыр кæнынц ягънобаг хъæуты сывæллæттæ фыццаг къласæй цыппæрæм къласмæ, уымæн ис сæрмагонд ахуыры чингуытæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Хромов А. Л. Ягнобский язык, Мæскуы, 1972.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]