Салхъазантæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Салхъазантæ[1] (уырыс. Салказановы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Рагон таурæгътæм гæсгæ, дам, мыггæгтæ Салхъазантæ, Боцитæ, Барахътæ, Нанитæ æмæ Къочитæ равзæрдысты Хъалæгаты мыггагæй. Ацы мыггæгтæн сæ фыдæлтæ уыдысты æфсымæртæ — Салхъазан, Боци, Барахъ, Нани æмæ Къочи. Цардысты Уæлладжыры комы, Мызуры хъæуы. Салхъазан æмæ Къочи алыгъдысты Дыгургоммæ æмæ æрцардысты: Салхъазан — Гæлиаты фарсмæ Цирохсы хъæуы, Къочи та — Доныфарс. Салхъазан Цирохсы ус ракуырдта, бинонтæ скодта æмæ йæ мыггаг рауагъта йæ номыл — Салхъазантæ.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.