Персы бакæлæн
Персы бакæлæн | |
---|---|
перс. خلیج فارس, арабб. الخليج العربي | |
Характеристикæ | |
Фæзуат | 239 000[1] км² |
Гуырахст | 9100 км³ |
Донбылы дæргъ | 5500[2] км |
Стырдæр арф | 102 м |
Астæуккаг арф | 36 м |
Бассейн | 1 400 000 км² |
Ран | |
26°54′17″ с. ш. 51°32′51″ в. д.HGЯO | |
Бæстæ | |
Викикъæбицы медиа |
Персы бакæлæн[3] (перс. خلیج پارس — xalij-e fârs) у Иран æмæ Аравийы æрдæгсакъадахы ’хсæн бакæлæн. Ормузы донкъубалæй баст у Оманы бакæлæнимæ, Араббы денджызимæ æмæ Индийы фурдимæ. 1960-тæм азтæй иуæй-иу араббаг паддзахæдтæ рæгъмæ æрхæстой бакæлæны ном баивыны идейæ: араббагау æй райдыдтой Араббы бакæлæн хонын (арабб. الخلیج الفارسی )[4]. Ацы ном араббаг дунейы æдде нæ рапарахат ис, Иугонд Нациты Организаци æмæ æндæр организацитæ дарддæр пайда кæнынц раздæры номæй[5][6][7][4].
Персы бакæлæны былгæрон ис ахæм паддзахæдтæ: Оман, Араббы Иугонд Эмираттæ, Сауды Арабб, Катар, Бахрейн, Кувейт, Ирак æмæ Иран. Персы бакæлæнмæ кæлынц цæугæдæттæ Тигр æмæ Евфрат.
Персы бакæлæны регион нефтарæх кæй у, уый охыл ын ис тынг ахсджиаг геополитикон ахадындзинад. XX æнусы кæрон регионы цыдысты дыууæ стыр хæсты: Иран æмæ Ирачы ’хсæн хæст (1980—1988) æмæ Персы бакæлæны хæст (1991).
Гидрологион, гидрохимион æмæ æндæр æууæлтæм гæсгæ Персы бакæлæн у денджыз.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Kämpf, Jochen; Sadrinasab, Masoud (2005.), str. 130.
- ↑ CIA: Coastline (2012.)
- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
- ↑ 4,0 4,1 Niusha Boghrati, Omission of 'Persian Gulf' Name Angers Iran, World Press.com, dated December 28, 2006 (æрвитæн)
- ↑ UN Map (æрвитæн)
- ↑ UN Map of Iran (æрвитæн)
- ↑ UN Map of Western Asia (æрвитæн)