Аравийы æрдæгсакъадах
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Аравийы æрдæгсакъадах кæнæ Арабы æрдæгсакъадах (араб. جزيرة العرب Джазират ал-Араб), Арави дæр, у егъау æрдæгсакъадах Азийы ныгуылæны — Сырх денджыз, Индийы фурд æмæ Персы бакæлæны ’хсæн. Йæ фылдæр хай æдзæрæгран у — цæгаты Нефуд, хуссары Руб-аль-Хали.
Æрдæгсакъадах æмæ йæ цуры сакъадæхтыл æрбынат сты Саудаг Арави, Йемен, Оман, Арабы Иугонд Эмираттæ, Бахрейн, Катар æмæ Кувейт. Регионæн ис егъау политикон роль, уый тыххæй æмæ дзы нефты гуырæнтæ ис. Регион у базарадон æмæ банкон системæйы ахсджиаг артдзæст.
VII æнусы Аравийы сæвзæрд пысылмон дин. Йæ пехуымпар Мæхæмæты къухы бафтыд араббаг знæмтæ баиу кæнын. Фæстæдæр Рашидуны æмæ Умаййады калифады рæстæг араббаг æлдариуæг ахæлиу Аравийы æрдæгсакъадахы дард æдде, фæзынди егъау пысылмон Араббаг импери — Испанийæ Индийы онг.