Омар Хайям

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Омар Хайям
перс. حکیم عُمَر خَیّام نیشابوری
Райгуырды датæ 1048-æм азы 18 майы[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1131-æм азы 4 декабры[1] (83 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз поэзи[4], математикæ[4] æмæ астрономи[4]
Ахуыргæнинæгтæ Музаффар аль-Асфизари[d], Аль-Хазини[d] æмæ Низами Арузи Самарканди[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Гиясаддин Абу-ль-Фатх Омар ибн Ибрахим аль-Хайям Нишапури (перс. غیاث ‌الدین ابوالفتح عمر بن ابراهیم خیام نیشابورﻯ), Омар Хайям (1048-æм азы 18 майы, Нишапур1113-æм азы 4 декабры) уыди номдзыд персайнаг поэт, математик, астроном, философ.

Омар Хайям æгас дунейæн зындгонд у йæ цыппаррæнхъонты (рубаиты) фæрцы. Фæлæ ма уый басгуыхти канд дзырдаивады нæ, фæлæ цардархайды æндæр къабæзты дæр. Алгебрæйы ахуыргонд сарæзта кубон æмбæрцæдты классификаци æмæ сæ райхæлдта конусон лыгуæтты руаджы. Ираны ма зонынц Омар Хайямы æндæр хъуыддаджы тыххæй — уый сарæзта, европæйаг къæлиндаримæ абаргæйæ бæлвырддæр чи у æмæ XI æнусæй кæмæй пайда кæнынц, ахæм къæлиндар.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Омар Хайям райгуырдис Ираны провинци Хорасаны, сахар Нишапуры. Йæ фыд уыдис халагъудгæнæг. Уыдис ма йын кæстæр хо Аишæ. Астаздзыдæй Омар зæрдывæрдæй зыдта Хъуыран, ахуыр кодта математикæ, астрономи, философи. Дыууадæс азы йыл куы сæххæст ис, уæд ссис Нишапуры медресейы сохта. Уым Хайям æнтыстджынæй сахуыр кодта медицинæ æмæ пысылмон барад æмæ ссис хаким, ома дохтыр. Фæлæ йæ медицинон практикæ уыйбæрц йæхимæ не ’лвæста. Ахуыргонд фылдæр æргом здæхта математикæ æмæ астрономимæ — ахуыр кодта Сабит ибн Куррайы чингуытæ, стæй бердзенаг математикты уацмыстæ.

Хайям, сывæллон уæвгæйæ, баййæфта сельджукты ныббырстытæ Централон Азийы. Уæды заман фæмардис бирæ адæм, уыимæ бирæ ахуыргæндтæ.

Омарыл æхсæрдæсаз азы куы цыдис, уæд рыны азарæй амардис йæ фыд, фæстæдæр — йæ мад. Омар ауæй кодта йæ фыды хæдзар æмæ æрмадз æмæ араст ис Самаркандмæ. Уыцы заман а сахар нымад уыдис Скæсæны зонадон æмæ культурон артдзæстыл. Самарканды Хайям ссис иу медресейы сохта, фæлæ дискусситы архайгæйæ, уый цалдæр раныхасы бафтыдта дисы уымы адæмы йæ зондæххæстæй æмæ йæ уайтагъд скодтой ахуыргæнæгæй.

Уыцы заманы иннæ стыр ахуыргæндтау Омар дæр бирæ нæ фæстиат кодта иу сахары. Самарканды цыппар азы фæцæрыны фæстæ Хайям æрбынат кодта Бухарайы æмæ райдыдта кусын сахары чиныгдæтты. Бухарайы цы дæс азы фæцис, уый рæстæг ахуыргонд ныффыста математикæйы цыппар бындурон трактаты.

1074-æм азы Омары æрбахуыдтой Санджарты паддзахады сæйраг сахар Исфаханмæ, сельджукты хуындæджер Мæликк-сах Фыццаджы кæртмæ. Сахы сæйраг визир Низам ал-Мулчы хъæппæрисæй Омар нысангонд æрцыдис хуындæджеры динон ахуыргæнæгæй. Уымæй уæлдай ма Мæликк-сах скодта йæ галуаны обсерваторийы разамонæгæй. Омар канд математикон иртасæнтæ нæ кодта, фæлæ ма ссис зындгонд астроном. Уый ахуыргæндты къордимæ сарæзта хурон къæлиндар, григорионæй дзæвгар бæлвырддæр чи уыдис, ахæм.

Уалынмæ амардысты, армдарæн Хайямæн чи кодта, уыцы Мæликк-сах æмæ визир Низам ал-Мулк, æмæ 1092-æм азы фæцис йæ царды исфахайнаг дуг. Ахуыргонды фæаххосджын кодтой æнæдин хъуыдытæ парахат кæнынæй. Æндæр гæнæн йын нæ уыд æмæ Омар рафардæг ис сельджукты сæйраг сахарæй.

Ахуырлæг амардис 1113-æм азы йæ райгуырæн Нишапуры.

Зонадон архайд[ивын | Бындур ивын]

Хайям математикæмæ хай бахаста, «Ал-джебрæ æмæ ал-мукабæйы проблемæты райхæлдтыты тыххæй трактат», зæгъгæ, йæ уыцы уацмысæй. Ацы чиныджы радзырдæуыд канд квадратон æмбæрцæдты райхæлды тыххæй нæ, фæлæ ма кубонты дæр. Хайямы агъоммæ зындонд уыдис Архимеды геометрион метод: æбæрæг нымæц нывгонд чындис, дыууæ конусон лыгуæттæ кæрæдзи кæм æрлыг кæнынц, уыцы стъæлфы хуызы. Хайям скодта бындур уыцы методæн, сарæзта æмбæрцæдты типты классификаци, стæй конусон лыгуæтты тип равзарыны алгоритм. Уымæй уæлдай ма равдыста æвæрццæг уидæгты нымæц æмæ сæ асты аргъ. Хъыгагæн, Хайям нæ бафиппайдта, кубон æмбæрцадæн гæнæн ис æмæ уа æртæ буаргъæдон уидаджы. Омар цы къæлиндар сарæзта, уымæй Ираны пайда кæнынц 1079-æм азæй фæстæмæ.

Литературон сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Омар Хайямы кад дунейыл анхъæвзта йæ бирæнымæц æмдзæвгæты руаджы. Поэты цыппаррæнхъонтæ тæлмацгонд æрцыдысты бирæ æвзæгтæм. Ирон æвзагмæ сæ раивта зындгонд фыссæг Дзасохты Музафер.

Хайямы цыппаррæнхъон иронмæ тæлмацæй[ивын | Бындур ивын]

Йе æнус, йе та цалдæр мин азы фæцæр,—
Ды мæлдзыджыты сихор уыдзынæ уæддæр.
Кæд паддзах дæ, кæнæ та — мæгуыргур,— кæддæр,
Зон, дæ фæстаг хуыссæн уыдзæн сау сыджыт, мæр.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Архив по истории математики Мактьютор — 1994.
  2. 2,0 2,1 Archivio Storico Ricordi — 1808.
  3. 3,0 3,1 Каталог Немецкой национальной библиотеки (нем.)
  4. 4,0 4,1 4,2 Czech National Authority Database