Ниагарæ (æхсæрдзæн)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ниагарæйы æхсæрдзæны уынд Канадæйы былæй

Ниагарæйы æхсæрдзæн (англ. Niagara Falls, фр. Chutes Niagara) у æхсæрдзæнты комплекс цæугæдон Ниагарæйыл, америкæйаг штат Нью-Йорк, хицæнгæнæг канадæйаг провинци Онтариойæ.

Ниагарæйы æхсæрдзæнтæм хауынц — æхсæрдзæн «Цæфхад», хонынц ма-иу æй Канадæйаг æхсæрдзæн; Америкæйаг æхсæрдзæн æмæ æхсæрдзæн «Чындзы хыз». Кæд æмæ сæ бæрзæнды уæлдай уадиссаг ницы ахæм у, уæддæр æхсæрдзæнтæ сты тынг уæрæх æмæ се ’хсæн цæугæ доны бæрц, уымæ гæсгæ, Ниагарæйы æхсæрдзæн у æппæты хъомысджын Цæгат Америкæйы.

Йæ бæрзæнд у 53 метры. Америкæйаг æхсæрдзæны рæбын у стыр дуртæй рæдзæгъд æмæ уымæн у йæ зынгæ бæрзæнд æрмæст 21 метры. Йæ уæрх у 323 метры, æхсæрдзæн «Цæфхадæн» та — 792 метры. Кæлгæ доны бæрцад-иу вæййы 5700 м³/с æмæ фылдæр.

Ацы æрдзон алæмæт-иу йæхимæ Зæххы алырдыгæй дæр æрсайы æрдзæ-æрдзæ туристты, кæцы стыр у ахъаз йæ доны алыварс æвæрд сахарты рæзтæн æмæ фидыцæн — Ниагарæ-Фолс, провинци Онтарио (Канадæ), æмæ Ниагарæ-Фолс, штат Нью-Йорчы (АИШ). Сæ дыууæйæ аивдæр хуыз æхсæрдзæнмæ гом кæны Канадæйы донгæрæттæй. Доны цыдыл цалдæр сæдæ метры дæлдæр ис «Арвыроны хид» амад, рогтранспортон æмæ фистæгдзуты азмæлдæн дыууæ паддзахæдты ’хсæн.

Æхсæрдзæны бын сты гидроэлектростанцæтæ арæзт, иумæйаг хъомысадæй 4,4 гигаватты онг.