Миногон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Миногон у, предметы миниуæг, æууæл цы ныхасы хай æвдисы, уый. Грамматикон категоритæй йын ис бæрцбарæн, æрд (ирон æвзаджы нæй), нымæц æмæ хауæн. Дзуапп дæтты фæрстытæн: цавæр? цы хуызæн? кæцы? цахæм?

Хъуыдыйады мидæг миногон арæхдæр вæййы бæрæггæнæн æмæ зæгъинаджы номон хай.