Манагуæ
| Сахар
Манагуæ
Managua
|
Манагуæ (исп. Managua) у Никарагуæйы сæйраг æмæ стырдæр сахар.
Манагуæйы бындур сæвæрдæуыди 1819 азы. Уæд кæсагахсджыты хъæу уыди. Бæстæйы сæйраг сахар сси 1852 азы[1], уый тыххæй æмæ лæууыд дыууæ ерысгæнæг сахарты ’хсæн (Леон æмæ Гранадæ, кæддæры сæйраг сахартæ).
2007 азы, æнтыстджын ахуырадон программæйы фæрцы, Манагуæ расидти, уый Централон Америкæйы фыццаг сæйраг сахар у, кæцыйы цæрджытæй æппæт кæсын-фыссын зонынц[2].
Сæргæндтæ |
[ивын] Номы равзæрд
Сахары ном Манагуæ фæзынд индейаг дзырд Мана-ахуак-æй. Уый нахуатлаг æвзаджы нысан кæны «доны цур» кæнæ «дон алфамбылай кæм у»[1]. Сахар кæм лæууы, уыцы банаты адæм цардысты æппынкъаддæр 6 мин азы дæргъы.
[ивын] Сахары цæрджытæ
2004-м азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Манагуæйы цæры 1,723 милуан адæймаджы.
[ивын] Географи
Уымæл тропикон боныхъæд, бæзнаг вулканон мæр æмæ егъау æдзæхх цад фадат дæттынц, цæмæй Манагуæ Централон Америкæйы сæйраг сахартæй тæккæ цъæхдæр уа.
[ивын] Фиппаинæгтæ
- ↑ 1,0 1,1 Guía Turística: Managua, La Prensa. Фæстаг фенд 2007-08-11.
- ↑ Peña, Mariana. Managua está libre de analfabetismo, La Voz del Sandinismo. Фæстаг фенд 2008-02-23.