Къуылыхтæ (мыггаг)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къуылыхтæ[1] (уырыс. Кулуховы, Кулухашвили) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Нани, Бæза, Дякон æмæ Нартых уыдысты æфсымæртæ. Раджы ралыгъдысты Нары комæй Хуссар Ирмæ, æрцардысты Къуыдаргомы. Нани уыд Хетæгкаты сиахс æмæ йын уыдон чызгæй райгуырд æхсæз фырты: Бошо, Шошела (фаззæттæ), Базыр, Хъарадзау, Солтан æмæ Доле. Нанийы цардæмбал — Хетæгкаты чызг куы фæзиан, уæд Нани æркодта дыккаг ус — Хуыбылон — Джиоты Уасилы къуылых чызг, къодибынаг. Нанийæн та Уасилы чызгæй дæр райгуырд лæппу. Иу цалдæр азы фæстæ Нани амард, ус цардис йæ сæрыхицауы лæппутимæ, хъомыл сæ кодта, хъомыл кодта йæхи лæппуйы дæр. Иуахæмы Уасил æрцыд йæ чызджы бæрæггæнæг, фæцин ыл кодтой æфсымæртæ. Уасил сæхимæ куы здæхт, уæд æфсымæртæн бамбарын кодта, зæгъгæ, мын мæ чызджы рауадзут иу цъус рæстæгмæ, цæмæй аулæфа, хъаст уæ ницы кæны, хорз æм кæсут, фæлæ... Æфсымæртæ нæ разы кодтой, иуæй æфсæрмы кодтой сæ фыдæй мæрдты бæстæм, афтæ, дам, зæгъдзæнис, мæ фырттæ мын мæ амæлæты фæстæ мæ ус æмæ мæ лæппуйы фæсырдтой. Адæм дæр афтæ ахъуыды кæндзысты.

Уæддæр сразы сты æфсымæртæ, æмæ Уасил акодта йæ чызг æмæ йæ хæрæфырты. Бонтæ ивгъуыдтой, азтæ цыдысты. Наниты æфсымæртæ нал абæрæг кодтой се 'фсымæр æмæ сæ дыккаг мады. Æнæуи-иу афарстой, куыд сты не 'фсымæр æмæ нæ дыккаг мад, зæгъгæ, æмæ иу сын зыдтой сæ хабæрттæ. Афтæмæй лæппу сыстыр. Уасил лæппуйы ныффыста йæ мыггагыл — Джиотыл. Уый куы фехъуыстой æфсымæртæ, уæд иу бон бæхтæ сифтыгътой, сæ хъаматæ айстой æмæ ацыдысты. Къуыдармæ уæд цæй фæндаг уыд æмæ Биазырты хъæу Котантойыл, Саманийы рагъыл ныццыдысты Хъорсеумæ — Тедеты хъæумæ. Уым сын уыд хæстæджытæ æмæ, дам, уыдонмæ аулæфæм. Фысым сæ фæрсы, фондз æфсымæрæй гæрзифтонгæй кæдæм цæут, зæгъгæ. Æмæ радзырдтой сæ балцы хабар, се 'фсымæр агурæг кæй цæуынц, уый. Фысымтæ сын загътой, зæгъгæ, Уасил ацы хъæуы ис, зианы, фаллаг сыхы, уæртæ. Уæд æм арвыстой. Уасил æрбацыд æфсымæртæм, кæрæдзи афæрстытæ кодтой, стæй сын Уасил загъта, зæгъгæ, сымахæн æфсымæр куы уыдаид, уæд æй афонмæ цæмæннæ агуырдтат, ныр, куы схъомыл, уæд уæ æрхъуыди? Ноджы ма бирæ хъæбæр ныхæстæ загъта Уасил. Ацы ныхæстæ æфсымæртæн уыдысты тынг хъыг. Æфсымæртæй иу Доле хуынд — æнæрцæф, фыдзонд, — хъама фелвæста æмæ хъуамæ Уасилы сæр ныццавтаид. Уасил хъама акъуырдта. Уæддæр æрныдзæвд йæ уæхскыл, цонг æрзæбул, лæг афæлдæхт. Æфсымæртæ йæ уым ныууагътой цæфæй, сæхæдæг сæ бæхтыл абадтысты æмæ Биазыртæм схæццæ сты. Биазыртæм ракодтой сæ хабар. Уасилы аластой хъæууон хосгæнæгмæ æмæ сдзæбæх. Уый фæстæ фæсидтис Уасил йе 'рвадæлтæм æмæ сын радзырдта йæ хабар. Уыдонæй дæр иутæ Уасилы азымджын кодтой, иннæтæ та — Наниты.

Абон Къуылыхтæ кæм цæрынц, уыцы зæхх уыд Уасилы. Æмæ уый загъта, зæгъгæ, ацы зæхх дæдтын мæ чызг æмæ мæ хæрæфыртæн йе 'фсымæрты фыдæнæн. Кæй ма бафхæрдтой, уый тыххæй йын йæ мыггаг ивын. Мæ чызг у къуылых æмæ ацы лæппуйæн йæ мыггаг нырæй фæстæмæ уыдзæн Къуылыхтæй, хъæу дæр хуындзæн Къуылыхтыхъæу. Уыцы бынаты сын сарæзта хæдзар, йæ хъус сæм дардта æмæ афтæмæй цардысты. Афтæ равзæрд Къуылыхты мыггаг.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Наниты Яша. Къуылыхты мыггаджы равзæрд // Фидиуæг. — 2002. — № 5. — С. 126.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]