Дзиойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дзиойтæ (уырыс. Дзиоевы) сты ирон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Дзиойты мыггаг Уæлладжыры, Ксурты цардысты. Уым хъæуимæ фæбыцæу сты æмæ Куырттаты коммæ Дзуарыхъæумæ балыгъдысты, уырдыгæй та Джызæлмæ ралыгъдысты, Къуындыхаты Муссæ Хъобанæй быдырмæ куы лыгъди, уæд. Уый фæстæ Муссæ Туркмæ куы алыгъди, уæд та Бердыхъæумæ балыгъдысты. Дзиойты мыггаг æрвадиуæг кæнынц Кадитæ мæ Баскатимæ. Уыдон æрвад уыдысты Ксурты. Куырттаты та сын æрвад уыдысты Дауиатæ, Хатъизатæ. Дзиойтæ раздæр нарон уыдысты. Уым сæ Джиуотæ хуыдтой. Фæлæ сæ фыд Дзио Ксуртæм куы æрлыгъд, уæд уый номыл рацыди мыггаг.[1]

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзиойты Дзабойы фырт Хъауырбеджы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Цагъаты А., Заманхъулы, 1966 азы. Æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, п. 144, д. 394.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]