Перейти к содержанию

Гюнтекин, Решад Нури

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Решад Нури Гюнтекин
тур. Reşat Nuri Güntekin
Райгуырды датæ 1889-æм азы 25 ноябры(1889-11-25)[1][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1956-æм азы 7 декабры(1956-12-07)[3][4] (67 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз дипломат, романист, политик, драматург, фыссæг, прозаик
Уацмысты æвзаг туркаг[5]
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Решад Нури Гюнтекин (тур. Reşat Nuri Güntekin) (1889-æм азы 25 ноябры, Стамбул1956-æм азы 13 декабры, Лондон) — туркаг фыссæг, романист æмæ драматург.

Йæ фыццаг уацау «Зæронд æмбал» рацыдис 1917-æм азы. Дарддæр цæуынц «Хæлддзæгты дидинæг» (1918-æм аз), «Нæзыцъиу — зараг цъиу» (1922-æм аз), пьесæтæ «Æцæг хъайтар» (1918-æм аз), «Хъама» (1918-æм аз), «Дуры къæртт» (1926-æм аз) æмæ а.д.

Йæ романты æмæ радзырдты Гюнтекин туркаг литературæйы фыццæгтæй иуæй равдыста реалгондæй æмæ алывæрсыгæй Анатоли, Турчы провинциалон сахартæ, æмæ гæвзыкк туркаг хъæу. Дæнцæгæн ис æрхæссæн йæ роман «Нæзыцъиу — зараг цъиу» (тур. Çalıkuşu), æвдисы æрыгон туркаг чызджы-ахуыргæнæджы хъысмæт Анатолийы; ацы чиныгмæ гæсгæ 1966-æм азы ист æрцыдис киноныв, стæй йæ 1986-æм азы рацарæзтой телесериалы хуызы, Феридейы роль дзы æнтыстджынæй ахъазыд туркаг актрисæ Айдан Шенер.

Гюнтекины радзырды ис деталон æмæ дырыс стиль, реалистон фæлгъуызимæ. Йæ иннæ зынгæ романтæ — «Цъæх æхсæв» (тур. Yeşil Gece) æмæ «Сыфтæрызгъæлæн» (тур. Yarpak Dökümü).

Гæнтекин агайы бинонты цыргъ проблемæтæ, удгоймаджы æмæ æхсæнады æмахастытæ, æргом кæны дины кусджыты хъуыддæгтæ. Йæ роман «Цъæх æхсæв»-ы равдыста туркаг адæмы национ-сæрибаргæнæн тох. Гюнтекины цавæрдæр фæлдисондтæ фыст сты сентиментализмы улæфты æндæвдадмæ гæсгæ.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Йæ фыд уыдис æфсады майор. Решад Нури цыдис райдайæн скъоламæ Чанаккалейы, Чанккалейы астæуккаг скъоламæ æмæ скъола Freres-мæ Измиры. Фæцис Стамбулы университеты литературæйы факультет 1912-æм азы. Куыста куыд ахуыргæнæг æмæ сæргълæууæг астæуккаг скъолаты Бурсæйы æмæ Стамбулы, уыйфæстæ куыд инспектор Национ Ахуырады Министрады (1931). Дарддæр 1933-æм аз æмæ 1943-æм азы астæу уыди Чаккалейы минæвар Турчы парламенты, стæй хистæр инспектор Национ Ахуырады Министрады (1947) æмæ культурæйы хабæртты фæдыл атташе Парижы (1950). Уыдис ма Турчы минæвар ЮНЕСКО-йы.

Пенсимæ рацыды фæстæ куыста Стамбулы муниципалон театрты литературон правленийы. Амардис Лондоны, куы ацыдис уырдæм рæуджыты ракæй дзæбæх кæнынмæ. Ныгæд æрцыдис уæлмæрдты тур. Yarpak Dökümü Стамбулы.

Сфæлдыстад

[ивын | Бындур ивын]

Радзырдтæ

[ивын | Бындур ивын]

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Алькаева Л. О. Очерки по истории турецкой литературы 1908—1939 гг.. — М, 1959.
  • Poyraz Т., Aipbek М. Reşat Nuri Güntekin, hayatı ve eserlerin tarn listesi. — Ankara, 1957.
  • Yücebaş H. Bütün cepheleriyle Reşat Nuri. — Ankara, 1957.
  • Uyguner М. Reşat Nuri Güntekin. — Ist, 1967.
  • Kabaklı A. Türk edebijatı, cilt 3. — Ist, 1969.

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Resat Nuri Guntekin // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Reşat Nuri Güntekin // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  3. https://www.kibrispostasi.com/c49-KULTUR-SANAT/n450347-resat-nuri-guntekinin-vefatinin-uzerinden-66-yil-gecti
  4. Чешская национальная авторитетная база данных
  5. CONOR.Sl