Шенер, Айдан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Айдан Шенер-æй æрвыст)
Айдан Шенер
тур. Aydan Şener
Райгуырды датæ 1963-æм азы 1 мартъийы(1963-03-01)[1][2] (61 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад
Професси актрисæ, модель
IMDb ID 1204165
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Айдан Шенер (тур. Aydan Şener; райгуырдис 1963-æм азы 1 мартъийы) — туркаг модель æмæ киноактрисæ, хъуыстгонд у Феридейы ролæй сериалы «Нæзыцъиу — зараг цъиуы».

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Айдан Шанер райгуырдис 1963-æм азы 1 мартъийы чысыл сахар Килисы, Турчы хуссар-скæсæны. Айданы фыдырдыгæй хæстæджытæ ралидзгæ уыдысты Хъазанæй.[3] 1877-æм азы йæ фыдыфыды фыд цæмæй аргъуыд ма ’рцæуа уый тыххæй æд бинонтæ фæсарæнтæм алыгъдис. Уæд бирæ пысылмæттæ, цæмæй чырыстон дин ма райсой, уый тыххæй райгуырæн бæстæ уагътой æмæ лыгъдысты фæсарæнтæм.

Йæ мад у хъырымаг тæтæйраг.[кæцæй ист у?]

Айдан Шенер хæрзчысыл куы уыд, уæд йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Бурсæмæ, æмæ уым фæци каст астæуккаг скъола.

Æстдæсаздзыдæй Айдан Шенер рамбылдта хæрзуынддзинады конкурс «Мисс Турк» æмæ йæ бæстæйæ ацыдис конкурс «Дунейы Миссмæ» 1981-æм азы. Фæлæ уым коронæ саккаг кодтой венесуэлаг Пилин Леонæн. Титул «Турчы Мисс» куы райста, уæд йæхи æнтыстджынæй равдыста моделон бизнесы, уымæн æмæ пысылмон Турчы рæсугъд маникенщицæтæ арæх нæ уыдысты.[4] Арæх архайдта рекламæйы.

Тагъд рæстæджы æрцыдис йæ кинойы дебют. Уый уыдис Феридейы роль сериалы «Нæзыцъиу — зараг цъиуы» зындгонд туркаг фыссæг Решад Нури Гюнтекины чиныгмæ гæсгæ, æмæ йын ацы роль æрхаста дунеон кад. Ныййарджытæ йæ ныхмæ нæ цыдысты æмæ йын алы сфæлдыстадон райдыды æххуыс кодтой. Консервативон туркаг æхсæнады реакци дæр разындис æвæрццæг. Æгæр хæрзæххæст уыдис Айданы героинæ, цæмæй йæ зæрдæмæ ма райстаиккой. Ныры рæстæгмæ ацы киноныв Турчы у тынг популярон. Æрвылаз æй февдисынц телеуынады.

1983-æм азы Айдан чындзы ацыдис Айхана Акбинмæ. Уæд уыдис Турчы иугонд комадæйы хъазæг футболæй. Фондз азы фæстæ сын райгуырдис чызг Эджем (тур. Ecem). Фæлæ 1991-æм азы ахицæн сты. Йæхæдæг Айдан куыд дзуры:

«

Мах ахицæн стæм уымæн, æмæ кæрæдзийы нæ бамбæрстам. Уый фæстæ дзурджытæ мыл бирæ уыдис, фæлæ мæ чындзы нал фæнды.

»

Ныр цæрынц дыууæйæ йæ чызгимæ.

Айдан Шенер — пысылмон у, фæлæ царды пысылмон æгъдæуттыл карзæй нæ хæцы. Афтæ сæрбæттæн æмæ паранджа, зæгъæн ис, æмæ никуы дардта, нымадта сæйрагдæр у цæмæй Аллах уды уа. Хуыцау æй уырны, уырны йæ зæдты æххуыс зын сахаты, адæймаджы хъысмæт рагацау уынаффæгонд кæй у. Нымайы, сылгоймаг æмæ нæлгоймагæн иухуызон бартæ кæй хъуамæ уой.

Тынг уарзы цæрæгойты. Хæдзары йæм цæрынц дыууæ куыдзы.

Кинокарьерæ[ивын | Бындур ивын]

Айдан Шенеры ном дунейыл айхуыстис, уарзондзинады тыххæй тæккæ хъуыстгонддæр чингуытæй иуы экранизацийы Феридейы ролы куы ахъазыдис, уæд. Уый уыдис зындгонд туркаг фыссæг Решад Нури Гюнтекины чиныгмæ гæсгæ ист киносериал «Нæзыцъиу — зараг цъиу».

Актрисæйы иу хъуыстгонд куыст ма ссис сериал «Æрфæны фæд». Айдан ахъазыдис сæйраг ус-герой Зюлялы роль.

Йæ Муаллæ-ханым та кинонывæй «Нысангонд уардитæ» (тур. Mühürlü güller) — æртæ æмбал чызгæй иу, раздæр уыдысты кæй фæхонынц «æхсæвхиз гæлæбутæ» ахæмтæ, фæлæ кинонывæн уыдис амондджын кæрон.

Сæйрагдæр хъазыдис драмон æмæ мелодрамон сериалты. Айдан Шенер йæхæдæг куыд нымайы афтæ:

«

Турчы кинонывтæ ист цæуынц, фæлæ куыд фæнды афтæ бирæ не сты. Зæгъæн ис, æмæ нæм фаг профессионалон æмæ цымыдисаг актёртæ ис, фæлæ цæмæй цардæн бакусой, уый тыххæй хъуамæ кусой исты телепроектты кæнæ рекламæйы.[3]

»

Арæх актрисæйы ис фенæн популярон шоутæ æмæ телеравдыстыты.

Хъазаны бабæрæг[ивын | Бындур ивын]

2004-æм азы Айдан Шенер Республикæ Тæтæрстаны Культурæйы Министрады хуындмæ гæсгæ бабæрæг кодта Хъазан. Уæрæсемæ æрбатахтис йæ фыдимæ, уый тынг фæндыдис йæ фыдæлты зæхх фенын. Актрисæ суазæг кодтой тæтæйраг-туркаг лицейы рауагъдон хъазтизæры, уыд æхсæнадæмон конференцийы Æппæтдунеон Евразийы сахарты бынты баконды, æмæ ма архайдта национ тæтæйраг бæрæгбон Сабантуйы.[3] Тæлмацгæнæгæй æрбахуыдтой Фатих Кутлуйы, уый тæлмац кæны туркагмæ нырыккон тæтæйраг авторты, æмæ у хъуыстгонд туркаг рок-зарæггæнæг Кемаль Кутлуйы æфсымæр. Фæстæдæр Айдан æмæ йæ фыд балымæн сты Фатихимæ.[5]

2007-æм азы актрисæ ногæй бабæрæг кодта Хъазан. Ацы хатт Айдан æрцыдис III-æм æхсæнадæмон пысылмон кинойы фестиваль «Сыгъзæрин минбар»-ы кадджын сыхгæдмæ. Мустафа Балчикимæ балæвар кодта æхсæнадæмон организаци ТЮРКСОЙы сæрмагонд лæвар киноныв «Бабай»-ы режиссёр Альберт Шакировæн.

Йе ’рбацыды тыххæй Айдан загъта афтæ:

«

Æз уыдтæн Хъазаны æртæ азы размæ æмæ æхсызгонæй æрбацыдтæн ардæм ногæй. Ацы фестиваль хæссы ахъаззаг бавæрд кинематографы райрæзтмæ.[6]

»

Фильмографи[ивын | Бындур ивын]

  • «Küçük Ağa» (ТВ) (1983) — Эмине
  • «Нæзыцъиу — зараг цъиу» (1986) — Фериде
  • Yeniden dogmak (сериал) (1987) — Фатма
  • «Æрфæны фæд» (1989) — Зюляль
  • «Стамбулы дыууæ цæсгомы» (ТВ) (1991)
  • Yol Palas Cinayeti (сериал) (1991)
  • «Ay Işığında Saklıdır» (ТВ) (1996) — Шуле
  • “Yüzlesme» (ТВ) (1996) — Гюляй Гюль
  • «Bir askin bittigi yer» (1996) — Айша
  • «Nefes Alamıyorum» (сериал) (1996) — Суна
  • «Nice yillardan sonra» (сериал) (1997) — Нильгун
  • «Huznun yuzu» (ТВ) (1997) — Ебру Ертюрк
  • «Ah Nalan Ah» (ТВ) (1997) — Налан
  • Sakin Kasabanın Kadını (1997) — Серап
  • “Kumru» (ТВ) (2000) — Кумру
  • «Mühürlü güller» (сериал) (2003) — Муалла
  • «Beni bekledinse» (ТВ) (2004) — Эмине
  • «Masum degiliz» (сериал) (2005)- Зейда
  • «Evimin Erkeği» (сериал) (2007)
  • «Fikrimin İnce Gülü» (сериал) (2007) — Зехра
  • «Sürgün Hayatlar» (сериал) (2008) — Эулюль
  • «Kırmızı Işık» (сериал) (2008) — Сунушу

Хорзæхтæ[ивын | Бындур ивын]

Развæдгæнæг:
Фахрийе Фунда Айлоглу
Турчы Мисс
1981
Ивæг:
Айше Бельгин Гювен

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Internet Movie Database (англ.) — 1990.
  2. Aydan Şener // ČSFD (чех.) — 2001.
  3. 3,0 3,1 3,2 Айдан Шенеримæ интервью, «Казанские ведомости».
  4. Айдан Шенер сайт Peoples.ru-йы".
  5. Фатих Кутлуйы интервью газет «Изæрон Хъазаны».(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  6. Информационное агентство "Татар-информ", 12 сентября 2007 г.(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 1 мартъийы. Архив 2009-æм азы 20 апрелы.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]