Гуджаратаг æвзаг
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Гуджарати | |
|---|---|
| Хином: | ગુજરાતી / gujarātī |
| Бæстæтæ: | Инди, Танзани, Угандæ, Кени, Пакистан, АИШ |
| Официалон статус: | Штат Гуджараты |
| Æдæппæт дзурджыты нымæц: | 46 млн |
| Рейтинг: | 22 |
| Статус: | Индийы официалон æвзæгтæй иу |
| Классификаци | |
| Категори: | Евразийы æвзæгтæ |
Индоевропæйаг мыггаг
|
|
| Фыссынад: | гуджаратийы фыссынад |
| ГОСТ 7.75–97: | гуд 165 |
| ISO 639-1: | gu |
| ISO 639-2: | guj |
| ISO/DIS 639-3: | guj |
| Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ | |
Гуджарати, гуджаратаг æвзаг (ગુજરાતી, gujarātī) у гуджаратæгты æвзаг, индоевропæйаг мыггаджы индоариаг къорды æвзæгтæй иу. Æдæппæт дзурджыты нымæц у 46 милуаны бæрц, уыдонæй фылдæр хай цæрынц Индийы ныгуылæны — Аравийы денджыз æмæ Пакистанимæ арæнмæ ’ввахс. Мингай дзурджытæ цæрынц Африкæйы (Танзани, Угандæ, Кени) æмæ АИШ-ы.
Гуджаратаг æвзаг у штат Гуджараты официалон æвзаг.
Зындгонд индиаг политик Махатмæ Гандийы мадæлон æвзаг уыдис гуджаратаг.