Грозна
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
|
Грозна (цæц. Соьлжа-ГIала, уырыс. Грозный) у Уæрæсейы сахар, Цæцæны Республикæйы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 226,1 мин адæймаджы (2008). Сахар лæууы цæугæдон Сунжæйы дыууæ былтыл.
Сахар райрæзти, йæ бынаты цы Грознайы фидар уыди, уыцы ран. Фидарæн та йæ бындур бавæрдта инæлар Ермолов 1818 азы. Службæ дзы кодтой Лев Толстой æмæ Михаил Лермонтов. 1893 азы Грознайы цур райдыдтой нефт къахын, æмæ сахар сси ахсджиаг промышленнон центр.
Цæцæны быцæуы рæстæг сахар стыр зиан баййæфта (1994, 1996 æмæ 1999 азты). Ныр та йæ ногæй рацаразынц.
2007 азы мартъийæ сахары администрацийы хицæу у Муслим Хучиев, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæцæны хайады сæргълæууæг.
2008 азы октябры Грознайы байгом Европæйы стырдæр мæзджыт — «Цæцæны зæрдæ». Мæзджыт хæссы президент Ахмат Кадаровы ном. Мæзджыты аразынæн стыр æххуыс кодтой туркæгтæ: йæ къултæ сты туркаг мраморæй æмбæрзт, мидагæй дзы ис 36 люстрæйы туркаг фирмæйæ «Устун Авизе». Æдæппæт, кæй зæххыл мæзджыт лæууы, уыцы пысылмон центры фæзуат у 14 гектары.
| Цæцæны сахартæ | ||
| Сæйраг сахар: Грозна Аргун | Гудермес | Урус-Мартан | Шали |