Грамматикæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Грамматикæ (гр. γραμματικὴ τέχνη «дамгъæты аивад») у, æвзаджы грамматикон арæзт чи иртасы, æвзагзонынады ахæм къабаз. Уыцы æвзагыл раст æмæ мидисджын дзырдтæ, дзырдбæстытæ æмæ хъуыдыйæдтæ куыд аразгæ сты, уый у грамматикæйы иртасинаг. Æвзаджы сконд грамматикæ сфыссы иумæйаг грамматикон уæгæвæрдты.

Грамматикон арæзт æвзагæй æвзагмæ иухуызон нæу. Зæгъæм, испайнаг хъуыдыйад «me gustan los coches rápidos» иронау зæгъæн ис «тагъд хæдтулгæтæ мæ зæрдæмæ цæуынц». Ирон хъуыдыйады мивдисæг (цæуынц) у хъуыдыйады кæрон (йæ фылдæрхаттон бынат), испайнаг хъуыдыйады та — номивæджы фæстæ (me gustan); иронау миногон (тагъд) лæууы номдары раз (тагъд хæдтулгæтæ), испайнагау та — номдары фæстæ (coches rápidos). Ома, хъуыдыйады мидæг дзырдты рæнхъæвæрд испайнаг æмæ ирон æвзæгты бынтон æндæрхуызон у.

Дзырдæй-дзырдмæ тæлмац, æнæ грамматикон ивд, суанг хæстæгдæр æвзæгты ’хсæн скæнæн нæй. Зæгъæм, дыгурон хъуыдыйад «Ба мæ домдта» иронау нæй зæгъæн уыцы хуызы уый тыххæй æмæ цыбыр номивæг «мæ» мивдисæг æмæ йæ разæфтуаны ’хсæн сæвæрæн нæй, ома раст у æрмæст «Бадомдта мæ».

Нырыккон грамматикæйы методтæ фæзындысты рагон Индийы, индиаг грамматисттæй зынгонддæр у Панини (нæ эрæйы агъоммæ дыккаг æнус). Æмбарынæдты системæ æмæ бирæ терминтæ фæзындысты Рагон Грекъ æмæ Ромы (Аристотель, стоиктæ, александриаг скъола, Варрон). XX æнусы райдианы онг æвзæгты сконд сфыссынæн ахуыргæндтæ пайда кодтой латинаг æвзаджы æмбарынæдтæй — суанг Всеволод Миллеры ирон æвзаджы грамматикæйы ис латинаг хауæнты нæмттæ æмæ латинаг грамматикæйы тæваг.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]