Перейти к содержанию

Гæбæраты Илья

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гæбæраты Илья
Иумæйаг информаци
Райгуырды датæ 1926-æм азы 1 сентябры(1926-09-01)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1993-æм азы 1 мартъийы(1993-03-01) (66 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Професситæ композитор
Хорзæхтæ
УСФСР-ы аивæдты сгуыхт архайæг

Гæбæраты Гаврилы фырт Илья (райгуырдис 1926-æм азы Хуссар Ирыстоны — амардис 1993-æм азы Дзæуджыхъæуы) у зындгонд ирон композитор.

Чысылæй йæ ахуыргæнджытæ уыдысты Галаты Барис æмæ Тугъанты Махарбег. Сæ иу æй ахуыр кодта музыкæйыл, иннæ та ныв кæныныл. 1943-45-æм азты Хуссар Ирыстоны хихъæппæрисон музыкалон къордтæн уыд сæ сæргълæууæг.

1949-æм азы каст фæци Ленинграды консерваторимæ цы музыкалон училищæ хаст уыд, уым композиторты хайад.

1954-æм азы та каст фæци Ленинграды консерватори.

1987-91-æм азты уыд Ирыстоны композиторты цæдисы сæргълæууæг. Ацы азты райдыдта кусын, музыкæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, ахæм хæдахуыр, курдиатджын адæмимæ. Уыд Уæрæсейы æмæ Ирыстоны аивады сгуыхт кусæг, Уæрæсейы композиторты цæдисы уæнг та сси 1954-æм азы.

Гæбæраты Илья уыд, национ классикон музыкæйы райрæзтыл чи архайдта, уыдонæй иу. Ныффыста бирæактон оперæтæ «Азау» æмæ «Олланæ», зарджытæ «О, нана» æмæ «Песня моя, Иристон», фыццаг ирон романстæ. Йæ уацмыстæ ис схонæн лирикон, ис дзы арф хъуыды, хъуысынц дзы адæмон аивады зæлтæ.

Йæ Фыццаг симфони ныффыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы хъæбатырты ном ссарынæн. 1960-æм азы Мæскуыйы Ирон аивад æвдисæг бонтæ куы цыдысты, уæд ацы уацмысæн скодтой стыр аргъ. Зындгонд композитор Григорий Шантырь фыста, зæгъгæ, йæ фыццаг зæлтæй йæхимæ ’лвасы йæ диссаджы зæрдæмæдзæугæ мелодийæ.

Адæмты миддуне, сæ цард æмæ зондахастæн музыкалон ныв саразынæн Илья равзæрста рапсодийы жанр. Цы цыппар рапсодийы ныффыста («Зилгæ», «Æфсати», «Нæртон симд»), уыдоны бындуры æвæрд æрцыдысты æмæ бæрæг дарынц ирон адæмон аивады фæлгонцты миниуджытæ. Уымæй дарддæр йæ алы уыцмысæн дæр ис адæмон бындур. Йæхирдыгонау, зæрдиагæй бакуыста адæмон цæгъдтытæ «Ханты цагъд», «Зилгæ», «Æфсати», «Нæртон симд»-ыл.

Йе ’ртыккаг симфони «Испания в огне» (Федерико Гарсиæ Лоркæйы ныхæстæм гæсгæ) ахсы йæ сфæлдыстады ахсджиагдæр бынат. Ныхæстæ æмæ зæлтæ баиугæнгæйæ йын бантыст сæ хъуыды фæарфдæр кæнын. Æвзæрдзинады ныхмæ тохы æрлæууыны фарста дзы у сæйраг мидис.

Кæд симфони йедзаг уыд тызмæг æмæ знæт æвдисæг зæлтæй, уæддæр тынг фæцыди адæмы зæрдæмæ йæ тыхджын æмæ райдзаст фæлгонцтæй.

Ильяйы дыууæ оперæ «Азау» æмæ «Орлана»-йы амонд фæрæстмæ ис. Фыццаг сценæйыл æвæрд æрцыд æртæ хатты (1968, 1982, 1992), дыккагæн та стыр аргъ скодтой Мæскуыйы сценæйыл.

Йæ оперæтæ хъæздыг сты речитативтæй, вокалон хæйттæй (ариозо, зарджытæ, балладæтæ), моно- æмæ дуэтон архайдтытæй. Сæ драмон бындур у бирæвæрсыг, æвдыст дзы цæуы ахсджиаг, зын равзарæн чи у, ахæм фарстатæ. Уарзондзинадæй дарддæр (Азау æмæ Таймуразы ’хсæн, Олланæ æмæ Амраны) ма сæ ис адæмон, эпикон, социалон сюжеттæ.

Фыццаг хатт Ирыстоны музыкалон аивады фæзындысты национ вокалон интонаци, ирд фæлгонцтæ, рæзын фадат кæмæн ис, ахæм драматургийæ.

Илья æнкъардта ныхасы мидис, уарзта æмæ хорз зыдта Европæйы поэзи, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон фысджыты аивад. Поэзи йæ разæнгард кодта романстæ æмæ вокалон циклтæ фыссын. Йæ дыууæ уарзондæр темæйы — лирикон æмæ граждайнаг — систы йæ уацмысты сæйраг дыууæ хайы. Ныхæстæ æмæ зæлтæ тынг рæсугъд сбадтысты кæрæдзиуыл цикл «Нежность»-ы. Цыппар романсы æвдыст цæуынц æрыгон сылгоймаджы алыхуызон уды ´нкъарæнтæ иу боны мидæг: «Вечер», «Порыв» (æхсæв), «На рассвете», «На рассвете» (бон).

Гæбæраты Илья фыста музыкæ спектакльтæ æмæ кинотæн. Уыдоны ’хсæн Ирон театры ирддæр спектакльтæ «Медея», «Черная девушка», «Сармат и его сыновья», «Первый удар», «Арман», «Сослан Царазон», «Любимая песня», «Цветок и кинжал», Полковник Ксанти» стæй Уырыссаг театры «Слышишь, Анна», «Антигона», «Коста».

Уацмыстæ

[ивын | Бындур ивын]

Оперæтæ: «Азау» Гæдиаты Секъайы радзырдмæ гæсгæ, «Орлана» В. Икскулы радзырд «Святой Илья горы Тбау», «Бонвæрнон».

Музыкалон комеди «Фыййауы уадындз».

Вокалон-симфонион кантатæ «Мы за мир» Джусойты Нафийы ныхæстæм (1951); поэмæ «Человеку» Ш. Муассайы ныхæстæм (1961); радиопоэмæ «Твоих оград узор чугунный» Н. Басанинайы ныхæстæм гæсгæ (1963); цикл «Моя Родина» Джусойты Н., Калоты Х., Токаты А., Капутикян С., Верлена П., Мистраль Г.-йы ныхæстæм гæсгæ (1985-1989).

Оркестрæн — 1-аг Симфони (1960), 2-аг Симфони Еврипиды трагеди «Медея»-мæ (1986), 3-аг Симфони хуыйны «Исания в огне», фыст æрцыд Гарсиæ Лоркæйы æмдзæвгæмæ (1976), Симфони «Нарт Батраз» (1949), поэмæ «О труде» (1956), «Героическая увертюра»(1953), «Молодежная» (1958), «Сын Иристона» (1959).

Вокалон, хортæн — «Песни борьбы» (1957), цикл «Незабываемое» Заксенхаузены ныхæстæм гæсгæ (1961), цикл «Нежность» финаг фысджыты ныхæстæм гæсгæ (1962), Р. Гамзатовы æмдзæвгæтæм гæсгæ (1963), «Семь детских песен» М. Кремайы ныхæстæм гæсгæ (1963), романстæ «Джук-тур» Къостайы æмдзæвгæтмæ гæсгæ, «Горы спят» — Н. Бесанинайы, «Сын» — Д. Риды, зарджытæ «Фаецжуын дагм» — Тохаты М., «О, нана» — Цæгæраты Г., поэмæ «Алолай», «Песнь моя, Иристон».

Спектакльтæм фыст музыкæ: «В один осенний вечер» (1963), «Медея» (1965), «Черная девушка» (1966), «Любимая песня» (1967), «Горящее сердце» (1967), «Сармат и его сыновья» (1967), «Змея и скрипка» (1967), «Орфей спускается в ад» (1968), «Кровавая Свадьба» (1969), «Первый удар» (1969), «Амран» (1970), «Виндзорские проказницы» (1971), «Цветок и кинжал» (1973), «Сослан Царазон» (1975).

Музыкæ кинотæм «Пузырек с чернилами» (1959), «Сын Иристона» (1959), «Жизнь, ставшая легендой» (1969), «Чермен» (1979), «Мелодии гор», «Владимир Тхапсаев».

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]