Бекъойты Дмитрий

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Бекъойты Гаврилы фырт Дмитрий (райгуырдис 1913-æм азы 16 февралы(19130216) Джеры — амардис 1980-æм азы мартъийы) — лингвист.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

1926 азы Дмитрий ахуыр кæнын райдыдта Джеры райдиан скъолайы. Каст æй фæцис 1929 азы. 1931 азы каст фæцис Цхинвалы ахуыргæнджыты курсытæ. Æрвыст æрцыд Уалытыхъæумæ скъолайы директорæй æмæ дзы фæкуыста 1933 азмæ. 1934 азы каст фæцис Цхинвалы рабфак æмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Институт каст фæцис 1937 азы æмæ уæдæй фæстæмæ куыста лекторæй æмæ кодта зонадон куыст дæр.

Бекъойты Дм. уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хайадисæг. 1945 азы кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæг институты, уыцы рæстæг кастис лекцитæ педагогон институты ирон æвзагæй.

1950 азы Бекъойты Дм. æнтыстджынæй бахъахъхъæдта филологон зонæдты кандидаты ном райсыны тыххæй диссертаци «Хуссар Ирыстоны ныхасыздæхты фонетикон хицæндзинæдтæ».

1953 азы байгом ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæ æмæ йын 22 азы дæргъы разамынд лæвæрдта Дмитрий. Бирæ фæлтæртæ схъомыл кодта доц. Бекъойты Дм.

Ныффыста докторон диссертаци ахæм темæйыл: «Ирон литературон æвзаджы диалектон базæ». Мыхуырмæ лæвæрд æрцыд йæ чиныг не взаджы диалектты тыххæй. Бирæ азты дæргъы нæ ирон скъолатæ пайда кодтой Бекъойты Дм. саразгæ «Ирон æвзаг»-æй (фыццаг хай).

Дмитрий хорзæхджын уыд майдантæй, 1963 азы йын лæвæрд æрцыд «Адæмон ахуырады отличник»-ы ном, 1973 азы кады грамотæ.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Некролог. Бекъойты Дмитрий // Осетинская филология. — Орджоникидзе, 1981. — Вып. 2. — С. 141–142.