Айларты Измаил
Айларты Измаил | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1924-æм азы 22 августы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2018-æм азы 14 декабры (94 азы) |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт |
Сфæлдыстады азтæ | 1965 — |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Айларты Харитоны фырт Измаил (райгуырдис Хъæдысæры 1924-æм азы 22 августы — амардис 2018-æм азы 14 декабры) у ирон поэт æмæ прозаик, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг. Айларты Измаилы стырдæр уацмыс роман «Мамысоны æфцæгыл» у йæ райгуырæн бынаты тыххæй.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Измаил райгуырд зæхкусæг бинонты астæу 1924-æм азы 22 августы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Хъæдысæры хъæуы. Айларты Измаилы фыд Дзаххотт (йæ аргъуыды ном Харитон) райгуырд Хъæдысæры 1887-æм азы. Измаилы мад Челдыты Мелыкъо амард 73-азыкконæй. Йæ фыдымад Чабæ уыди Нузалы цæрæг Хаситы чызг[1].
1936 азы Измаил ацахуыр кодта чысыл рæстæг Мамысоны комы Калачы хъæуы райдайæн скъолайы 4-æм къласы. 1937 азы ахуыр кæнын райдыдта Цæгат Ирыстоны Æрыдоны районы Кировыхъæуы астæуккаг скъолайы фæндзæм къласы æмæ 1941 азы каст фæци аст къласы программæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст кæй райдыдта, уый аххосæй та йын ам дæр дарддæр йæ ахуыр ахæццæ кæныны фадат нал уыди.
Измаил æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта Кировыхъæуы скъолайы 1938 азы. 1940 азы фыццаг хатт Æрыдоны районы газеты мыхуыргонд æрцыдысты Измаилы дыууæ æмдзæвгæйы æмæ йын ныфсы хос фесты.
Фыдыбæсты Стыр хæсты райдайæн бонтæ Измаилы æрыййæфтой Хъæдысæры. Дыууæ азы бакуыста Мамысоны æфцæгыл æфсæддон фæндаг аразджытимæ — цалцæггæнджытимæ, уый фæстæ уыд хыгъдхæссæг «Сталины номыл» колхозæн. 1945-1949 азты куыста йæ райгуырæн хъæуы скъолайы ахуыргæнæгæй.
1949 азы бацыд Цæгат Ирыстоны педагогон институты историон-филологон факультетмæ æмæ йæ каст фæци 1953 азы сырх дипломимæ[2].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Айларты Измаилы цыбыр биографи (уырыс.)
- Айларты Измаилы фембæлд 42-æм скъолайы ахуыргæнинæгтимæ (къамтæ, 2013)
- 22 августы чи райгуырдис, уыдон
- 1924-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Хъæдысæры чи райгуырдис, уыдон
- 14 декабры чи амардис, уыдон
- 2018-æм азы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Фысджытæ алфавитмæ гæсгæ
- Поэттæ алфавитмæ гæсгæ
- Советон Цæдисы поэттæ
- Уæрæсейы поэттæ
- Цæгат Ирыстоны поэттæ
- Советон Цæдисы прозаиктæ
- Уæрæсейы прозаиктæ
- Цæгат Ирыстоны прозаиктæ
- РЦИ — Аланийы культурæйы сгуыхт кусджытæ
- Ирон фысджытæ
- Ирон поэттæ
- Айлартæ