Адæмты депортацитæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Адæмты депортацитæ уыдысты Советон Цæдисы националон политикæйы мадзал Сталины хицауады рæстæг. Мæнæ ахæм депортацитæ æрцыдысты (рæстæгмæ гæсгæ):
- 1920-æм азы апрель: 45 мин теркаг хъазахъхъаджы æрвыст æрцыдысты Украинæмæ æмæ Европæйаг Уæрæсейы цæгатмæ. Сæ бынаты æрцæрын кодтой мæхъæлæтты.
- 1930: 18 мин адæймаджы (белоруссаг æмæ украинаг адæмыхаттæй), Советон Цæдисы ныгуылæн арæны хæстæг чи цардысты, уыдонæй æрвыст æрцыдысты Ныгуылæн Сыбырмæ æмæ Дард Скæсæнмæ.
- 1930-1936: кулакты депортацитæ.
- 1933: 200 мин хъазахаджы æххормагæй ацыдысты Китаймæ, Иранмæ, Монголи æмæ Афгъанистанмæ.
- 1935-æм азы февраль-май: 30 мин финнæгты æрвыст æрцыдысты Ленинграды облæстæй Вологдæйы облæстмæ, стæй Сыбырмæ, Таджикистан æмæ Хъазахстанмæ дæр.
- 1935-æм азы февраль-мартъи: 42 мин польшæйаг æмæ немыцаг адæмæй, Украинæйы ныгулæны чи цардысты, æрцæрын кодтой Украинæйы скæсæйнаг районты æмæ Хъазахстаны.
- 1936-æм азы май: 45 мин польшæйаджы æмæ немыцаджы арвыстой Украинæйæ Хъазахстанмæ.
- 1937-æм азы июль: 2 мин курдаджы арвыст æрцыдысты бæстæйы хуссарæй Хъиргъиз æмæ Хъазахстанмæ.
- 1937-æм азы сентябрь—октябрь: Æппæт корейæгтæ (172 мин) арвыст æрцыдысты Ныгулæн Сыбыр æмæ Дард Скæсæнæй Хъазахстан æмæ Узбекистанмæ.
- 1937-æм азы сентябрь—октябрь: 9 мин китайаджы æмæ, сæ райгуырæн бæстæмæ чи раздахтыстысты, уыцы уырыс китайаг Харбинæй цæрынмæ арвыст æрцыдысты Хъазахстан æмæ Узбекистанмæ.
- 1938-æм азы январь: Персаг адæм Азербайджаны арæнтæй ралидзын кодтой Хъазахстанмæ.
- 1938: 6 мин ирайнаг уираджы арвыст æрцыдысты Туркменаг ССР-ы хуссар арæнтæй республикæйы цæгатмæ, æдзæрæг рæттæм.
- 1940-æм азы февраль: Советон Цæдис Польшæйæ цы зæхх райста, уыцы зæххы польшæйаг цæрджытæ (140 мин) арвыст æрцыдысты европæйаг Уæрæсейы цæгатмæ, Урал æмæ Сыбырмæ.
- 1940-æм азы апрель: 61 мин польшæйаджы (цалдæр социалон категорийы) Ныгуылæн Украинæ æмæ Белоруссийæ арвыст æрцыдысты Хъазахстан æмæ Узбекистанмæ.
- 1940-æм азы июнь: Польшæйаг лыгъдæттæ (75 мин) Украинæ æмæ Белоруссийæ арвыст æрцыдысты Уæрæсейы европæйаг цæгатмæ, Урал æмæ Сыбырмæ.
- 1940-æм азы июль: «Фæсарæйнаг адæмы хатты» гоймæгты депортаци Мурмансчы облæстæй Карелаг-Финнаг ССР æмæ Алтайы краймæ.
- 1941-æм азы май: Контрреволюционертæ æмæ националистты мыггæгтæ (æдæппæт 11 мин адæймаджы) ныгуылæн Украинæйæ арвыст æрцыдысты хуссар Хъазахстанмæ, Красноярсчы краймæ, Омсчы æмæ Новосибирсчы облæсттæм.