Æххуыс:Нысаниуджытæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Нысаниуджыты фарс æвдисы ахæм уацтæ, кæцытæн ис æмхуызон нæмттæ.

Цæвиттон, ныхас «Ир» гæнæн ис бамбарын бирæ хуызы: Ирыстон, Ирон адæм кæнæ Хуссар Ирыстоны телеуынынад. Фæлæ Википедийы гæнæн ис æмæ уа æрмæст иу уац «Ир» номимæ. Уый скъуыддзаг кæнынæн архайынц нысаниуæгимæ нæмттæй. Уæд «Ир»-мæ цы уацтæ хауынц, уыдон ис гæнæн схонын Ир (паддзахад), Ир (адæм) æмæ Ир (телеуынынад). Фæлæ, кæд архайæг Ирыстон уæддæр «Ир»-æй агура, уæд исты хъæуы рымысын цæмæй архайæг раст уацмæ бахауа. Æмæ уыцы исты у нысаниуджыты фарс. Ацы цæвиттонмæ гæсгæ Ир хъуамæ уа нысаниуджыты фарс.