Цæгат Ирыстоны чысылдæр ГЭС-тæ
Внешний вид
Цæгат Ирыстоны чысылæр ГЭС-тæ — сæ хъомыс 25 МВт къаддæр кæмæн у, ахæм гидроэлектростанцæтæ Цæгат Ирыстоны территорийыл. Хæххон рельефы фæрцы Цæгат Ирыстонæн ис егъау гидроэнергийы потенциал — 22,7 млрд кВт·с. Уыцы потенциалæй пайда кæнынц цалдæр чысылдæр æмæ растæмбис электростанцæйы (растæмбистыл нымад сты Эзмийы ГЭС Теркыл — 45 МВт æмæ Зæрæмæджы ГЭС-ты комплекс Æрыдоныл — проектмæ гæсгæ 352 МВт).
Æппæт республикæйы чысылдæр ГЭС-ты иунæг хицау (Павлодольскæйы ГЭС-ы йеддæмæ) у акционерон æхсæнад «ГидроОГК».
Кусгæ чысылдæр ГЭС-тæ
[ивын | Бындур ивын]- Джызæлдоны ГЭС, 22,9 МВт. Скуыста 1934-æм азы.
- Дзæуджыхъæуы ГЭС, 9,2 МВт. 1948-æм аз.
- Фæснæлы ГЭС, 6,4 МВт. 2008-æм аз[1].
- Павлодольскæйы ГЭС, 2,64 МВт. 1965-æм аз.
- Бехъаны ГЭС, 0,54 МВт. 1945-æм аз.
- Къора-Урсдоны ГЭС, 0,63 МВт[2]. 2000-æм аз.
Аразынц ма
[ивын | Бындур ивын]- Фыййагдоны ГЭС, 5 МВт.
- Айгомæджы доны ГЭС, 6,5 МВт.
- Мæздæджы ГЭС, 7,5 МВт.
- Æрæфы бассейны 17 чысылдæр ГЭС-ы, сæ иумæйаг хъомыс 240 МВт кæмæн уыдзæни, ахæм.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 7 мартъийы. Архив 2009-æм азы 10 мартъийы.
- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 7 мартъийы. Архив 2012-æм азы 19 майы.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Цæгат Ирыстоны ГЭС-тæ «РусГидро»-йы сайты Архивгонд æрцыдис 19 майы 2012 азы.
- Æрæфы чысылдæр ГЭС-тæ(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- Фыййагдоны ГЭС(æнæбаххæсгæ æрвитæн)