Хисаря
Сахар | |||
Хисаря | |||
---|---|---|---|
болг. Хисаря | |||
|
|||
42°30′09″ с. ш. 24°42′12″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Болгари | ||
Облæст | Пловдивы облæст | ||
Хъæубæстæ | Хисаря | ||
Истори æмæ географи | |||
Фæзуат |
|
||
Сахатон таг | UTC+2:00, сæрды UTC+3:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ |
|
||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +359 337 | ||
Посты индекс | 4180 | ||
hisar.bg | |||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Хисаря (болг. Хисаря) у Болгарийы Пловдивы облæсты сахар, йе ’мном хъæубæстæйы административон центр. Цæрджыты нымæц у 7997 адæймаджы (2008 азы декабры).
Хорз бæстыхъæд æмæ суардæттæ адæмы сæхимæ ластой рагзаманæй. Нæ эрæйы агъоммæ V-IV æнусты уыцы бынаты уыди фракиаг хъæу. Уыцы хъæуæй баззадысты хæлддзæгтæ. Ромæгтæ Фраки куы байстой 46-æм азы, уæд суадæтты цур сæвæрдтой ног цæрæнуаты бындур. 293 азы император Диоклетиан цæрæнуатæн радта сахары статус, æмæ уæдæй ромæгтæ сарæзтой фидар æмбонд — йæ бæрзæнд уыд 13 метры онг. Сахар хуынди, цытуарзæг императоры кадæн, Диоклетианопол.
Чырыстон дин Ромы паддзахадон дин куы сси, уæд Диоклетианапол дæр сси ахсджиаг чырыстон артдзæст, алчеры бадæн. Уыцы заман (IV-V æнустæ) уыд Фракийы провинцийы æртыккаг стырдæр сахар — Филипопол (ныры Пловдив) æмæ Бероейы (Стара-Загорæ) фæстæ.
Политикон ситуаци
[ивын | Бындур ивын]Хъæубæстæйы кмет (хицау) у Георги Пирянков (хъæппæрисджын комитет) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.