Сефеви, Навваб
Навваб Сефеви | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1924-æм азы 9 октябры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1956-æм азы 18 январы (31 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | клирик, политик |
Викикъæбицы медиа |
Сейед Навваб Сефеви (перс. سید نواب صفوی), йе ’цæг ном у Моджтаба Мир-лухи (перс. مجتبی میرلوحی; райгуырдис 1924-æм азы — амардис 1956-æм азы) — Ираны пысылмон фундаменталист, Исламы Федаинтæ, зæгъгæ, уыцы къорды бындурæвæрæг æмæ фæтæг. Азымджын æй кодтой сахы режимы ирайнаг политиктæ æмæ æфсæддон службæгæнджыты амарынæй.
Моджтаба Мирлохи райгуырдис Тæхраны провинцийы 1924-æм азы. Авдаздзыдæй бацыди Хаким Низамийы номыл скъоламæ, стæй ахуыр кодта Ирачы сахар Наджафы, куыста Хузестаны нефтамалгæнæн куыстуаты.
1943-æм азы балымæн ис Пысылмон революцийы фидæны идеолог Рухолла Хомейниимæ. 1946-æм азы бындур æрæвæрдта, Исламы Федаинтæ, зæгъгæ, уыцы организацийæн. Сефевийы боевиктæ кæй амардтой, уыдоны ’хсæн сты историк æмæ фыссæг Ахмад Касрави, политиктæ Абдулхоссейн Хаджир æмæ Хаджи-Али Размара.
1951-æм азы 3 июны, Сефевийы уæлæ сылгоймаджы дарæс уыди, афтæмæй йæ æрцахстой пъæлицæйæгтæ. Тæрхонгæнæн процесс цыди 4 азы æмæ уыцы рæстæджы дæргъы Сефевийы хъузæттæ арæзтой йæ фарс хæцæн акцитæ. Навваб Сефевийæн рахастæуыд фехсыны тæрхон. Æххæстгонд æрцыд 1956-æм азы 18 январы.
Фæстаг азты Ираны паддзахадон хабархæссæг фæрæзтæ æвдисынц Сефевийы куыд, йæ политикон цæстæнгасты охыл удхарæй чи фæмард, ахæм шахиды. Тæхраны йæ ном хæссы централон уынгтæй иу.