Перейти к содержанию

Рейн

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Рейн
нем. Rhein, фр. Rhin, нидерл. Rijn
Кæм кæлы Герман, Швейцари, Лихтенштейн, Франц, Люксембург, Бельги, Нидерландтæ
Гуырæн Альпæтæ
Донæфтæн Цæгат денджыз
Рейны картæ
Рейны картæ
Бассейн Цæгат денджыз
Цæугæдæнтты бассейн Неккар, Майн, Вуппер, Иттер, Дюссель, Рур (рахизырдыгæй); Ааре, Мозель, Маас (галиуырдыгæй)
Дæргъ 1 233 км
Бассейны фæзуат 185 000 км²
Цæугæдоны уырдыг 1,96 м/км
Гуырæны бæрзæнд 2 345 м
Донæфтæны бæрзæнд м
Доны хардз 2 330 м³/с
Фарс ВикиКъæбицы

Рейн (нем. Rhein, фр. Rhin, нидерл. Rijn) у цæугæдон Ныгуылæн Европæйы. Йæ дæргъ у 1 233 км. Бассейны фæзуат 185 000 км². Рейны бындурон фæрсагдæттæ сты: рахизырдыгæй — Неккар, Майн, Вуппер, Иттер, Дюссель, Рур; галиуырдыгæй — Ааре, Мозель, Маас.

Доны астæуккаг хардз дæллаг гуылфæны у 2 330 м³/с. Рейны донвæд наудзон у 952 км уæлæмæ суанг Базелы уонг.

Рейны былы бындурон сахартæ сты (дæлæйæ уæлæмæ): Арнем (Нидерландтæ), Дюссельдорф, Кёльн, Бонн, Майнц, Мангейм, Вормс (Герман), Страсбург (Франц), Базель (Швейцари).

Рейны æмæ Мозелы баиу Кобленцы