Пердомо, Хосе
| |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Иумæйаг информаци | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1965-æм азы 5 январы[1] (59 азы) |
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 186 см | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | æрдæгхъахъхъæнæг | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
|
Хосе Батлье Пердомо Тейшейра (исп. José Batlle Perdomo Teixeira; райгуырдис 1965-æм азы 5 январы, Сальтойы) — кæддæры уругвайаг футболист, хъазыдис куыд æрдæхъахъхъæнæг Уругвайы иугонд командæйы сконды.
Клубон карьерæ
[ивын | Бындур ивын]Хосе Пердомо йæ футболисты карьерæ райдыдта клуб «Пеньяролы». 1987-æм азы октябры кæрон уый хъазыдис Либертадоресы хъалацы финалы æртæ хъазты[2][3]. 1989-æм азы ацыдис Италимæ, хъазыдис дзы клуб «Дженоа»-йы. 1990-æм æрдæг уыд англисаг клуб «Ковентри Сити»-йы хъазджытæй иу, фæстæдæр та ацыдис Испанимæ.
1993-æм азы уругвайаг хъазæг раздæхтис «Пеньяроль»-мæ, 1995-æм азы райстой йæ «Басаньес»-мæ (уый дæр Уругвайы), уым та йæ карьерæ фæци.
Иугонд командæйы мидæг карьерæ
[ивын | Бындур ивын]Хосе Пердомо фыццаг хатт хъазыдис иугонд командæйы 1987-æм азы Америкæйы хъалацы Аргентинæйы. Уый хъазыдис Аргентинæйы ныхмæ æрдæгфиналы æмæ финалы — Чилийы ныхмæ (куыд командæ-чемпион, Уругвай хъалацы архайдта финалæй райдайгæ).
Фæстæдæр уый хайад райста Америкæйы хъалацы 1989-æм азы æмæ дунейы чемпионаты 1990-æм азы (уый цыдис Италийы).[4].
Æнтыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Уругвайы æртæ хатты чемпион: 1985, 1986, 1993
- Либертадоресы хъалацы хицау: 1987
- Америкæйы хъалацы хицау: 1987
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ José Perdomo // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
- ↑ CA Peñarol 2:1 América de Cali(англ.). — worldfootball.net. Датæ: 21 июня 2018.
- ↑ CA Peñarol 1:0 aet América de Cali(англ.). — worldfootball.net. Датæ: 21 июня 2018.
- ↑ Copa América 1989(англ.). — rsssf.com. Датæ: 21 июня 2018.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Профиль // National Football Teams (англ.)
- Профиль // worldfootball.net (англ.)