Перейти к содержанию

Мыхуыркæнынад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Китайаг гæххæтын æхца 1215-1216: мыхуыргонд дæс бронзæйæ конд хицæн литерæты æххуысæй
Гутенберджы тæрх (къопи) Калифорнийы мыхуыркæнынады музейы
Европæйы цас чиныджы ныммыхуыр кодтой хицæн литерæты наборæй (movable type), 1450-1800 [1]

Мыхуыркæнынад (цыбырæй фæзæгъынц мыхуыр дæр) у механикон æгъдауæй дзырдтæ æмæ нывтæ гæххæттыл равæрыны процесс. Мыхуырæй цæуынц чингуытæ æмæ газеттæ.

Дуне бынтондæр чи аивта, ахæм æрымыстытæй иу у мыхуыркæнынад. Уый ссис, идейæтæ æмæ зонындзинæдтæ парахат чи кодтаид, ахæм хъомысджындæр фæрæз.

Мыхуыркæнынад зындгонд у VIII æнусæй, фыццаг мыхуыр кæнын райдыдтой Китай æмæ Корейы цæрджытæ.

Мыхуыркæнынад фæзындис Европæйы æрмæстдæр XV æнусы. Ссис асламдæр æмæ тагъддæр, Иоганн Гутенберг уыцы процесс куы фæхуыздæр кодта, уæдæй фæстæмæ.

Мыхуыры фæрцы канд зонындзинæдтæ нæ парахат кодтой, фæлæ ма идеологитæ дæр. Мыхуыры капитализмы фæрцы фæзындысты нырыккон нацитæ æмæ национализм[2]. Адæм фылдæр пайда кæнын байдыдтой сæ бынæттон æвзæгтæй — уый размæ та фыстой фылдæр латинагау (Европæ куы райсæм), кæнæ æндæр стыр классикон æвзæгтыл: араббагау, китайагау.

Ирон æвзагыл фыццаг мыхуыргонд чиныг рухс федта 1798-æм азы Мæскуыйы. Уый уыдис дыууæ æвзагыл фыст «Цыбырæй катехизис» славяйнаг дамгъæтæй[3].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Buringh, Eltjo and van Zanden, Jan Luiten 2009. Charting the “Rise of the West”: manuscripts and printed books in Europe, a long-term perspective from the sixth through eighteenth centuries. The Journal of Economic History 69, 2, p417, table 2.
  2. Андерсон, Бенедикт. Воображаемые сообщества: размышления об истоках и распространении национализма / Пер. с англ. В. Г. Николаева под ред. С. П. Баньковской; вступ. ст. С. П. Баньковской. — М.: Кучково поле, 2016. — 416 с. ISBN 978-5-9950-0421-9
  3. Козырева Т. З. Язык первой осетинской печатной книги

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Баренбаум И. Е., Шомракова И. А. Всеобщая история книги. — СПб., 2005.
  • Владимиров Л. И. Всеобщая история книги: Древний мир, Средневековье, Возрождение. — М., 1988.
  • История книги / Под ред. А. А. Говорова, Т. Г. Куприяновой. — М., 2001 (первое издание: М., 1999).

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]