Качиньский, Лех
Лех Качиньский | |
---|---|
пол. Lech Kaczyński | |
| |
2005-æм азы 23 декабры — 2010-æм азы 10 апрелы | |
Раздæр чи уыд | Александр Квасьневский[d] |
Фæстæдæр | Бронислав Коморовский |
2002-æм азы 18 ноябры — 2005-æм азы 22 декабры | |
Раздæр чи уыд | Wojciech Kozak[d] |
Фæстæдæр | Mirosław Kochalski[d] |
1991 — 1993 | |
2000-æм азы 12 июны — 2001-æм азы 4 июлы | |
Раздæр чи уыд | Ежи Бузек[d] |
Фæстæдæр | Stanisław Iwanicki[d] |
1989 — 1991 | |
1991-æм азы 25 ноябры — 1993-æм азы 31 майы | |
Райгуырдис |
1949-æм азы 18 июны[1][2][…] |
Амардис |
2010-æм азы 10 апрелы[1][2][…] (60 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Мыггаг | Качиньские герба Помян[d] |
Фыд | Раймунд Качиньский |
Мад | Ядвигæ Качиньская |
Æмкъай | Мария Качиньская |
Сывæллæттæ | чызг: Мартæ |
Парти | |
Ахуырад | Варшавæйы университет |
Ахуырадон къæпхæн | хабилитаци[d][4] (1990-æм азы 1 январы) |
Професси | юрист |
Дин | католикон еклези[d][5] æмæ католицизм[5] |
Къухæрфыст | |
Сайт | president.pl/en/ |
Кæм куыста | |
Викикъæбицы медиа |
Качи́ньский Лех Алекса́ндр (пол. Lech Aleksander Kaczyński; райгуырдис 1949-æм азы 18 июны Варшавæйы, Польшæйы — амардис 2010-æм азы 10 апрелы Смоленсчы облæсты, Уæрæсейы) — польшæйаг юрист æмæ политик, Варшавæйы мэр (2002—2005), 2005-æм азы октябрæй йæ амæлæты онг уыдис Польшæйы президент.
13 азы йыл куы цыдис, уæд 1962-æм азы йæ фаззон æфсымæр Ярославимæ ахъазыд сæйраг ролтæ сывæллæтты популярон фильмы «Мæй чи аскъæфта, уыцы дыууæйы тыххæй» (пол. O dwóch takich, co ukradli księżyc).
Ахуыр кодта Варшавæйы университеты юридикон факультеты, 1972-æм азы дзы райста магистры къæпхæн. 1979-æм азы бахъхъæхъæдта докторы диссертацы Гданьсчы университеты, уым куыста профессорæй 1990-æм азæй фæстæмæ.
1977-æм азæй фæстæмæ уыдис оппозициимæ баст, куыста профцæдис «Солидарность»-ы.
Йæ фаззон æфсымæр Ярославимæ 2001-æм азы сарæзта ног парти — «Бар æмæ рæстдзинад». Фæдылдзу азы рамбылдта Варшавæйы мэры бынатмæ æвзæрстыты. Йæ администрацийы уынаффæтæй иу уыдис йæ партийы хъæппæрисæй Варшавæйы фæзтæй иуæн Джохар Дудаевы ном радтын (2005-æм азы мартъийы).
2005-æм азы октябры æвзæрст æрцыдис Польшæйы президенты бынатмæ.
2010-æм азы 10 апрелы, Смоленскмæ тæхгæ-тæхын, йæ 1990-æм азы уагъд президентон хæдтæхæг асастис, куыд æнхъæл у, мигъы аххосæй. Хæдтæхæджы цы 97 адæймаджы уыдис, уыдон æппæтæй амардысты, семæ Лех Качиньский дæр[6].
Качиньскийы амæлæты фæстæ йæ хæстæ æххæст кæны Бронислав Коморовский, 1954-æм азы гуырд Польшæйы Сеймы сæрдар.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Internet Movie Database (англ.) — 1990.
- ↑ 2,0 2,1 Lech Kaczyński // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ Polish Science
- ↑ 5,0 5,1 https://www.prezydent.pl/kancelaria/archiwum/archiwum-lecha-kaczynskiego/tym-ktorzy-odeszli/katastrofa-samolotu-kronika-wydarzen/uroczystosci-pogrzebowe-w-krakowie,24841
- ↑ http://mchs.gov.ru/emergency/detail.php?ID=31710& Архивгонд æрцыдис 1 июлы 2012 азы. (уырыс.)