Касимов
Сахар | |||||
Касимов | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Касимов | |||||
|
|||||
54°57′ с. ш. 41°23′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Рязаны облæст | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1152 | ||||
Раздæры нæмттæ | Городец Мещёрский | ||||
Фæзуат | 31,6 км² | ||||
Центры бæрзæнд | 130 м | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↘29 240[1] адæймаджы (2020) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 49131 | ||||
Посты индекс | 391300 | ||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Каси́мов (уырыс. Касимов) у сахар Рязаны облæсты. Раздæры нæмттæ: Городец Мещёрский. Сахар у Касимовы районы административон центр. Цæрджыты нымæц: 31,5 мин (2015).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Сахары бындур сæвæрдта 1152-æм азы кънйаз Юрий Долгорукий, сахарæн радта ном Городец Мещёрский, зæгъгæ. Уæд уыдис Владимир-Суздалы кънйазады арæнгæсты фидар. 1376-æм азы сахар æрцыдис пырх Зæрин Ордайы лæбурдæй, фæлæ рæхджы уыцы бынаты сывзæрд ног сахар. 1471-æм азы агъоммæ йæ ном хуындис Ног Дæллаг Сахар.
1452-æм азæй 1681-æм азы онг Касимов уыдис Касимовы ханады сæйраг сахар. Вассалон тæтæйраг ханад куыд уырысы зæххы астæу сæвзæрди, уый тыххæй цалдæр теоритæ ис.
XVII æнусы Касимовы уыдис æртæ хайы: Тæтæйраг слободæ, Ямская слободæ æмæ Марфина слободæ.
Касимовы ма баззадысты мæзджыт 1467, хантæ Сах-Али (1556) æмæ Авган-Мухаммады мавзолейтæ, чырыстон аргъуантæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Численность населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2020 года . Датæ: 2020-æм азы 17 октябры. Архив 2020-æм азы 17 октябры.
Интернеты фæрстæ
[ивын | Бындур ивын]- Сахары сайт Архивгонд æрцыдис 20 октябры 2005 азы. (уырыс.)
- Касимовы сахары къамтæ Архивгонд æрцыдис 9 мартъийы 2005 азы.
- Сахар æмæ йæ гербы истори