Испайнаг ном
Куыд æндæр католиктæн, афтæ испайнæгтæн дæр ис бирæ нæмттæ дæттыны традици. Зæгъæм, поэт Рубен Дариойæн æцæгæй дыууæ номы уыди — Феликс Рубен (Félix Rubén).
Испайнаг традицимæ гæсгæ æххæст номы мидæг фыссынц æрмæст фыды мыггаг нæ, фæлæ мады мыггаджы ном дæр. Мойджын сылгоймæгтæ уыцы дыууæ мыггаджы фæстæ афтæуынц сæ лæджы мыггаг дæр (de раздзырдимæ, ирон гуырынон хауæны аналог). Зæгъæм, Никарагуæйы ус-президент Виолетæ Чаморройы æххæст ном у Виолетæ Барриос Торрес де Чаморро (Violeta Barrios Torres de Chamorro), ома йæ фыд Барриосы мыггагæй уыд, йæ мад — Торресы мыггагæй, йæ лæг та — Чаморройы мыггагæй. Уый тыххæй иуæй-иу газетты фыссынц æй Виолетæ де Чаморро, Виолетæ Барриос де Чаморро æмæ афтæ дарддæр. Раздзырд де иуæй-иу хатт аппарынц, сылгоймагæн йæ лæгимæ бастдзинад бахахх кæнын куы фæнда, уæд — Виолеттæ Чаморро[1][2], стæй Аргентинæйы президент Хуан Пероны дыууæ усы: Евæ Перон æмæ Исабель Перон.
Иуæй-иу сылгоймæгтæн разыны уымæй дæргъвæтиндæр мыггæгтæ. Зæгъæм, Хоуп Портокарреро Дебайле де Сомосæ де Бальдокки йе ’ххæст номы фæстаг мыггаг райста, дыккаг хатт моймæ куы цыди, уæд.
Никарагуæйаг революционер Карлос Фонсека Амадор, бонджын лæг Карлос Амадоры æддæкъайадон фырт, йæ мады цытæн йæ мыггаг фыды мыггагæй раздæр фыста. Уымæй зындгонд фæци куыд Карлос Фонсека (испайнаг текстты цыбыргондæй фыссынц иу ном æмæ æрмæст фыды мыггаг).
Фыд æмæ мады мыггæгты ’хсæн иуæй-иу хатт фыссынц бæттæг y «æмæ»: Хосе Ортега-и-Гассет (José Ortega y Gasset). Фæлæ уый нымад у зæронд традицийыл.
Йæ мады мыггаг кæмæн æнахуырдæр у, уыдон иуæй-иу хатт уыцы мыггагæй зындгонд свæййынц. Зæгъæм, поэт Федерико Гарсиæ Лоркæ зындгонд у куыд Федерико Лоркæ (Гарсиæтæ æгæр бирæ куы сты) æмæ Испанийы премьер-министр Хосе Луис Родригес Сапатеро — куыд Сапатеро (Родригестæ дæр тынг бирæ сты Испанийы).