Дарио, Рубен
Рубен Дарио (исп. Rubén Darío, æххæстæй йæ ном уыд Félix Rubén García Sarmiento; 18 январы 1867 — 6 февралы 1916) уыд Никарагуæйы поэт, зындгонд журналист æмæ дипломат, испайнаг модернизмы бындурæвæрæг.
Цардафыст[ивын | Бындур ивын]
Уый райгуыры Метапæйы, Никарагуæйы чысыл сахары (йæ ныртæккæйы ном у Сьюдад-Дарио), коммерсанты бинонты ’хсæн. Рубен кæсын базыдта 3-аздзыдæй, æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 12-аздзыдæй (зындгонд у, 1879-æм азы кæй ныффыста, уыцы сонет).
Уый бирæ балц кодта Централон æмæ Хуссар Америкæйы, бирæ азты дæргъы царди Парижы.
Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]
Йæ зындгонддæр чингуытæ сты «Sinfonia en gris mayor», «Sonatina», «Cancion de otono», «Azul», «Cantos de vida y esperanza» æмæ æндæртæ. Йæ политикон æмдзæвгæтæ систы сандинистты пропагандæйы хотых, хуымæтæг адæм разæнгард кодтой америкаг империализмы ныхмæ.