Ингилойæгтæ
Внешний вид
Ингилойæгтæ (гуырдз. ინგილოები) сты, Азербайджаны чи цæры æмæ гуырдзиаг æвзаджы ингилойаг диалектыл чи дзуры, гуырдзиаг адæмы уыцы субэтникон къорд.
XX æнусы райдианы ингилойæгты нымæц уыди 3 мины, 1999-æм азы та, Азербайджаны цы сфыст уыди, уый бæрæггæнæнтæм гæсгæ сæ нымæц у 14900 (сфысты хыгъд æрцыдысты куыд гуырдзиæгтæ).
Цы дин кæнынц, уымæ гæсгæ дих сты чырыстæттæ æмæ суннитон пысылмæттыл. Фыццæгтæ компактонæй цæрынц ацы хъæуты: Ках-Ингилой, Беюк Алатемир, Ках-Баш, Алибекли, Мешабаш, Зегем, Халаф-Тала, Гарамеша æмæ Гымыр Гахы районы, дыккæгтæ — хъæутæ Алиабад æмæ Мосулы (Загаталы район) æмæ Ититалайы хъæуы (Балакены район).