Загрос
Загрос | |
---|---|
Кæм ис | |
30°57′ с. ш. 51°26′ в. д.HGЯO | |
Ран | Иран |
Характеристикæтæ | |
Фæзуат | 533 512 км² |
Дæргъ | 1600 км |
Бæрзонддæр цъупп | Дена |
Цъуппы бæрзæнд | 4409 м |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Загрос (перс. رشتهكوههای زاگرس) у нырыккон Ираны тæккæ стырдæр хæххон системæ. Йæ иуæй-иу къæдзæхкъабæзтæ æххæссынц Ирачы территоримæ.
Географи
[ивын | Бындур ивын]Загрос адæргъ ис 1500 километрæй фылдæрыл — провинци Курдистаны (Ирачы арæнгæрон) суанг, Ормузы донкъубалмæ, цыран Раззаг Ази æмæ Араббы æрдæгсакъадахы ’хсæн æрмæст 50 км. Хæхтæ айтыгъд сты цæугæдон Тигры дон-дон, стæй Персайнаг бакæлæны æмдæргъ. Загросы бæрзонддæр хох у 4400 метры бæрзæндæн æмæ æрбынат кодта сахар Исфаханмæ хæстæг. Ширазæй хуссардæр загросаг хæхтæ рæстæмбис нымадæй сты уыцы цъуппæй 1000 метры ныллæгдæр.
Геологи
[ивын | Бындур ивын]Геологион æгъдауæй Загрос у, Пиренейтæ, Альпæтæ, Карпаттæ, Балканы хæхтæ æмæ Эльбурсау миоцены чи фæзынди, ахæм æвзонг даргъджын хæхты системæ. Скæсæны Загросæй уыцы евразиаг рагъ дарддæр кæнынц Гиндукуш, Каракорум æмæ Гималайтæ. Ацы рагъ цы облæстытыл цæуы, уыдонæн сæ фылдæры арæх сты зæххæнкъуыстытæ.