Перейти к содержанию

Данте Алигьери

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Данте Алигьери
итал. Dante Alighieri
Гуырæн ном итал. Dante da Alaghiero degli Alaghieri[1]
Райгуырды датæ 1265(1265)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1321-æм азы 14 сентябры[1][2]
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз прозаик, поэт
Сфæлдыстады азтæ 12921321
Уацмысты æвзаг рагон италиаг, латинаг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Да́нте Алигье́ри (итал. Dante Alighieri, æххæст ном у Дуранте дельи Алигьери; райгуырдис 1265-æм азы — амардис 1321-æм азы æхсæвы 13-æм сентябрæй 14-мæ) — италиаг поэт, хъуыдыгæнæг, литературон италиаг æвзаджы бындурæвæрджытæй иу, политикон архайæг. Ныффыста «Комеди» (фæстæдæр æй Боккаччойы руаджы райдыдтой хонын «Алæмæттаг» («Божественная»), уым равдыста рагон астæузаманы культурæйы синтез.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Флоренцийы

[ивын | Бындур ивын]

Бинонты таурæгъмæ гæсгæ, Дантейы фыдæлтæ рацыдысты ромаг Элизейты мыггагæй, уыдон хайад истой Флоренцийы бындурæвæрæрды. Каччагвида, Дантейы фыдæл, иста хайад Конрада III-ы дзуары балцыты (1147—1149) æмæ амард пысылмæттимæ тохы. Каччавидайы банойнаг уыд ломбардиаг бинонтæй Альдигьери да Фонтана. Ном «Альдигьери» фæивта «Алигьери»-мæ; афтæ схуыдтой Каччагвидайы фырттæй иуы. Уыцы Алигьерийы фырт, Беллинчоне, Дантейы фыды фыд, уыд æрвыст Флоренцийæ гвельфты æмæ гибеллинты тохы рæстæджы. Йæ райгуырæн сахармæ раздæхт 1266-æм азы, Манфред Сицилиаг фембылды фæстæ Беневентойы. Алигьери II, Дантейы фыд, куыд зыны афтæмæй нæ иста хайад политикон тохы æмæ баззад Флоренцийы.

Данте Кардуччойы виллайы фрескайыл Андреа дель Кастаньо (1450, Галерея Уффици)

Дантейы райгуырæнбон бæлвырд нæу. Бокаччомæ гæсгæ, Данте райгуырдис 1265-æм азы майы. Данте йæхæдæг дзырдта (Комеди, Дзæнæт, 22) æмæ райгуырд Фаззæтты нысаны бын, уый 1265-æм рæстæджы уыд 18 (22)-æм майæ 17 (21) июны онг. Нырыккон ратæдзæнты арæхдæр фыссынц æмæ Данте райгуырд 1265-æм азы майы дыккаг æмбисы. Зындгонд у æмæ Данте аргъауд уыд 1266-æм азы 24 мартъийы Дуранте номæй. Дантейы фыццаг зондамонæг уыд уыцы заманы зангонд поэт æмæ ахуыргонд Брунетто Латини. Данте цы бынаты ахуыр кодта, уый бæлвырд нæу, фæлæ райста парахат зонынæдтæ куыд антикон, афтæ æстæузаманы литерæтурæйы дæр, æрдзон зонынæдты. Зонгæ уыд уæды заманы еретикон ахуырадимæ. Дантейы æввахсдæр æмбал уыл поэт Гвидо Кавальканти. Йæ номыл Данте ныффыста бирæ ’мдзæвгæтæ æмæ пьесæ «Ног царты» фрагменттæ.

Фыццаг хатт Дантейы тыххæй куыд æхсæнадæмон архайæгыл сдзырдтой 1296-æм æмæ 1297-æм æзты, 1300-æм кæнæ 1301-æм азы та йæ равзæрстой приорæй. 1302-æм азы Данте æрвыст æрцыд Флоренцийæ, цы партийы иста хайад (урс гвельфтæ), уыимæ. Никуыуал федта йæ райгуырæн сахар æмæ амард æрвысты.

Æрвысты æзтæ

[ивын | Бындур ивын]
Дантейы цырт 1865-æм аз, Флоренци. Скульптор Э. Паццийы куыст

Æрвысты æзтæ Дантейæн ацыдысты хæтæны. Уыцы рæстæгмæ уыдис лирикон поэт тосканон поэтты «ног стилы» æхсæн — Чино Пистойæ, Гвидо Кавальканти æмæ æнд. Йæ «La Vita Nuova (Ног цард)» фыстгонд уыд; æрвыст æй сарæзта тызмæг æмæ лæмбынæг. Æрхъавыд йæ «Цæл» («Convivio») ныффыссынмæ, аллегорион-схоластикон фиппаинаг цыппæрдæс канцонмæ. Фæлæ йæ нæ фæцис: ныффыстæуыд дзы æрмæст разныхас æмæ амынд æртæ канцонмæ. Нал фæцис адæмон æвзаджы тыххæй кæнæ дзырдарæхстдзинадыл латинаг трактат дæр («De vulgari eloquentia»).

Æрвысты рæстæджы цадæггай ныффыстæуыдысты Алæмæттаг Комедийы æртæ кантикы. Ривеннийы фæцис Дзæнæт фыст, æмæ Бокаччойы радзырды диссагæй ницы ис, Данте Алигьерийы мæлæты фæстæ йæ фырттæн бирæ рæстæг сæ бон кæй нæ уыд фæстаг æртындæс зарæджы ссарын, цалынмæ, таурæгъмæ гæсгæ, йæ фыртмæ Якопомæ Данте фыны не ’рбацыд æмæ йын нæ загъта, кæм сты. Дантейы хъысмæты тыххæй баззад тынг цъус бæлвырд информаци, æзты ’хсæн йæ фæд сæфы.

13161317-æм æзты ’рцардис Равеннæйы. Уырдæм æй ’рхуыдта сахары синьор Гвидо да Полента. Ам, йæ сывæлæтты, æмбæлтты æмæ табугæнджыты ’хсæн фыста Дзæнæты зарджытæ.

Дантейы цырт Равеннæйы

Сæрды 1321-æм азы Данте ацыд Венецимæ куыд Равеннæйы сæрдары минæвар, цæмæй сабырдзинад бафидар кæна Сыгъдæг Марчы республикæимæ. Фæстæмæ цæугæйæ Дане фæрынчын тæфсæгæй æмæ амард Равеннæйы æхсæвы 1321-æм азы 13-æй 14-æм сентябрмæ. Дантейы баныгæдтой Равеннæйы; Гвидо да Полента йын цы диссаджы рæсугъд мавзолей цæттæ кодта, уый ын нæ сывæрдтой. Нырыккон зæппадз (хонынц ма йæ «мавзолей») сарæзтæуыд 1780-æм азы. Данте Алигьерийы иуыл зындгонд портрет бæлвырдадæй хъуаг у.

Царды æмæ сфæлдыстады хронологи

[ивын | Бындур ивын]
  • 1265 — райгуырд.
  • 1274 — фыццаг фембæлд Беатричеимæ.
  • 1283 — дыккаг фембæлд Беатричеимæ.
  • 1290 — Беатричийы мæлæт.
  • 1292 — таурæгъ «Ног царды» («La Vita Nuova») сфæлдыстад.
  • 1298 — ракуырдта Джемме Донатийы.
  • 1300/01 — Флоренцийы приор.
  • 1302 — æрвæстæуыд Флоренцийæ.
  • 13041307 — Трактат «Цæл».
  • 1304—1306 — трактат «Адæмон дзырдарæхстдзинадыл».
  • 1306—1321 — «Алæмæттаг комедийы» сфæлдыстад.
  • 1308/09 — Париж.
  • 1310/11 — раздæхт Италимæ.
  • 13161317 — æрцард Равеннæйы.
  • 1321 — Равеннæйы минæварæй ацыд Венецимæ.
  • Æхсæвы 1321-æм азы 13-æм сентябрæй 14-æм сентябрямæ 1321 — амард Равеннæмæ фæндагыл.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 Dizionario Biografico degli Italiani (итал.) — 1960.
  2. Brozović D., Ladan T. Hrvatska enciklopedija (хорв.)LZMK, 1999. — 9272 ф.
  3. 3,0 3,1 Archivio Storico Ricordi — 1808.