Перейти к содержанию

Боккаччо, Джованни

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Джованни Боккаччо
итал. Giovanni Boccaccio
Райгуырды датæ 1313(1313)
Райгуырæны бынат Чертальдо, Флоренцийы республикæ
Мæлæты бон 1375-æм азы 21 декабры[1][2][…]
Мæлæты бынат Чертальдо, Флоренцийы республикæ
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз новеллист, поэт, дипломат, тæлмацгæнæг, биограф, мифограф, фыссæг
Сфæлдыстады азтæ 1323[3]1373[3]
Уацмысты æвзаг рагон италиаг, латинаг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Джованни Боккаччо (итал. Giovanni Boccaccio; райгуырдис 1313-æм азы Чертальдойы кæнæ Флоренцийы — амардис 1375-æм азы 21 декабры Флоренцимæ хæстæг Чертальдойы) — зындгонд итайлаг фыссæг æмæ поэт, Сæндидзæн дуджы гуманистон литературæйы зынгæдæр минæвæрттæй иу.

Боккаччо у антикон сюжеттыл фыст поэмæты автор. Уыдонæй æддæ ма ныффыста психологион уацау «Фьямметта» (1343, мыхуыры рацыди 1472-æм азы), пасторальтæ, сонеттæ, биографион чиныг «Данте Алигьерийы цард» (фыст æрцыд 1360-æм азмæ æввахс, мыхуыры рацыди 1477-æм азы).

Фыссæджы сæйраг уацмыс у «Декамерон» (1350—1353, мыхуыры рацыди 1470-æм азы). Ацы чиныг у эротикон, реалистон новеллæты æмбырдгонд. Новеллæты бæрæг зыны гуманистон идейæтæ, сæрибархъуыды, антиклерикализм, цардбæллон юмор. Фыссæг чиныджы курдиатджынæй равдыста уæды итайлаг æхсæнады æгъдæуттæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Dizionario Biografico degli Italiani (итал.) — 1960.
  2. Encyclopædia Britannica (англ.)
  3. 3,0 3,1 RKDartists (нидерл.)