Перейти к содержанию

Гуырдзыстоны президент

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гуырдзыстоны президент (гуырдз. საქართველოს პრეზიდენტი) у Гуырдзыстоны паддзахады сæргълæууæг. Гуырдзыстон 2017-æм азæй у парламентон республикæ, æмæ йæ президент уæлдайдæр церемониалон хæстæ æххæст кæны, хицауады сæрдарæн фæлдæр хъомыс ис.

Президенты æвзарынц фондз азмæ (2018-24 азты — æхсæз азмæ), дыууæ æмгъуыдæй фылдæр президент уæвæн нæй.

Гуырдзыстон Советон Цæдисæй фæиппæрд 1991-æм азы 9 апрелы. Уыцы иу аз 27 майы фыццаг президенты æвзæрстыты фæстиуæгæн Гуырдзыстоны президент сси Звиад Гамсахурдия[1].

1991-æм азы декбры — 1992-æм азы январы бæстæйы сарæзтæуыд хæстон рафæлдæхт, уый фæстæ Гуырдзыстоны сæргъы слæууыд Эдуард Шеварднадзе, фæлæ президенты бынат 1995-æм афтид баззадис. 1995-æм азы 5 ноябры ног æвзæрстыты фæстиуæгæн Э. Шеварднадзе сси Гуырдзыстоны президент, ногæй йæ равзæрстой адæм 2000-æм азы 9 апрелы. Афтæ хуынд «уардиты революцийы» фæстæ Шеварднадзейы йе ’мгъуыды кæроны агъоммæ ацæуын бахъуыди.

2004-æм азы 4 январы Гуырдзыстоны цæрджытæ президентæй равзæрстой Михаил Саакашвили[2]. 2013-æм азы бæстæйы цыппар президент сси Георгий Маргвелашвили.

2018-æм азы 28 октябры æвзæрстытæ фæуæлахиз ис Саломе Зурабишвили[3].

Гуырдзыстоны ног конституцимæ гæсгæ (2017) паддзахад парламентон уагмæ куы рацæуы, уый тыххæй президенты æвзардзысты æппæт адæм нæ, фæлæ 300 æвзарæджы, се ’рдæг парламенты уæнгтæ уыдзысты, æндæр æрдæг та — регионты минæвæртæ.

Гуырдзыстоны президентты номхыгъд

[ивын | Бындур ивын]
Президент

(годы жизни)
Къам Кæдæй куыста Кæдмæ куыста Фиппаинаг
1 Звиад Гамсахурдиа

(1939—1993)
14 апрелы 1991 31 декабры 1993 Хицауиуæг нал кодта 1992 азы 6 январæй, мидхæсты аххосæй йæ бынатæй иппæрд æрцыд
2 Эдуард Шеварднадзе

(1928—2014)
25 ноябры 1995 23 ноябры 2003 Бæстæйы сæргълæууæг 1992 азы 10 мартъийыйæ
Нино Бурджанадзе

(райг. 1964)
23 ноябры 2003 25 январы 2004 Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг
3 Михаил Саакашвили

(райг. 1967)
25 январы 2004 25 ноября 2007
Нино Бурджанадзе

(райг. 1964)
25 ноября 2007 20 январы 2008 Парламенты сæрдар уæвгæйæ президенты хæстæ æххæст кодта æвзæрстыты онг
3 Михаил Саакашвили

(райг. 1967)
20 январы 2008 17 ноябры 2013
4 Георгий Маргвелашвили

(райг. 1969)
17 ноябры 2013 16 декабры 2018
5 Саломе Зурабишвили

(райг. 1952)
16 декабры 2018 Ныры онг

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]