Гусантæ
Гусан кæнæ госан (сом. Գուսան, парф. gōsān — йе ’цæг нысаниуæг дырысæй бæлвырд нæу) — Сомихы, Парфийы, Сасанидон Ираны адæмон зарæггæнджытæ, рапсодтæ, æмрæстæджы уыдысты мимтæ æмæ актёртæ.
Этимологи
[ивын | Бындур ивын]Мери Бойсы нымадмæ гæсгæ, сомихаг ном — гусан рацыдис парфянон gōsān-æй, уый та парфянон æвзагæй рацыдис астæупарфянонмæ kōsān-ы формæйы, уырдыгæй та сомихаг æвзагмæ[1]. Рачия Ачарянмæ гæсгæ, сомих æвзаджы цы говасан дзырд фæзындис, уый ист уыдис рагон перстæй, уым транслитерацийы фæткмæ гæсгæ, йæ хуыз фæивта. Уый фæстæ историон эволюцийы бæлвырд этапыл дзырд гусан раздæхт сомихаг æвзагмæ перисаг формæйы[2].
Госантæ Парфийы æмæ Сасанидон Ираны
[ивын | Бындур ивын]Музыкæ æмæ поэзи ахстой парфянон культурæйы ахсджиаг хай. Ратæдзæнтæй нæ базыдтам парфянон госантæ куыд ахуыр кодтой, фæлæ Рагон Ираны професситæ фыдæй фыртмæ дæтгæйæ уыдысты, уый гæнæн ис æвдисы, æмæ госантæ дæр ахуырад истой сæ бинонты æмæ сæ зонынæдтæ дæттой фыдæй фыртмæ. Гæнæн ис, æмæ алкæцы феодалон мыггаджы уыдис сæхи мыггагон госан-менестрелтæ, кæдон зыдтой мыггаджы истори æмæ æгъдæуттæ, æмæ сыл зарыдысты сæ зарджыты.
Госанты æмдæвгæты æмæ уацмысты репертуар уыд алыхуызон: лирикæ, элеги, сатирæ æмæ а.д. Растдæр госантæ сæ уацмысты, Авестæйы таурæгътæм ноджы бафтыдтой цыдæртæ, нымадтой йæ парфянты историйыл, эпикон æмæ хъайтарон элементтæй йæ срæсугъд кодтой, æмæ афтæмæй уæрæх кодтой парфянты истори фыдæй фыртмæ.
Госантæн уыдис бирæ стыр привилегитæ æмæ авторитет рагонираны æхсæнады, æнæ уыдонæй иу нысаниуæгджын мадзал дæр нæ уагътой.
Госанты аивад ноджы тынгдæр рапарахат ис Сасанидты эпохæйы. Госантæй иуыл номдзыдтæй Сасанидты дуджы сæ иу уыдис Барбад.
Гусантæ Сомихы
[ивын | Бындур ивын]Динон æмæ адæмон зарджыты æмæ сæ инструменталон фæсдзыды равзæрд цæуы незаманы дугæй. Зарджытæ фæзынынц сомихаг адæмон аивады алыхуызон раныхасæй. Зæгъæм, ритуалтæ, динон æгъдæуттæ ’мæ мифологон фæлгондзтæ музыкæйы, поэзийы, кафты æмæ театры хуызы. Рагон заманы Сомихы уыдис «випасантæ» (таурæгъгæнæгтæ), фæзындысты I миназы нæ э. а, аивад æмæ музыкæйы рахизын кодтой нæуæг æмвæзмæ. VI æнусы нæ э. а. популярон музыкалон-поэтикон формæ куы фæзындис, уæд випасанты аивад йæ тæмæны бацыд. Рæстæджы цыдимæ сæ баивтой «говасатæ», кæдоны стæй зындгонд уыдысты куыд «гусантæ».
Фæстæгты аивад лæууы астæузаманон сомихаг культурæйы иуыл ахсджиагдæр разындты æхсæн, ныууагъта æнæссæугæ фæд адæмы æнкъарæнты æмæ удон царды.
Рагон Сомихы профессионалон театры аивадæн уыдис æртæ хуызы:
- дзайнарку-гусанты трагедийы театр («мæлæтыл дзурæг»), кæнæ вохбергаков;
- катакагусанты кæнæ катакергакты комедийы театр;
- гусанты-мимосты театр.
Гусанты зарджыты тыххæй фыстой рагон сомихаг литературон архайджытæ: V-æм æнусы историктæ Агафангел, Фавстос Бузанд, Мовсес Хоренаци, Егише æмæ æндæртæ. Гусанæ зардысты музыкалон инструментты фæсдзыды, арæхдæр фынгтыл, чындзæхсæвтыл æмæ зиæнттыл. Уымæй уæлдай ма кодтой эпикон зарджытæ, мифологон таурæгътæ æмæ а. д. Чырыстон еклези цыдис гусанты ныхмæ, уымæн æмæ зарыдысты зæххон уарзондзинадыл, адæмон хъайтарты фесгуыхтдзинадыл, хуыдтысты аръуаны æгъдæуттыл. XVIII—XIX æнусты гусанты фæивтой ашугтæ.